Хъусинӕгтӕ
◼ Февралы: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» Мартъийы: «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад». Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрель ӕмӕ майы: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Цымыдисгӕнӕг адӕмӕн, уыимӕ ма, Ӕрымысӕн изӕрмӕ, кӕнӕ та ӕндӕр фембӕлдмӕ чи ӕрбацыд, фӕлӕ иудадзыг ӕмбырды хъуыддӕгты чи нӕ архайы, ахӕмтӕн раттӕн ис чиныг «Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн». Уӕлдай тынгдӕр хъӕуы бацархайын хӕдзары искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын, сӕйраджыдӕр та, чиныг «Базонынад»-ӕй кӕнӕ брошюрӕ «Цы домы»-йӕ чи ахуыр кодта, уыдонимӕ.
◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ 1 мартъийы кӕнӕ уый фӕстӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы зӕгъат, уӕд фехъусын кӕнут, ӕмбырды ӕхца нымад кӕй ӕрцыд. Бакӕсут филиалӕй ӕрвыст фыстӕг арфӕйы ныхӕстимӕ, уе ’мбырд ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕн цы мысайнӕгтӕ арвыста, уый фӕдыл.
◼ Секретарь ӕмӕ уацамындӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕсой ӕппӕт ӕххӕстрӕстӕг пионерты куыстмӕ. Кӕд сӕ искӕмӕн сахӕтты нормӕ сӕххӕст кӕнын зын у, уӕд ын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ баххуыс кӕной. Уый тыххӕй уынаффӕтӕ ссарӕн ис ӕрвылазон фыстӕджыты (S-201). Кӕс ма 1993 азы июны «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы уӕлӕмхасӕн сыфы 12—20 абзацтӕ (уыр.).
◼ 2003 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл уыдзӕн сӕрмагонд раныхас «Вавилонӕн йӕ тӕрхоны сахат ӕрцыд?» Ахӕм хъусинаг ма кӕс 2002 азы сентябры «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы.
◼ Ӕмбырдмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы фӕстаг номыртӕ куы ӕрцӕуынц, уӕд хорз уаид, хъусынгӕнджытӕ сӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъддӕр куы исиккой. Уый фӕрцы хъусынгӕнджытӕм уыдзӕн журналтӕ, ӕмӕ сӕ цалынмӕ уацамынды нӕ парахат кӕной, уӕдмӕ зондзысты цӕуыл дзы цӕуы дзырд, уый.