Лӕггаддзинады фембӕлдты расписани
10 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 86.
10 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ӕй.
13 мин. Бынӕттон домӕнтӕ.
22 мин. «Бӕстон куыст кӕныс?»a Хъусджытимӕ фыццаг ӕртӕ абзацыл куы ӕрныхас кӕнай, уӕд цыбыртӕй равдис журналтӕ парахат кӕнынӕн дыууӕ цӕвиттоны. Спайда кӕн 1 октябры «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ 22 сентябры «Райхъал ут!»-ӕй (уыр.). 4-ӕм абзацыл куы ӕрныхас кӕнай, уӕд равдис, чиныг «Базонынад» радтынӕн дзы цы цӕвиттон ис, уый.
Зарӕг № 124 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
17 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 92.
15 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд. «Уыдон ссарӕн ис „Индексы“». Равдис, куыд дзы ис ссарӕн цӕвиттонтӕ чиныг «Сфӕлдисӕг» дӕттынӕн.
15 мин. Ивгъуыд аз нын цы бантыст? Службӕйон цӕстдарӕджы раныхас. Ӕрныхас кӕн ӕмбырды хыгъдыл 2001 лӕггаддзинады азӕн. Хъусынгӕнджытӕй раппӕл сӕ хорз ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй. Сӕйраджыдӕр зӕгъ, ӕмбырды уӕнгтӕ фембӕлдтӕм куыд цыдысты, уацамынды цас арӕх истой хайад, Библи цал адӕймагимӕ ахуыр кодтой, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты фӕхуыздӕр кӕнынӕн радт ахъаз уынаффӕтӕ. Зӕгъ, ног азы уӕ размӕ цы хӕстӕ сӕвӕрдтат, уыдон тыххӕй.
15 мин. Фарстыты асыкк. Раныхас. Зӕгъ, уе ’мбырды уацамындон фембӕлдтӕ алы къуыри дӕр цы бонты вӕййынц, уый тыххӕй. Бамбарын кӕн, чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд у уыцы фембӕлдты хайад исын, цӕмӕй алкӕмӕндӕр баххуыс кӕной. Ӕмбырды сразӕнгард кӕн уацамындон фембӕлдтӕм цӕуынмӕ.
Зарӕг № 129 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
24 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 97.
15 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Фӕлгӕты «Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн», зӕгъгӕ, цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй дыууӕ равдис. Спайда кӕн 1 октябры «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» (уыр.) ӕмӕ 8 октябры «Райхъал ут!»-ӕй (уыр.).
30 мин. Дунейы цы ис, уый ма уарзут, фӕлӕ Хуыцауы (1 Иоан. 2:15—17). Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ ивгъуыд лӕггаддзинады азы районон конгрессы программӕйыл. Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, цы сӕйраг хъуыдытӕ базыдтой ӕмӕ сӕ сӕхӕдӕг кӕнӕ сӕ бинонтимӕ куыд спайда кодтой, уый тыххӕй. (Уый рагацау ис искӕмӕн бахӕс кӕнӕн.) Уӕлдайдӕр дӕ хъус ӕрдар программӕйы мӕнӕ ацы хӕйттӕм: 1) «Нӕ лӕггаддзинады нӕ разӕнгард кӕны, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый». Ахӕм уарзондзинад нын ӕххуыс кӕны, уацамындӕн нӕ чи хъыгдары, уыцы ӕвзӕр миниуджытӕ ныууадзынӕн, зӕгъӕм, ӕнӕныфсхастдзинад, химӕ ницӕйаг кӕсын ӕмӕ адӕмӕй тӕрсын. 2) «Иегъовӕйы чи уарзы, уыдон нӕ уарзынц фыдхъуыддӕгтӕ» (w99 1.10. 28—31 ф., уыр.). Цӕмӕй нын Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ, уый цы нӕ уарзы, уыдӕттӕ ма уарзӕм, ӕмӕ ӕрмӕст ӕргом фыддзинад нӕ, фӕлӕ зынтӕй цы фыддзинад ис рахатӕн, уый дӕр. 3) «Цӕут уарзондзинады иууыл диссагдӕр фӕндагыл» (w92 15.7. 27—30, уыр.). 1 Коринфӕгтӕм 13:4—8-ӕм стихты дзырдӕуы, иннӕты хъӕндзинӕдтӕм фӕразонӕй цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм, нӕхи хиуарзондзинадӕй, кӕрӕдзиимӕ ерыс кӕнынӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм, зианхӕссӕг дам-думтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ парахат кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы организацийыл нӕ зӕрдӕ цӕуылнӕ хъуамӕ сивӕм, ууыл. 4) «Дунейы цы ис, уымӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?» Мах хъуамӕ ма уарзӕм, дунейы цы ис, уый, нӕ буары монцты фӕдыл ма цӕуӕм, нӕ цӕстыты цыбӕлтӕ нӕ хъуамӕ ма сайой кӕнӕ нӕ хъӕздыгдзинадӕй хъуамӕ ма ӕппӕлӕм. 5) «Дунейӕ кӕй не стӕм, уый нӕ хъахъхъӕны». 2 Коринфӕгтӕм 6:14—17-ӕм стихтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ цавӕрдӕр уырнындзинӕдтӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ хъуыддӕгты аххосӕй Хуыцауы зӕрдӕмӕ мауал цӕуӕм. Мах хъуамӕ уынӕм, Хӕйрӕг нын цы къӕппӕджытӕ ӕвӕры, уыдон, ӕмӕ сӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм. 6) «Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн» (w86 15.11. 5, 6 ф., уыр.). Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ нын хӕссынц циндзинад ӕмӕ нын фидардӕр кӕнынц нӕ уырнындзинад (1 Тим. 6:17—19).
Зарӕг № 133 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
1 октябрӕй райдайгӕ къуыри
Зарӕг № 106.
10 мин. Бынӕттон хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй сентябрӕн уацамынды хыгъд радтой.
15 мин. Мӕ бон куыд у скъолайы хуыздӕр ахуыр кӕнын? Хистӕр нӕлгоймаг йӕ бинойнагимӕ кӕнӕ та службӕйон ӕххуысгӕнӕг йӕ бинойнагимӕ ныхас кӕнынц се скъоладзауимӕ. Уыдон мӕт кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сывӕллон ӕвзӕрдӕр ахуыр кӕнын райдыдта. Уыдон ӕвзарынц, чиныг «Фӕсивӕды фарстытӕ»-йы 18-ӕм сӕры (уыр.) цы ӕрмӕг ис, уый, ӕмӕ ныхас кӕнынц, сывӕллон цӕмӕй хуыздӕр ахуыр кӕнын райдайа, уый тыххӕй цы хъуамӕ араза, ууыл. Ныййарджытӕ йын йе ’ргом здахынц, куыд ахсджиаг у скъолайы хорз ахуырад райсын, цӕмӕй уый фӕстӕ йӕ бон уа ӕппӕт тыхтӕй сыгъдӕг лӕггаддзинады хайад исын.
20 мин. «Куыст дӕ хъыгдары хъусын кӕнынӕн?»b Бахахх кӕн, ахсджиаг кӕй у куыстмӕ раст ахаст дарын ӕмӕ фыццаг бынаты Паддзахады хъуыддӕгтӕ ӕвӕрын. Ӕмбырды цалдӕр бинонты хистӕрӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, куыд сын ӕнтысы сӕ бинонты дарын ӕмӕ ма сын уыимӕ сӕ уырнындзинад фидар кӕнын дӕр.
Зарӕг № 137 ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
b Дӕ разныхас статьяйы тыххӕй хъуамӕ уа цыбыр, минуты бӕрц, уый фӕстӕ йӕ равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.