Лӕггаддзинады фембӕлдты расписани
14 майӕ райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 3.
6 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ӕй.
9 мин. Сӕрдмӕ цы фӕнд кӕныс? Хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ службӕйон ӕххуысгӕнӕг йӕ бинонтимӕ ныхас кӕны, сӕрды цы аразынмӕ хъавынц, ууыл. Уыдон дзурынц, конгресмӕ ӕртӕ боны дӕр кӕй ацӕудзысты, ӕххуысгӕнӕг пионертӕй кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ ма, чи зоны, отпуск дӕр райсой ӕмӕ искуыдӕм улӕфынмӕ ацӕуой. Бинонтӕ иууылдӕр разы сты, искуыдӕм куы ацӕуой, уӕддӕр теократон хъуыддӕгтӕ кӕй кӕндзысты, ома цӕудзысты ӕмбырды фембӕлдтӕм, уацамынды хайад исдзысты ӕмӕ бинонтимӕ иумӕ Библи ахуыр кӕндзысты. Уымӕй уӕлдай ма бацархайдзысты, цӕмӕй сӕ уацамынды хыгъды тыххӕй секретарӕн афоныл фехъусын кӕной, уыцы рӕстӕджы ӕндӕр искуыдӕм куы ацӕуой, уӕддӕр.
14 мин. «Конгресты рӕстӕг у циндзинады рӕстӕг!» Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас. Бамбарын кӕн, рагзаманты дӕр Иегъовӕйы адӕм стыр къордтӕй цӕмӕн ӕмбырд кодтой ӕмӕ абон дӕр ахӕм фембӕлдтӕ ахъаз цӕмӕн сты, уый. Уыцы фембӕлдты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ӕмбӕлгӕйӕ фидардӕр кӕнӕм нӕ ахастытӕ ӕмӕ нын лӕвӕрд цӕуы уырнындзинад фидаргӕнӕг хӕринаг. Зӕгъ, алкӕмӕндӕр облӕстон конгресмӕ ӕртӕ боны дӕр ацӕуын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй.
16 мин. «Алцыдӕр арӕзт цӕуы „ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауыл“»a. Ӕрдзур, конгресс бацӕттӕ кӕнынӕн цы бирӕ цыдӕртӕ фӕхъӕуы саразын, уыдонӕй иуӕй-иутыл. Зӕгъ, куыд ахсджиаг у, не ’фсымӕртӕ мах тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ фӕаразынц, уыдоны семӕ ӕмгуыст кӕнын. Ӕрдзур, конгрессӕн ӕмбӕлон аргъ кӕй кӕнӕм, уый не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон куыд у ӕвдисын ӕмӕ уӕлдай зындзинӕдтӕй нӕ бон куыд у нӕхи бахизын, ууыл.
Зарӕг № 31 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
21 майӕ райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 52.
10 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд.
17 мин. «Байхъус, ӕмӕ дӕ зонындзинӕдтыл бафта». Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ. Бамбарын кӕн, конгрессы нын цы амындтӕ радтынц, уыдон кӕй сты нӕ цардӕн ахъаз ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидаргӕнӕг хӕринаг. Зӕгъ, ахӕм программӕ бацӕттӕ кӕнынӕн цас рӕстӕг ӕмӕ цас тыхтӕ бахъӕуы, уый тыххӕй. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, алкӕй бон дӕр нӕ цы у саразын, цӕмӕй программӕйӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр фылдӕр пайда райсой. Бахахх кӕн, программӕйы райдианмӕ нӕ алчидӕр йӕ бынат цӕмӕ хъуамӕ бацахса, уый.
18 мин. «Кӕнӕм хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ раппӕлой!»b. Бамбарын кӕн, стыр конгрессы куы вӕййӕм, уӕд нӕм адӕм сӕ хъус тынгдӕр цӕмӕн фӕдарынц, уый. Сӕ хорз ныхӕстӕ ӕххуыс кӕнынц Паддзахады тыххӕй ӕвдисӕн кӕнынӕн. Исты ӕвзӕр нӕ куы фӕдзурынц, уӕд уый та адӕмы хорз уацхъуыдӕй аздахы. Зӕгъ, сӕрмагондӕй нӕ алкӕй дӕр цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй равдисӕм нӕ чырыстон миниуджытӕ, уыимӕ иннӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсӕм, уый.
Зарӕг № 105 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
28 майӕ райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 58.
13 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй майӕн уацамынды хыгъд радтой. Фарстыты асыкк.
15 мин. Бынӕттон домӕнтӕ.
17 мин. «Хуыцауы дзырд... хъаруджын у»c. Хорз бацӕттӕ кӕн дыууӕ равдысты; равдис дзы, райдианы цалдӕр ныхасы зӕгъгӕйӕ адӕмы ’ргом Хуыцауы Ныхасмӕ раздахӕн куыд ис, уый.
Зарӕг № 79 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
4 июнӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 100.
12 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ ӕмӕ цаутӕ уацамындӕй.
15 мин. «Хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй архай»d. 4-ӕм абзац куы ӕвзарай, уӕд ӕрхӕсс, 1996 азы 15 сентябры номыры «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» (уыр.) 18-ӕм фарсыл 10-ӕм абзацы цы цау ис, уый. Уыцы цау ӕвдисы, иуӕй-иутӕ фылдӕр лӕггад кӕнынӕн цы аразынц, уый.
18 мин. «Нӕ территорийыл бирӕ хӕттыты ӕрзылдыстӕм!»e. Ӕвзары йӕ службӕйон цӕстдарӕг. (Ӕмбырдӕн, арӕх кӕм нӕ фӕхъусын кӕнынц, ахӕм территори куы уа, уӕд равзарӕн ис 1998 азы апрелы номыры «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы статья «Журналтӕ хъусын кӕнынц Паддзахады тыххӕй», уырыссаг.) Ӕрныхас кӕн, цы ис саразӕн, цӕмӕй уӕ территорийы бӕстондӕр хъусын кӕнат. Ӕрхӕсс, 1997 азы «Ӕрвылазон чиныджы» (уыр.) 204-ӕм фарсыл ӕмӕ 1996 азы 15 февралы номыры «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» (уыр.) 26-ӕм фарсыл цы цаутӕ ис, уыдон. Бахахх кӕн, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ алцыдӕр лӕмбынӕг фыссӕм, хӕдзары чи нӕ вӕййы, уыдонимӕ иу хатт уӕддӕр аныхас кӕныныл архайӕм ӕмӕ адӕммӕ ӕвӕстиатӕй дыккаг хатт цӕуӕм.
Зарӕг № 142 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
b Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
c Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
d Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
e Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.