Лӕггаддзинады фембӕлдты расписани
12 февралӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 6.
10 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ӕй.
15 мин. «Иегъовӕйы кадджын кӕн хорз хъуыддӕгтӕй»a.
20 мин. «Куыд ис адӕмы ӕууӕндын кӕнӕн». Чиныгахуыркӕнынады разамонӕг иу пионеримӕ кӕнӕ арӕхстджын хъусынгӕнӕгимӕ ӕвзары статья ӕмӕ ма цалдӕр хъуыдыйы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг»-ӕй, 1998 аз, 1 сентябрь, 29—31-ӕм фӕрстӕ. Равзар рамкӕ «Цы ис саразӕн ахуыргӕнинаджы зӕрдӕ ссарынӕн» 31-ӕм фарсыл. Уый фӕстӕ зӕгъ, уӕ территорийы адӕм цы мӕнг уырнындзинӕдтыл хӕст сты, уыдонӕй иуы тыххӕй ӕмӕ ӕрныхас кӕн, адӕймаджы куыд ис баууӕндын кӕнӕн, Библи уый тыххӕй цы дзуры, ууыл.
Зарӕг № 208 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
19 февралӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 221.
13 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд. «Фарстыты асыкк».
10 мин. Бынӕттон домӕнтӕ.
22 мин. «Хъусын кӕн Иегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй»b. Хистӕр нӕлгоймаг дзуры, цӕмӕй мартъи ӕмӕ апрелы хъусынгӕнджытӕ фылдӕр хъусын кӕной, уый тыххӕй ӕмбырды цы арӕзт цӕуы, ууыл; уыимӕ уӕлдай хъӕуы бацархайын, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ лӕггад кӕной ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Фарон апрелы пионертӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй цалдӕрӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, цы циндзинад сын ӕрхаста, уый тыххӕй. Дӕ хъус ӕрдар, рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдонмӕ кӕй хъуамӕ фӕкӕсӕм, цӕмӕй немӕ хъусын кӕной, стӕй ма кӕй хъуамӕ баххуыс кӕнӕм сывӕллӕттӕн ӕмӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ суӕвынӕн. (Кӕс «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы, 2000 аз, ноябрь, «Фарстыты асыкк».)
Зарӕг № 27 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
26 февралӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 48.
10 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй февралӕн уацамынды хыгъд радтой.
15 мин. Цӕвиттонтӕ, чиныг «Базонынад» куыд ис дӕттӕн, уымӕн. Ахъуыды кодтай, мартъийы чиныг «Базонынад» куы дӕттай, уӕд ныхас куыд райдайдзынӕ, ууыл? «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы ивгъуыд азты номырты фӕстаг фӕрстӕм куы ӕркӕсай, уӕд дзы фендзынӕ цӕвиттонтӕ, куыд ис адӕймагимӕ фыццаг хатт аныхас кӕнӕн, ӕмӕ ма дзы дарддӕр ис, дыккаг бацыдӕн бындур чи ӕвӕры, ахӕм хъуыдытӕ дӕр. Уыцы номыртӕй равзар дыууӕ-ӕртӕ ахӕм цӕвиттоны (1995 аз, декабрь; 1996 аз, мартъи, июнь, ноябрь; 1997 аз, июнь; 1998 аз, мартъи — уыр.). 1996 азы ноябры номырӕй райс дыууӕ цӕвиттоны ӕмӕ равдис, куыд ис комкоммӕ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъӕн, уый. Алкӕй дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй уӕлдай тынгдӕр бацархайой искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл.
20 мин. «Ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм фатерты»c. Фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ уӕлӕмхасӕн сыфы 1—24-ӕм абзацтӕм.
Зарӕг № 64 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
5 мартъийӕ райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 81.
5 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ.
18 мин. «Иегъовӕ дӕтты хъару»d. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй бамбарын кӕной, статьяйы цы библион стихтӕ ис, уыдон.
22 мин. «Ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм фатерты». Службӕйон цӕстдарӕджы раныхас, бындуриуӕг кӕны 25—43-ӕм абзацтыл. Равзар таблицӕтӕ. Зӕгъ, уӕ территорийы статья куыд баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй.
Зарӕг № 108 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
b Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
c Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
d Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.