Паддзахады залты ӕхсӕнадӕмон арӕзтад Европӕйы иуӕй-иу бӕстӕты
1 Фӕстаг цалдӕр дӕс азы дӕргъы иуӕй-иу европӕйаг бӕстӕты, уыимӕ Скӕсӕн Европӕйы дӕр, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй архайыны бар нӕ уыд. Фылдӕр хатт-иу сӕм тынг карз ахаст дардтой. Сӕ бон нӕ уыд сӕрибарӕй фембӕлдтӕ уадзын, ӕмӕ сын цӕмӕй сӕхи Паддзахады зал уыдаид, уымӕн та гӕнӕн бынтондӕр нӕ уыд. Фӕлӕ фӕстаг азты «стыр хъуыддаг сарӕзта Хицау [«Иегъовӕ», НД] махимӕ: мах цин кодтам» (Пс. 125:3).
2 1983 азӕй фӕстӕмӕ уыцы бӕстӕты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты афтӕ тынг нал хъыгдардтой. 1989 азы сӕ архайдӕн бар радтой Польшӕ ӕмӕ Венгрийы. 1991 азы та Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Уӕрӕсейы срегистраци кодтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсе ӕмӕ раздӕры Советон Цӕдисы республикӕты нӕ хъуыддаг дидин рафтыдта. 1996 азы мартъийӕ 1998 азы октябры онг Разамонӕг совет разыйы дзуапп радта, 11 европӕйаг бӕстӕ кӕй бӕрны сты, уыцы филиалтӕй йӕм Паддзахады залтӕ аразыны фӕдыл цы 359 курдиаты ӕрбацыд, уыдонӕн.
3 Ацы уӕлӕмхасӕн сыфы къамтӕм куы кӕсай, уӕд ма-иу ахъуыды кӕн, Иегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цӕй стыр ӕмӕ цӕй диссаджы хъуыддӕгтӕ скодта, уыдоныл (Пс. 135:4). Куыд ӕхсызгон у, ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады мысайнӕгтӕ хорз хъуыддӕгтыл хардз кӕй цӕуынц! Уымӕй бӕлвырд кӕнынц Иоанны 13:35 (НФ) фыст Йесойы ныхӕстӕ: «Уымӕй уӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уӕ кӕрӕдзи куы уарзат, уӕд».
4 Европӕйы бӕстӕты Паддзахады залтӕ аразынӕн кӕм ӕххуыс кӕнынц (мӕгуырдӕр бӕстӕты Залтӕ аразыны программӕмӕ гӕсгӕ), уыдонӕй иу у Румыни, 2000 азы июлӕй нырмӕ уым арӕзт ӕрцыд 36 Паддзахады залы. Украинӕйы 2001 азы иу проектмӕ гӕсгӕ сарӕзтой 61 Паддзахады залы ӕмӕ 2002 азы та — 76. Паддзахады залты Фондмӕ мысайнӕгтӕ кӕй дӕттынц, уымӕ гӕсгӕ сӕдӕгай Паддзахады залтӕ арӕзт ӕрцыд Болгари, Македони, Молдави, Уӕрӕсе, Хорвати ӕмӕ Югославийы.
5 Иуӕй-иу бӕстӕты Паддзахады залтӕ аразын ӕнцон нӕу, бирӕ хъарутӕ бахъӕуы, цалынмӕ арӕзтадон куыстытӕ райдайынц, уӕдмӕ. Арӕх ууыл ацӕуы тынг бирӕ рӕстӕг. Уымӕй уӕлдай ма, Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаг уым бирӕ зынаргъдӕр слӕууы Африкӕ кӕнӕ Хуссар Америкӕйы къорд бӕстӕтӕй. Фӕлӕ Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ нырма сӕдӕгай Паддзахады залтӕ хъӕуы, экономикон уавӕр ӕвзӕр кӕм у, уыцы европӕйаг бӕстӕты.
6 Куыд хорз у, Паддзахады залтӕ афтӕ тагъд кӕй фылдӕр кӕнынц! Бирӕ цаутӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй Залтӕ кӕм фӕаразынц, уым сыхӕгтӕн уый хорз ӕвдисӕнад вӕййы. Иуӕй-иу рӕтты бынӕттон хицӕуттӕ дисы бафтыдысты, арӕзтадон куыстытӕн цы амындтӕ ис, уыдон ӕфсымӕртӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй ӕххӕст кодтой, ууыл.
7 Исай раст пехуымпариуӕг кодта, нӕ рӕстӕджы ӕцӕг Хуыцауы адӕм кӕй фылдӕр кӕндзысты, уый тыххӕй. Хуыцау пехуымпары уылты развӕлгъау загъта: «Ӕз, Иегъовӕ, уыцы хъуыддаг фӕтагъд кӕндзынӕн йӕ рӕстӕджы» (Ис. 60:22). Ӕнӕдызӕрдыгӕй, фӕстаг дӕс азы Скӕсӕн Европӕйы уыд Иегъовӕйы рӕстӕг уыцы хъуыддаг фӕтагъд кӕнынӕн. Уӕдӕ нын Иегъовӕ дарддӕр дӕр кӕлгӕуӕлдайӕ арфӕ кӕнӕд, Паддзахады залты Фондӕн нӕ нӕ дзыппы фӕлхасӕй ӕххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уымӕн, ӕмӕ афтӕмӕй тагъддӕр кӕнӕд бирӕ бӕстӕты Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаг! Уый фӕрцы, ӕвзӕр экономикон уавӕр цы бӕстӕты ис, уым фӕзындзӕн бирӕ фылдӕр Залтӕ. Ӕмӕ уый та ӕххуыс кӕндзӕн Европӕйы бирӕ бӕстӕты Хуыцауы хъуыддаг парахат кӕнынӕн ӕмӕ «зӕххы кӕронмӕ» стырдӕр ӕвдисӕнад дӕттынӕн (Ап. к. 13:47).
[Нывтӕ 3 фарсыл]
Паддзахады залты комплекс, Мӕскуы, Уӕрӕсе
[Нывтӕ 4—6 фарсыл]
Ног Паддзахады залтӕ Скӕсӕн Европӕйы
Струмица, Македони
Дарувар, Хорвати
Сокаль, Львовы облӕст, Украинӕ
Битола, Македони
Младост, Болгари
Пловдив, Болгари
Краснооктябрьский, Майкъопы район, Уӕрӕсе
Бачки-Петровац, Югослави
Тлумач, Ивано-Франковскы облӕст, Украинӕ
Рава-Русская, Львовы облӕст, Украинӕ
Стара-Пазова, Югослави
Зеница, Босни ӕмӕ Герцоговинӕ
Сокаль, Львовы облӕст, Украинӕ
Жидачов, Львовы облӕст, Украинӕ