Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/02 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 3/02 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Мартъийы: «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрель ӕмӕ майы: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Хъусынгӕнджытӕ хъуамӕ адӕмӕн дзурой, кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон кӕй у ӕппӕтдунеон архайдӕн мысайнаг радтын. Искӕй ӕцӕгад куы бацымыдис кӕна, уӕд ын радтӕн ис брошюрӕ «Цы домы», ӕмӕ ма бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Июны: «Хуыцау нӕ цы домы?» кӕнӕ «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Ацы брошюрӕ ӕмӕ чиныг адӕммӕ куы уой, уӕд ма сын радтӕн ис, ӕмбырды цы брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.

◼ Апрелы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон ӕй хъуамӕ ныр аскъуыддзаг кӕной ӕмӕ рагацау сӕ курдиӕттӕ бадӕттой. Уый баххуыс кӕндзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уацамындон хъуыддӕгтӕ спълан кӕнынӕн ӕмӕ журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ ӕрцӕттӕ кӕнынӕн. Ӕххуысгӕнӕг пионертӕй нысангонд чи ӕрцӕуа, уыдоны нӕмттӕ алы мӕй дӕр хъӕуы ӕмбырды фехъусын кӕнын.

◼ 2002 азы Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 28 мартъийы, цыппӕрӕмы. Уе ’мбырдӕн цыппӕрӕмы фембӕлд куы уа, уӕд ӕй хъӕудзӕн ахӕссын, Паддзахады зал сӕрибар цы бон уыдзӕн, уӕдмӕ. Ахӕм фадат уын куы нӕ уа, ӕмӕ Лӕггаддзинады фембӕлд ауадзат, уӕд уе ’мбырды домӕнтӕм программӕйӕ тынгдӕр цы пункттӕ хауа, уыдоныл ӕрдзурӕн уыдзӕн иннӕ Лӕггаддзинады фембӕлды.

◼ Филиал хъусынгӕнджыты сӕрмагонд заказтӕ литературӕйӕн не ’ххӕст кӕны. Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй ӕрвылмӕй дӕр, цалынмӕ филиалмӕ ӕрвылмӕйон литературӕйы заказ арвитой, уӕдмӕ ӕмбырды фехъусын кӕной ӕмӕ литературӕ заказ скӕнын кӕй фӕнда, уыдон сӕ заказтӕ радтой, литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрмӕ. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл дарут, сӕрмагонд курдиатмӕ гӕсгӕ цы публикацитӕ ӕрвитынц, уыдон.

◼ Литературӕ азербайджайнаг ӕвзагыл ныр цӕудзӕн латинаг алфавитыл. Хаттӕй-хатт та иуӕй-иу публикацитӕ мыхуыр цӕудзысты кириллицӕйыл.

◼ Ног публикацитӕ:

«„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда» (32-фарсон брошюрӕ, журналы йас, bsi02-1, № 6402-1) — сомихаг (скӕсӕйнаг)

«„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда» (bsi02-2, № 6402-2) — сомихаг (скӕсӕйнаг)

«Цы хъӕуы, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса?» — монгойлаг

«Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?» — болгайраг, хъазахаг

«Хуыцауы разамынд нӕ кӕны Дзӕнӕтмӕ» — азербайджайнаг (кириллицӕ)

«Чи сты Иеговӕйы Ӕвдисӕнтӕ?» — тӕтӕйраг

◼ Ног видеокассетӕтӕ:

«Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», I том, (vckl-1, предмет № 2626-1) — уырыссаг (хъусӕй ӕвзӕр чи хъусы, уыдонӕн)

«Фыдӕвзарӕнты иузӕрдион. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Советон Цӕдисы» (NTSC ӕмӕ PAL стандарт) — англисаг

◼ Нал ис:

«Теократон лӕггаддзинады скъолайы разамынд» (sg) — уырыссаг

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын