Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/02 6 ф.
  • Фыстӕг Разамонӕг советӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фыстӕг Разамонӕг советӕй
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 3/02 6 ф.

Фыстӕг Разамонӕг советӕй

Мах цӕрӕм XXI ӕнусы райдианы, ӕмӕ нӕ фӕнды сымахӕн, ӕппӕтдунеон «ӕфсымӕрадӕн», уӕ зӕрдӕбын куысты тыххӕй раарфӕ кӕнын (1 Пет. 2:17, НФ). Иу-2 000 азы размӕ Йесо бафарста: «Адӕймаджы Фырт ӕрцӕугӕйӕ, ссардзӕн уырнындзинад зӕххыл?» (Лук. 18:8). Фӕстаг лӕггаддзинады азы уӕ зӕрдӕбын куыстӕй бӕрӕг уыди, Йесойы фарстӕн разыйы дзуапп кӕй радтат! Уӕ уырнындзинады тыххӕй уӕ иуӕй-иуты ӕфхӕрдтой ӕмӕ уыл худтысты. Бирӕ рӕтты сымах бафӕрӕзтат хӕстытӕн, ӕвирхъау цаутӕн, низтӕн ӕмӕ ӕххормагдзинадӕн (Лук. 21:10, 11). Бузныг уын, хорз хъуыддӕгты зӕрдиагӕй кӕй архайдтат ӕмӕ Йесо уый фӕрцы «зӕххыл уырнындзинад кӕй ссардта». Дызӕрдыггаг нӕу, уӕларвы ууыл кӕй цин кӕнынц!

Зонӕм ӕй, фӕразын ӕнцон нӕу. Ӕркӕсӕм, не ’фсымӕртӕ ныгуылӕн Азийы бӕстӕтӕй иуы цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уыдонмӕ. Уыцы бастӕйы тынг арӕх ӕфхӕрынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты. Ӕрӕджы пъӕлицӕ фӕсырдта, конгресмӕ цы 700 делегаты ӕрцыд, уыдоны. Иннӕ 1 300 делегатӕн та сӕ бон не сси уырдӕм бацӕуын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕдтой. Конгресс кӕм цыд, уырдӕм балӕбурдта иу къорд (сӕ цӕсгӕмттӕ уыдысты ӕмбӕрзт), иуӕй-иутӕ сӕ уыдысты пъӕлицӕйӕгтӕ, ӕмӕ делегаттӕй бирӕты фӕнадтой, конгресс цы агъуысты хъуамӕ цыдаид, уый та басыгътой. Иннӕ хатт та нын динон фанатиктӕ не ’фсымӕрты тынг фӕнадтой, дыууӕрдыгӕй зӕгӕлтӕ кӕцӕй зынд, ахӕм хъилтӕй.

Ахӕм фыдракӕндтӕй зӕрдӕ баризы, фӕлӕ сӕ фыццаг хатт нӕ хъусӕм. Апостол Павел Хуыцауы удцырынӕй ныффыста: «Иуылдӕр, кӕй фӕнды хорз намысимӕ цӕрын Йесо Чырыстийы мидӕг, уыдзысты сырд» (2 Тим. 3:12). Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты дӕр ӕфхӕрдтой ӕмӕ надтой, ӕмӕ ма иуӕй-иуты маргӕ дӕр акодтой (Ап. к. 5:40; 12:2; 16:22—24; 19:9). Афтӕ уыд XX ӕнусы ӕмӕ, дызӕрдыггаг нӕу, XXI ӕнусы дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ нын Иегъовӕ дзуры: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17). Куыд тынг нӕ фидар кӕны уый! Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕйӕн афтӕ зынаргъ кӕй стӕм, уый бӕрӕг у пехуымпар Захарийы уылты загъд ныхӕстӕй: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мӕ цӕсты гагуымӕ ӕвналы» (Зах. 2:8). Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн се знӕгтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты. Раст кувынад фӕуӕлахиз уыдзӕн!

Цӕвиттон, уӕлдӕр цы бӕстӕйы тыххӕй дзырдтам, уым 2001 лӕггаддзинады азы Паддзахады хъусынгӕнджыты нымӕц дыууӕ хатты схызт ӕппӕты уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ. О, уыцы бӕстӕйы дӕр ӕмӕ иннӕ бӕстӕты дӕр не ’фсымӕртӕ, зындзинӕдтӕн фӕразгӕйӕ, дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнынц. Ӕппӕт дунейы фӕстаг лӕггаддзинады азы алы къуыри дӕр донаргъуыд истой 5 066 адӕймаджы ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой Иегъовӕйӕн нывонддзырд кӕй радтой, уый. Ныр уыцы ног хъусынгӕнджытӕ фӕндфидарӕй немӕ «лӕууынц, алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ» (Кол. 4:12, НД).

Ӕркӕсӕм ма, ӕрӕджы Грецийы цы цаутӕ ӕрцыд, уыдонмӕ дӕр. Грекъаг православон аргъуан кӕд бирӕ азты дӕргъы карзӕй ӕфхӕрдта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты, уӕддӕр сӕ абон хицауад нымайы «зындгонд диныл». Сӕ бӕстӕйы нымад кӕй сты, уый цы документ бӕлвырд кӕны, уым дарддӕр дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Грецийы Вефиль у «сыгъдӕг ӕмӕ уаз бынат, Хуыцауӕн кувынӕн». Мах ма уын ӕхсызгонӕй хъусын кӕнӕм, фӕстаг лӕггаддзинады азы тӕрхондӕтты мах пайдайӕн уынаффӕтӕ кӕй рахастой ӕмӕ уый хорзырдӕм кӕй бандӕвта нӕ архайдыл Болгарийы, Германы, Иугонд Штатты, Канадӕйы, Румынийы, Уӕрӕсе ӕмӕ Японы. Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, уыцы бӕстӕты уацамынды дуар нырма дӕр гом кӕй у, уый тыххӕй!

Ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕй бӕрӕг у, уый ӕппӕты хуыздӕр Хӕлар кӕй у. Мах тынг аргъ кӕнӕм нӕ хӕлардзинадӕн, уымӕн ӕмӕ зонӕм, уый нӕ кӕй уарзы, зонд нын кӕй амоны ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ кӕй раст кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ уырнындзинад дарддӕр дӕр фӕлвӕрд цӕудзӕн. Фӕлӕ Иегъовӕйыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн. Иаков фыста: «Стыр циндзинадимӕ исут, ме ’фсымӕртӕ, куы хауат алыхуызон фӕлварӕнты, зонгӕйӕ, уӕ уырнындзинады фӕлварӕн кӕй ӕвзӕрын кӕны фӕразондзинад» (Иак. 1:2, 3). Уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕразондзинадӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, ӕмӕ уымӕй нӕ зӕрдӕ райы! Нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл дарут, Иегъовӕ махӕй алкӕмӕндӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. Иузӕрдионӕй йыл куы баззайӕм, уӕд нын уый ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн ног дунемӕ бацӕуынӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй уыцы нысан нӕ къухы бафта.

Уӕдӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ, ма рох кӕнут фидӕны диссаджы арфӕдзинӕдтӕ. Цӕй, мах дӕр апостол Павелы бафӕзмӕм, афтӕ чи фыста: «Хъуыды кӕнын, ныры рӕстӕгмӕйы тухӕнтӕ кӕй ницы сты, мах мидӕг цы кад байгом уыдзӕн уыимӕ абаргӕйӕ» (Ром. 8:18). Цыфӕнды зын уавӕры дӕр уӕ ныфс ӕвӕрут Иегъовӕйыл. Фидар лӕуут. Афтӕмӕй фӕсмойнаг никуы фӕуыдзыстут. Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Рӕстгӕнӕг... йӕ иузӕрдиондзинады руаджы баззайдзӕн удӕгасӕй» (Авв. 2:4).

Уе ’фсымӕртӕ,

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын