Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2003 азы 24 февралӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2003 азы 6 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 24 февралӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. [Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)]
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Раст у ӕви нӕ: Раст кӕсынӕн сӕйраджыдӕр хъӕуы, цӕмӕй, цы кӕсыс, уый раст хъуыса, кӕд фыст ӕрмӕгӕй гыццыл хицӕн кӕна, уӕддӕр. Бамбарын ӕй кӕн (be 83 ф.).
2. Афтид бынӕтты хъӕугӕ дзырдтӕ бафысс: Цӕмӕй адӕймаг раст кӕсын сахуыр уа, уый тыххӕй хъуамӕ ․․․․․․․․, ․․․․․․․․, ӕмӕ ноджыдӕр ․․․․․․․․. Стӕй хъуамӕ ․․․․․․․․ хъӕрӕй (be 85 ф.).
3. Цӕмӕн хъӕуы дзырдтӕ сыгъдӕг дзурын? (1 Кор. 14:8, 9) (be 86 ф.).
4. Дзыхыныхас зынӕмбарӕн цӕй тыххӕй вӕййы ӕмӕ цы саразын хъӕуы, цӕмӕй дзырдтӕ сыгъдӕгдӕр дзурай? (be 87, 88 фф.).
5. Фӕстаг дыууӕ мӕйы дӕргъы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цы дзырдтӕ фехъуыстай, уыдонӕй дӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, раст дзурын кӕцытӕ хъӕуы сахуыр кӕнын? (be 92 ф.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Раст у ӕви нӕ: Нӕ цӕстытӕ нын хъусынӕн ӕххуыс кӕнынц. Бамбарын ӕй кӕн (be 14 ф.).
7. Афтид бынӕтты хъӕугӕ дзырдтӕ бафысс: ․․․․․․․․, ․․․․․․․․ ӕмӕ ․․․․․․․․ сты, Хуыцау нын кӕй радта, уыцы рӕстӕгамонджытӕ (si, 7 абз. [km 1/03 4 ф., 7 абз.]).
8. Афтид бынӕтты хъӕугӕ дзырдтӕ бафысс: Библийы дзырд «бон» фӕамоны ․․․․․․․․ сахаты, ․․․․․․․․ сахаты, ․․․․․․․․ азы кӕнӕ ․․․․․․․․, ӕмӕ уыдонӕй кӕцы ӕмгъуыдмӕ фӕамоны, уый бӕрӕг вӕййы контекстӕй (si, 8 абз. [km 1/03 4 ф., 8 абз.]).
9. Зӕрдӕсаст куы уӕм, уӕд нын Аннӕ, Марк ӕмӕ Илиайы цӕвиттонтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм? Иннӕтӕн та куыд у нӕ бон баххуыс кӕнын уыцы цӕвиттонты руаджы? (w01 1.2. 20—23 фф., уыр.).
10. Рагон ерыстӕ куыд цыдысты, уый куы зонӕм, уӕд Библийы иуӕй-иу стихтӕ хуыздӕр куыд бамбардзыстӕм? Уыдӕттӕ кӕй зонӕм, уый нын нӕ цардыл куыд хъуамӕ фӕзына? (w01 1.1. 28—31 фф., уыр.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Раст у ӕви нӕ: 1914 азы Хуыцауы Паддзахад уӕларвыл куы сфидар, уӕдӕй фӕстӕмӕ нал хъӕуы кувын, «ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад», зӕгъгӕ (Матф. 6:10). Бамбарын ӕй кӕн (be 279 ф.; w96 1.6. 31 ф., уыр.).
12. Раст у ӕви нӕ: Матфейы 11:24 Йесойы ныхӕстӕ амонынц, Иегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы артӕй кӕй фесӕфта, уыцы адӕм кӕй райгас уыдзысты. Бамбарын ӕй кӕн.
13. Раст дзуапп равзар: Матфейы 24:45—47 Йесо кӕй кой кодта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» у а) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет; ӕ) зӕххыл кӕцыфӕнды рӕстӕджы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр, ӕмткӕй райсгӕйӕ; б) Йесо Чырысти йӕхӕдӕг. Уыцы цагъар «ӕххуырстытӕн» афоныл дӕтты монон хӕринаг. «Ӕххуырстытӕ» та ӕвдисынц а) иугай сӕрст чырыстӕтты; ӕ) ӕндӕр фысты; б) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ чидӕриддӕр кӕсы, уыдоны. Хицау цагъары йӕ ӕххуырстыты сӕргъы сӕвӕрдта а) 1914 азы; ӕ) н. э. 33 азы; б) 1919 азы.
14. Раст дзуапп равзар: Матфейы 13:47—50 Йесо фӕсномыг ныхасы цы хызы кой кодта, уый у сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд ӕмӕ а) Хуыцауы Мессианон Паддзахад; ӕ) се ’мбал ӕндӕр фыстӕ; б) чырыстон дуне.
15. Де ’муырнӕджы кӕй фӕхъыг кодтай, уый куы уынай, уӕд, Матфейы 5:24 Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы хъуамӕ саразай? (g96 8.2. 26, 27 фф., уыр.).