Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — фӕлхат кӕнын
2002 азы 2 сентябрӕй райдайгӕ къуырийӕ 23 декабрӕй райдайгӕ къуыримӕ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый фӕлхат цӕудзӕн ӕнӕ чингуытӕй. Амынд рӕстӕгмӕ хицӕн гӕххӕттыл ныффысс дзуаппытӕ, цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр.
(Бахъуыды кӕн: фысгӕ фӕлхаты рӕстӕджы фарстытӕн дзуапп дӕттынӕн ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис пайдагӕнӕн. Фарстыты фӕстӕ цы ӕрмӕг ис амынд, уымӕ хъуамӕ уӕхӕдӕг ӕркӕсат. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыгмӕ», гӕнӕн ис, фарс ӕмӕ абзац алкӕд амынд ма уой.)
Зӕгъ, ацы хъуыдытӕ раст сты ӕви нӕ:
1. Ахӕм «кӕф» нӕй, цӕмӕй адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй дӕр аныхъуыра (Ионӕ 1:17) (bsi02-2 9 ф., 4 абз.).
2. Иезекилы 37:15—24 ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дыууӕ лӕдзӕджы баиу сты, сӕххӕст сты нӕ рӕстӕджы, 1919 азы иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ куы баиу сты ӕмӕ сӕ «иунӕг паддзах» ӕмӕ сӕ «иунӕг фыййау» Чырысти куы сси, уӕд (Библийы ӕрвылкъуырион каст, кӕс w89 15.2. 21 ф., 13 абз., уыр.).
3. Библи чи иртасы, уыцы стыр критиктӕ Данелы чиныг ӕууӕнчы аккагыл нӕ нымайынц, фӕлӕ бирӕ азты дӕргъы цы археологон ссардтытӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон бӕлвырд кӕнынц, раст кӕй не сты, уый (bsi02-1 23 ф., 4 абз.).
4. Осийы пехуымпарад фылдӕр хауди дыууӕмыггагон паддзахад Иудӕмӕ (bsi02-1 29 ф., 8 абз.).
5. Ныхӕстӕ «фӕрссаг пехуымпартӕ» амонынц, Дзуттаг Фыстыты фӕстаг 12 чиныджы афтӕ ахсджиаг кӕй не сты, уымӕ (bsi02-1 27 ф., 1 абз.).
6. Иегъовӕ Амосы лӕггад кӕнынмӕ куы фӕхуыдта ӕмӕ йӕ Иудӕ ӕмӕ Израилмӕ пехуымпариуӕг кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд уый уыд «пехуымпары фырттӕй» сӕ иу (4 Пад. 2:3) (bsi02-2 3 ф., 1 абз.).
7. Иаковы 4:17 ӕмӕ Иезекилы 33:7—9 иумӕ ӕвдисынц, Хуыцауы домӕнтӕ куы базонӕм, уӕд уымӕй фӕстӕмӕ хӕсджын кӕй свӕййӕм йӕ разы дзуапп дӕттынмӕ (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w93 1.4. 7 ф., 1 абз., уыр.).
8. Софонийы 3:9 (НД) цы «сыгъдӕг ӕвзаджы» тыххӕй дзырдӕуы, уый зонын нысан кӕны, Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм цы фӕндӕттӕ ис, уый раст ӕмбарын (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w01 1.3. 20 ф., 18 абз.).
9. Данел ӕцӕг пехуымпар кӕй у, уый рабӕрӕг, паддзах Навуходоносор ын йӕ фын куы радзырдта ӕмӕ йын уый фӕстӕ Данел йӕ нысаниуӕг куы бамбарын кодта, уӕд (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс Данелы 2:7—9, 26).
10. Захарийы 9:6, 7 дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «филистимаг» сси «Иудӕйы мины хицау», ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амоны абоны ӕндӕр фысты минӕвӕрттӕм, кӕцыты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ахуыр кӕны ӕмӕ сын, кӕм хъӕуы, уым бартӕ дӕтты (Матф. 24:45) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w95 1.7. 23 ф., 14 абз., уыр.).
Дзуапп радт дӕлдӕр лӕвӕрд фарстытӕн:
11. Цӕмӕй сты ӕмхуызон нӕ хъусын кӕныны хӕслӕвӕрд ӕмӕ Иезекил хъахъхъӕнӕджы куыст кӕй ӕххӕст кодта, уый? (Иез. 33:1—11) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w88 1.6. 22 ф., 13 абз., уыр.).
12. Иезекил цӕстылуайӕны цы хус стджытӕ федта, уыдоны хуызӕн нӕ рӕстӕджы чи уыд? (Иез. 37:5—10) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w89 15.2. 20 ф., 12 абз., уыр.).
13. Захарийы чиныг Хуыцауы удцырынӕй фыст кӕй у, уымӕн иууыл хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ цы сты? (Зах. 9:2—4) (bsi02-2 27 ф., 5 абз.).
14. Иезекилы цӕстылуайӕны сахар цы ӕвдисы? (Иез. 48:15—17) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w99 1.3. 27 ф., 22 абз.).
15. Осийы 14:2 (НД) фыст ныхӕстӕ израилӕгты цӕмӕ разӕнгард кодтой ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы пехуымпарад абон куыд ӕххӕст кӕнынц? (Дзут. 13:15) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; w94 15.9. 10 ф., 1, 2 абз., уыр.).
16. Данел паддзахы фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, 30 боны дӕргъы паддзахы йедтӕмӕ иу хуыцауӕй дӕр ӕмӕ иу адӕймагӕй дӕр ницы ис курӕн, куыд сӕххӕст кодта, уымӕй цӕуыл у нӕ бон сахуыр уын? (Дан. 6:7—10) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс dp 125, 126 фф., 25—28 абз., уыр.).
17. Баззайӕггаг домбайау Иегъовӕйы хабӕрттӕй кӕцы хъусын кодта адӕмты ’хсӕн? (Мих. 5:8) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w83 [ахуыргӕнӕн статьятӕ 1В] 3 ф., 10 абз., уыр.).
18. Цы нысан кӕнынц Аввакумы 3:14 ныхӕстӕ «сӕ ӕрцытӕй барӕхуыстай сӕ раздзӕуджыты фӕтӕджы»? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w00 1.2. 30 ф., 15 абз.).
19. Софонийы 2:3 бавӕргӕ дзырд «чи зоны» цӕуыл дзурӕг у? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; w01 1.3. 13 ф., 8 абз.).
20. Захарийы 8:6 гӕсгӕ адӕмы цӕсты тынг зын цы хъуыддаг уыди, уый Иегъовӕ 1919 азӕй куыд аразы? (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w96 1.1. 16 ф., 18, 19 абз., уыр.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ дзырдты къордтӕй:
21. Иезекилы 34:23 ныхӕстӕ «мӕ лӕггадгӕнӕг Давид» фыст ӕрцыдысты ․․․․․․․․ мӕлӕтӕй бирӕ фӕстӕдӕр; уыдонӕн ис пехуымпарадон нысаниуӕг ӕмӕ хауынц ․․․․․․․․ (bsi02-1 21 ф., 31 абз.).
22. ․․․․․․․․ Хуыцауы хӕслӕвӕрд ․․․․․․․․ куы сӕххӕст кодта, уӕд уымӕй иу-200 азы фӕстӕдӕр пехуымпар ․․․․․․․․ уыцы сахар схуыдта «тугзӕйты сахар» («Мах дуг» №12, 1999) (bsi02-2 10 ф., 10 абз.; 15 ф., 1 абз.).
23. «Иерусалим ногӕй... саразыны дзырд цы заманы рацыд», уый уыд ․․․․․․․․ уӕд райдыдтой 69 азон «къуырийы» ӕмӕ фесты, ․․․․․․․․ Мессиа куы фӕзынд, уӕд (Дан. 9:25) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс dp 190 ф. 20 абз.—191 ф., 22 абз., уыр.).
24. Иоилы 2:31 дзырдӕуы, хур кӕй баталынг уыдзӕн, ууыл; ахӕм ныхӕстӕ ма ис Матфейы 24:29, 30 (НФ), цыран ․․․․․․․․ йӕхи тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ, Адӕймаджы Фырт ․․․․․․․․ ․․․․․․․․ ӕрцӕудзӕн (bsi02-1 32 ф., 13 абз.).
25. ․․․․․․․․ пехуымпарад Ассири ӕмӕ йӕ сӕйраг сахар ․․․․․․․․ тыххӕй кадджын кӕны Иегъовӕйы рӕстдзинад ӕмӕ хицаудзинад, ӕмӕ нӕ фидарӕй ӕууӕндын кӕны, Иегъовӕ афтӕ кӕй стӕрхон кӕндзӕн ӕвзӕр адӕмыл дӕр (bsi02-2 17 ф., 11 абз.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕ баххӕст кӕн раст дзуаппытӕй:
26. Иезекилы чиныджы сӕйраг хъуыды у, Иегъовӕ (рӕдау; сӕрныллӕг; сыгъдӕг) Хуыцау кӕй у ӕмӕ нын ӕмбарын кӕны, ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у (хиуыл кусын; Иегъовӕйы ном кадджын кӕнын; адӕмимӕ хорз цӕрын) (bsi02-1 22 ф., 33 абз.).
27. Иезекил, Данелимӕ иу дуджы чи цард, уый йӕ чиныджы (Ной ӕмӕ Иовимӕ; Моисей ӕмӕ Йесо Навинимӕ; Илиа ӕмӕ Елисеимӕ) иумӕ Данелы кой дӕр кӕны, ӕмӕ уымӕй бӕлвырд кӕны, Данел ӕрымысгӕ адӕймаг кӕй нӕ уыд, уый (bsi02-1 23 ф., 2 абз.).
28. Данелы 2:34, 35, 45 гӕсгӕ гуымирыйыл цы дур сӕмбӕлд ӕмӕ йӕ чи ныппырх кодта, уый амоны (Армагеддонмӕ; Хуыцауы адӕм цы карз тӕрхӕтты тыххӕй хъусын кӕнынц, уыдонмӕ; Мессианон Паддзахадмӕ) (bsi02-1 25, 26 фф., 20, 23 абз.).
29. Иоилы 1:4—6 мӕтых фӕсномыгӕй амоны (Израилы адӕммӕ; сӕрст чырыстӕттӕм; Ромы ӕфсадмӕ) (Ап. к. 2:1, 14—17) (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w98 1.8. 19 ф., 9 абз.).
30. Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет Амосы (8:11; 9:2, 3; 9:11, 12) стихтӕй бамбӕрстой, Хуыцауы фӕндон кӕй у, цӕмӕй израилаг чи нӕу, ахӕм адӕм чырыстон ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуой, уый (Ап. к. 15:13—19) (bsi02-2 5 ф., 16 абз.).
Ацы хъуыдыйӕдтӕм ссар Фыстадӕй ӕмбӕлон стихтӕ:
Дан. 1:8, 11—13; Ос. 6:6; Соф. 2:3; Зах. 4:6, 7; 13:3
31. Ӕрыгон чырыстӕттӕ хъуамӕ уӕндонӕй ӕмӕ уӕзданӕй ӕмбарын кӕной хицӕуттӕн ӕмӕ кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонӕн, Хуыцауы раз сӕ намыс кӕй не счъизи кӕндзысты, уый (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс w92 1.11. 14 ф., 17 абз., уыр.).
32. Иегъовӕйы зӕрдӕ ссарӕн ис, ӕрмӕст ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы бирӕ нывӕндтӕ хӕссынц, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ йӕ адӕймаг кӕй зоны ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иннӕты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕй (Библийы ӕрвылкъуырион каст; кӕс bsi02-1 30 ф., 16 абз.).
33. Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, иугӕр Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕ у, уӕд цыфӕнды дӕр нӕ бон у аразын (bsi02-2 23 ф., 11 абз.).
34. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕны адӕймаджы хъаруйы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы; уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны хохы хуызӕн цӕлхдурты сӕрты хизынӕн ӕмӕ фӕндфидарӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн (bsi02-2 27 ф., 2 абз.).
35. Иегъовӕйы организаци цы иузӕрдиондзинадӕй хицӕн кӕны, уый тугхӕстӕг хиуӕтты ӕнувыддзинадӕй ноджы тыхджындӕр у (bsi02-2 28 ф., 24 абз.).