Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/03 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 4/03 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Цӕмӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи, ахӕстытӕн хъусынгӕнгӕйӕ?

Ӕнӕхъӕн дунейы ахӕстӕтты бады ӕппынкъаддӕр аст милуан адӕймаджы, ӕмӕ сӕ иуӕй-иуты хорз хабар цымыдис кӕны (1 Тим. 2:4). Иу филиал алы мӕй дӕр райсы 1 400 фыстӕджы бӕрц ахӕстытӕ ӕмӕ сӕ хӕстӕджытӕй. Уыдон курынц, цӕмӕй ахӕстытӕн литературӕ арвитой кӕнӕ та сӕ бабӕрӕг кӕной. Кӕд ахӕстытӕй бирӕты хорз хабар сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цымыдис кӕны, уӕддӕр куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй иуӕй-иутӕ уый ӕфсон Хуыцауы адӕмӕй пайда агурынц. Уымӕ гӕсгӕ ахӕстытӕн хъусынгӕнгӕйӕ, алкӕйдӕр хъӕуы йӕ зӕрдыл дарын дӕлдӕр амынд фӕдзӕхстытӕ.

Ахӕстоны чи бады, уыдонӕн арӕх фӕхъусын кӕнынц фыстӕджытӕ фысгӕйӕ. Мах фӕдзӕхсӕм нӕ хоты, цӕмӕй ахӕстонмӕ нӕлгоймӕгтӕм ма фыссой, кӕд сӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасӕй бафидар кӕнын фӕнды, уӕддӕр. Уый сӕ бон аразын у ӕрмӕстдӕр фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕн. Фӕлтӕрд хотӕн ис бахӕс кӕнӕн, цӕмӕй, Библийы ӕцӕгад сыгъдӕгзӕрдӕйӕ базонын кӕй фӕнды, уыцы ахст сылгоймӕгтӕм фыстӕджытӕ фыссой. Ахӕстытӕн ӕхца кӕнӕ лӕвӕрттӕ ӕрвитын не ’мбӕлы, сӕхӕдӕг нӕ куы курой, уӕддӕр.

Ахӕстоны чи бады, ахӕм адӕймаджы ӕцӕгад куы цымыдис кӕна, уӕд ын йӕ ном ӕмӕ йӕ адрис арвитын хъӕуы, уыцы ахӕстон цы ӕмбырды территорийы ис, уырдӕм. Арӕхдӕр бынӕттон ӕфсымӕртӕ хуыздӕр фӕзонынц, ахст адӕмимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, ӕмӕ алыхуызон уавӕрты куыд архайын хъӕуы, уый. Уыцы информаци кӕцы ӕмбырдмӕ хъӕуы ӕрвитын, уый куы нӕ зонат, уӕд ӕй арвитут филиалмӕ.

Нысангонд ӕфсымӕртӕ ахӕстоны фембӕлдтӕ куы уадзой, цӕмӕй цалдӕр ахӕсты иумӕ ахуыр кӕной, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕ ахӕстытимӕ сӕрибарӕй кӕм ныхас кӕниккой, ахӕм фембӕлдтӕ ахӕстоны уадзын не ’мбӕлы. Уымӕй уӕлдай ма хъусынгӕнджыты фӕдзӕхсӕм, цӕмӕй сӕхӕдӕг, ӕдзӕттӕйӕ, ахӕстонмӕ ма цӕуой ӕмӕ ахӕстытӕй сӕхицӕн хӕлӕрттӕ ма кӕной.

Цӕй уӕдӕ хорз хабар ахӕстытӕн хъусынгӕнгӕйӕ уӕм «зондджын, кӕлмытау, ӕмӕ хуымӕтӕг, бӕлӕттау» (Матф. 10:16).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын