Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/03 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 4/03 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ майы: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Дыккаг хатт адӕммӕ куы цӕуай, уӕд ма ноджыдӕр бацу, Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕнӕ ӕндӕр фембӕлдмӕ чи ӕрбацыд, фӕлӕ иудадзыг ӕмбырдмӕ чи нӕ цӕуы, уыдонмӕ дӕр, ӕмӕ бацархай, цӕмӕй сын раттай ног чиныг «Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн». Ӕппӕт тыхтӕй архай искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын, уӕлдайдӕр та чиныг «Базонынад» ӕмӕ брошюрӕ «Цы домы» чи ахуыр кодта, уыдонимӕ. Июны: Чиныг «Базонынад» кӕнӕ брошюрӕ «Цы домы». Ацы чиныг ӕмӕ брошюрӕ кӕмӕ уой, уыдонӕн ма раттӕн ис, ӕмбырды цы брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй искӕцы. Июль ӕмӕ августы: 32-фарсон брошюрӕтӕй кӕцыфӕнды дӕр: «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг», «Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?», «Хицауад, кӕцы ӕрхӕсдзӕн дзӕнӕт», «Хуыцауы ном уӕвдзӕн ӕнустӕм», «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?».

◼ Тагъд ӕмбырдтӕм ӕрвыст ӕрцӕудзысты облӕстон конгрессы плакеткӕтӕ. Заказ кӕнын сӕ нӕ хъӕуы. Алы ӕмбырд дӕр райсдзӕн, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» сыфтӕй цал исы, уымӕй 25 проценты фылдӕр. Ӕмбырды фылдӕр плакеткӕтӕ куы хъӕуа, уӕд сӕ заказ кӕнын хъӕуы литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Плакеткӕтӕн фидаргӕнӕнтӕ ӕмбырды искӕй куы хъӕуа, уӕд уыдон дӕр хъӕуы заказ кӕнын.

◼ Филиалы хъуамӕ уой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарджыты ӕмӕ секретарты раст адристӕ ӕмӕ телефонты номыртӕ. Куыддӕр исты фӕива, афтӕ ӕмбырды комитет хъуамӕ байдзаг кӕна ӕмӕ филиалмӕ арвита бланк (S-29) «Изменение адреса председательствующего надзирателя/изменение адреса секретаря». Уый ма хауы, индекс куы фӕива, уӕд уымӕ дӕр.

◼ Ӕмбырды секретартӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, се ’мбырды фаг кӕнынц ӕви нӕ бланктӕ «Заявление на общее пионерское служение» (S-205) ӕмӕ «Курдиат ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй» (S-205b). Заказ кӕнӕн сӕ ис литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Уӕ бланктӕ ӕппынкъаддӕр афӕдзы фаг уӕддӕр хъуамӕ кӕной. Уӕ хъус дарут, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггады тыххӕй бланктӕ иууылдӕр кӕронмӕ дзаг уой. Бланк чи райста, уыдон сӕ аргъуыды бон куы нӕ хъуыды кӕной, уӕд ӕй искуыд сбӕлвырд кӕнӕд ӕмӕ йӕ сӕхимӕ фӕнысан кӕнӕд.

◼ Ӕндӕр бӕстӕм балцы куы цӕуай ӕмӕ дӕ уым ӕмбырды фембӕлдтӕм, районон кӕнӕ облӕстон конгресмӕ цӕуын куы фӕнда, уӕд уыцы фембӕлдты бынат ӕмӕ рӕстӕг базонынӕн фыстӕг фыссын хъӕуы уыцы бӕстӕйы филиалмӕ. Филиалты адристӕ ссарӕн ис ацы азы «Ӕрвылазон чиныджы» (уыр.) фӕстаг фарсыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын