Зӕххыл иууыл амондджындӕр адӕм
1 «Тӕхудиаг сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Иегъовӕ кӕмӕн у!» (Пс. 143:15, МГТ). Ацы ныхӕстӕ ӕвдисынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕххыл иууыл амондджындӕр адӕм кӕй сты. Иунӕг раст ӕмӕ удӕгас Хуыцау Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы циндзинад исӕм, уымӕй стырдӕр циндзинад нӕй. «Амондджын Хуыцау» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр сты амондджын (1 Тим. 1:11). Ахӕм стыр амонд нын чи хӕссы, нӕ кувынады уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ кӕцытӕ сты?
2 Цӕмӕ гӕсгӕ стӕм амондджын. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй амондджын уӕд уыдзыстӕм, «ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй», уый куы ӕмбарӕм (Матф. 5:3, НД). Уыцы разамынд ис ссарӕн иудадзыг Библи ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ нӕ чырыстон фембӕлдтӕм цӕугӕйӕ. Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад кӕй ахуыр кӕнӕм, уый нӕ ссӕрибар кодта дины мӕнгдзинадӕй ӕмӕ йӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕй (Иоан. 8:32). Афтӕ ма нӕ Фыстад сахуыр кодта царды иууыл хуыздӕр фӕндагыл цӕуын (Ис. 48:17). Уый фӕрцы ссардтам хорз ӕмбӕлттӕ нӕ амондджын чырыстон ӕфсымӕрады (1 Фес. 2:19, 20; 1 Пет. 2:17).
3 Махӕн тынг ӕхсызгон у, Хуыцауы хӕрзӕгъдау уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, афтӕмӕй нӕхи кӕй хъахъхъӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм (Ӕмб. 27:11). Иу газеты уацхӕссӕг фыста: «Кӕд ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бӕрӕг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц, уӕддӕр сӕм куы бакӕсай, уӕд афтӕ нӕ зӕгъдзынӕ ӕмӕ ӕнамонд сты. Уый нӕ, фӕлӕ стырӕй-гыццылӕй сты хъӕлдзӕг ӕмӕ хиуылхӕцгӕ». Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр махау амондджын суой?
4 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй амондджын суой. Дунейы ӕнамонд адӕм бирӕ ис, сӕ фылдӕр фидӕны хорзӕй ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Фӕлӕ махӕн нӕ фидӕн рухс у, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, адӕмы цыдӕриддӕр тыхсын кӕны, уыдӕттӕн иу бон сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн (Рар. 21:3, 4). Уымӕ гӕсгӕ ӕнувыдӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ агурӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты, цӕмӕй сын радзурӕм нӕ ныфсы тыххӕй ӕмӕ Иегъовӕйы ӕцӕгады тыххӕй (Иез. 9:4).
5 Иу ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг хо загъта: «Адӕмӕн Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ ӕцӕгад базонынӕн ӕххуыс кӕнынӕй ӕхсызгондӕр ницы ис». Цӕй уӕдӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй ма ноджы фылдӕр адӕмы сразӕнгард кӕнӕм Библи ахуыр кӕнынмӕ. Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уый аразынӕн зӕрдӕбынӕй ӕххуысгӕнгӕйӕ мах уыдзыстӕм иууыл амондджындӕр (Ап. к. 20:35).