Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — фӕлхат кӕнын
2002 азы 6 майӕ райдайгӕ къуырийӕ 19 августӕй райдайгӕ къуыримӕ Теократон лӕггаддзинады скъолайы цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕлхат цӕудзӕн ӕнӕ чингуытӕй. Амынд рӕстӕгмӕ хицӕн гӕххӕттыл ныффысс дзуаппытӕ, цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр.
(Бахъуыды кӕн: фысгӕ фӕлхаты рӕстӕджы фарстытӕн дзуапп дӕттынӕн ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис пайдагӕнӕн. Фарстыты фӕстӕ цы ӕрмӕг ис амынд, уымӕ хъуамӕ уӕхӕдӕг ӕркӕсат. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыгмӕ», гӕнӕн ис, фарс ӕмӕ абзац алкӕд амынд ма уой.)
Зӕгъ, ацы хъуыдытӕ раст сты ӕви нӕ:
1. Иеремийы 18:1—6 бӕрӕг у, Иегъовӕ адӕмӕн кӕй аразын кӕны, цы сӕ нӕ фӕнды, уый (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w99 1.4. 22 ф., 3, 4 абз., уыр.).
2. Мӕнг пехуымпартӕ «давтой» Хуыцауы ныхӕсты тых ӕмӕ уӕз, ома, адӕмы разӕнгард кодтой, цӕмӕй Хуыцауы раст фӕдзӕхстмӕ ма хъуыстаиккой, фӕлӕ мӕнг ныхӕстӕм (Иер. 23:30) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w92 1.2. 4 ф., 3 абз., уыр.).
3. Иеремийы 25:15, 16 ныхӕстӕм гӕсгӕ «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр... кӕмӕй ӕрра кӕнынц», уыцы «масты сӕны нуазӕн» нысан кӕны мӕнг дины зондталынггӕнӕг ӕндӕвдад (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w94 1.3. 20 ф., 13 абз., уыр.).
4. Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕйӕн райгуырдысты ӕрмӕстдӕр сӕ фыццаг дыууӕ фырты (my 5).
5. Иеремийы 37:21 нын ныфс ӕвӕры, Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн уӕззау рӕстӕджы дӕр, ӕхсызгонӕй сӕ цы хъӕуа, уымӕй сӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w97 15.9. 3 ф., 4 абз.—4 ф., 2 абз., уыр.).
6. Чиныг, Иеремийы хъарӕг, у, Вавилоны паддзах Навуходоносор н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалим кӕй ныггӕныстон кодта, ууыл зӕрдӕхалӕн хъарӕг (bsi02-1, 16 ф., 1 абз.).
7. Зӕххыл уӕйгуытӕ куы цард, уӕд зӕхх йедзаг уыд фыддзинадӕй ӕмӕ йыл иу хорз адӕймаг дӕр нӕ уыд (my 8).
8. Иезекилы 9:4 цы нысаны тыххӕй дзырдӕуы, уымӕй бӕрӕг у, адӕймаджы ӕрмӕстдӕр зонындзинӕдтӕ кӕй фервӕзын кӕндзысты (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w89 15.2. 11 ф., 18 абз., уыр.).
9. Ефесӕгтӕм 4:8 «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» сты сыгъдӕг удӕй нысангонд чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сыл ис хӕс, цӕмӕй се ’мчырыстӕтты уырнындзинад фидар кӕной (Ап. к 20:28) (w00 1.8. 6 ф., 3 абз.).
10. Иезекилы чиныджы 23 сӕр абоны дунемӕ куы ахӕссӕм, уӕд протестантизм абарӕн ис Оголивӕимӕ, католицизм та йӕ хистӕр хо Оголӕимӕ (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w89 15.2. 17 ф., 22 абз., уыр.).
Дзуапп радт дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн:
11. Цавӕр ӕртӕ зындгонд пехуымпары лӕггад кодта н. э. агъоммӕ 617 азӕй 607 азмӕ, цалынмӕ Иерусалим нӕ ныггӕныстон кодтой, уӕдмӕ цы уӕззау азтӕ скодта, уыцы рӕстӕджы? (bsi02-1, 19 ф., 2 абз.).
12. Йесойы ӕлхӕнӕг нывондӕй ӕцӕгдӕр бузныг куы уӕм, уӕд нӕ уый куыд сразӕнгард кӕндзӕн Лукайы 9:23 ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ? (w00 15.3. 8 ф., 1 абз., уыр.).
13. Исав йӕ ныййарджытӕн куыд смаст кодта иу-40 азы йыл куы цыд, уӕд? (my 17).
14. Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, куы загъта, зӕгъгӕ уӕ сыгъдӕг уд «сахуыр кӕндзӕни, ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕни, Ӕз уын цы дзырдтон, уыдон иууылдӕр»? (Иоан. 14:26, НФ) (w00 1.4. 8 ф., 7, 8 абз., уыр.).
15. Енохы хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыд? (my 7).
16. Уӕйгуытӕ цы хуызы уыдысты «тыхджын» ӕмӕ «кадджын адӕм»? (Уӕв. 6:4) (w00 15.4. 27 ф., 9 абз., уыр.).
17. Варухӕн раст цӕстӕнгас куыд нал уыд ӕмӕ мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Иер. 45:1—5) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w97 15.8. 21 ф., 14—16 абз., уыр.).
18. Кӕд ӕмӕ куыд сӕххӕст Иеремийы 50:38 фыст пехуымпарад? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс dp 150 ф., 3, 4 абз., уыр.).
19. Каинӕн ус кӕм уыд? (my 6).
20. Цы нысан кодтой Иезекилы 21:26 ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «сис дӕ сарыхъ ӕмӕ ӕрӕвӕр дӕ кады худ»? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w89 15.2. 16 ф., 16 абз., уыр.).
21. Хуыцау кӕрдӕг, ӕндӕр зайӕгойтӕ ӕмӕ бӕлӕстӕ цавӕр дыууӕ ахсджиаг аххосагмӕ гӕсгӕ сзайын кодта? (my 2).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ дзырдты къордтӕй:
22. Бонзонгӕ адӕймаг ․․․․․․․․ нӕ хизы, ӕмӕ зоны, йӕ бар ․․․․․․․․ кӕй нӕ цӕуы ӕмӕ йӕ бон ․․․․․․․․ аразын кӕй нӕу (Мих. 6:8) (w00 15.3. 21 ф., 1, 2, абз., уыр.).
23. Сыгъдӕг уд нын нӕ ․․․․․․․․ ӕмӕ нӕ ․․․․․․․․ нӕ аиуварс кӕндзӕн, фӕлӕ нын баххуыс кӕндзӕн се ․․․․․․․․ (1 Кор. 10:13; 2 Кор. 4:7) (w00 4.1. 11 ф., 6 абз., уыр.).
24. Данел Иеремийы фыстытӕй сбӕлвырд кодта, Иерусалим ․․․․․․․․ дӕргъы ӕдзӕрӕг кӕй хъуамӕ уыдаид; Иегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ нын фидар кӕны не ’ууӕнк Иегъовӕйы ․․․․․․․․ (Иер. 25:12; Дан. 9:2) (bsi02-1, 15 ф., 37 абз.).
25. Иеремийы хъарӕг ӕцӕг лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцаумӕ ․․․․․․․․ ӕмӕ йӕ разы ․․․․․․․․ уой, уыимӕ ма ․․․․․․․․ дзуры, Иегъовӕ Хуыцауы чи нӕ нымайы, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл (bsi2-1, 17 ф., 13 абз.).
26. Авраам дзырддаг фарст скъуыддзаггӕнгӕйӕ барондӕр кӕй разынд, уый нын амоны, цӕмӕй нӕ ․․․․․․․․ ӕмӕ нӕ ․․․․․․․․ уый бар ма радтӕм, ӕмӕ не ’фсымӕртӕм фӕхӕрам уӕм (Уӕв. 13:5—12) (w00 15.8. 24 ф., 3, 4 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн раст дзуаппытӕй:
27. Иов аргъ кодта Иегъовӕйы (зонындзинӕдтӕн; фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн; рӕстдзинадӕн) ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уый дӕр йе ’ххуырстытимӕ уыд (зӕрдӕзонӕг; фӕлмӕнзӕрдӕ; раст) (Иов 31:13, 14) (w00 15.3. 26 ф., 1 абз., уыр.).
28. Иеремийы 16:2—4 пехуымпарӕн загъдӕуыд, цӕмӕй ус ма ракуырдтаид (ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кодтаид; Мессиа ӕнӕус кӕй хъуамӕ уыдаид, уый развӕлгъау равдисынӕн; Иерусалим ныггӕныстон кӕныны тыххӕй Иегъовӕйы ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, уый сбӕлвырд кӕнынӕн) (Библийы ӕрвылкъуырион каст).
29. Ӕмбисӕндты 4:7 зондджындзинад ӕвдисын нысан кӕны (хъуыддаг лӕмбынӕг базонын; цы базыдтам, уыдон кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, уый ӕмбарын; зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ архайын). (w00 15.5. 21 ф., 1 абз., уыр.)
30. Иезекилы чиныджы 1-аг сӕры Хуыцауы уӕрдон фӕсномыгӕй ӕвдисы (Хуыцауы Мессианон Паддзахад; Иегъовӕйы уӕларвон организаци, цыран ис зӕдтӕ; Иегъовӕйы ахастытӕ баззайӕггагимӕ) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w89 15.2. 8 ф., 5 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕм ссар Фыстадӕй ӕмбӕлон тексттӕ:
Ӕмб. 5:21; Иер. 46:28; Ром. 15:4
31. Иегъовӕ нӕ сӕйраджыдӕр рӕвдауы йӕ Ныхасы уылты, уымӕн ӕмӕ уым дзырд цӕуы, диссаджы фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй (w00 1.5. 5 ф., 4 абз.).
32. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы амоной, уӕд хъуамӕ уой ӕмбаргӕ ӕмӕ сӕ зӕрдыл дарой, раст кӕныны ӕмӕ зонд амоныны нысан цы у, уый (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс kl 148 ф., 20 абз.).
33. Ӕнӕгъдау ми куыдфӕнды ма ӕмбӕхсой, уӕддӕр ӕй Хуыцау уыны (w00 15.7. 31 ф., 3 абз., уыр.).