Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/03 1 ф.
  • Нӕ бӕрны ис хорз хабар

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ бӕрны ис хорз хабар
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар хӕссӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Сӕйрагдӕр дын цы у?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Ӕппӕт адӕмы дӕр чи хъӕуы, уыцы хорз хабар
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 5/03 1 ф.

Нӕ бӕрны ис хорз хабар

1 Цӕй стыр кад нын у, Хуыцауы хорз хабар нӕ бӕрны кӕй ис! (1 Фес. 2:4). Кӕд иуӕй-иуты ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ хабармӕ нӕ фӕнды хъусын, уӕддӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм сӕхи ласынц йӕ адджын тӕфмӕ (2 Кор. 2:14—16). Хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чи архайы, уыдонӕн уый нысан кӕны ирвӕзындзинад (2 Фес. 1:8). Уӕдӕ нӕ бӕрны цы хъуыддаг ис, уый куыд хъуамӕ аразӕм?

2 Йесо ӕмӕ апостолтӕ. Йесо йӕ царды хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддагыл ницы нымадта (Лук. 4:18, 43). Ӕгӕрыстӕмӕй-иу фӕллад ӕмӕ ӕххормаг куы уыд, уӕддӕр-иу хорз хабар хъусын кодта, уымӕн ӕмӕ адӕмы уарзта ӕмӕ хорз хабарӕн стыр аргъ кодта (Маркы 6:30—34). Йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты руаджы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зонды ныффидар кодта, Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ахсджиаг кӕй у, уый (Матф. 28:18—20; Маркы 13:10).

3 Йесойау апостолтӕ дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой Паддзахады хабар. Куы сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ карзӕй куы бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕддӕр «ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой» (Ап. к. 5:40—42). Апостол Павел ӕвӕллайгӕйӕ кодта ацы куыст (1 Кор. 15:9, 10; Кол. 1:29). Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг абарста, адӕмӕй кӕй дары, ахӕм хӕсимӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхи барвӕндонӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты цух кодта (Ап. к. 20:24; Ром. 1:14—16).

4 Нӕ кадджын хӕс абон. Нӕ бӕрны цы уаз хъуыддаг ис, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн хъусын кӕнынӕн фылдӕр фадӕттӕ агурынмӕ (Ром. 15:16). Эдвард, йӕ царды бонтӕ инвалидты тулгӕ къӕлӕтджыны чи ӕрвыста, уый-иу бадти уазӕгдзӕрӕны бацӕуӕны, ӕмӕ-иу уым чи ӕрлӕууыд, уыцы уазджытимӕ-иу йӕ дины тыххӕй ныхас кодта. Фӕлӕ йӕ фылдӕр аразын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йын гыццыл уӕзласӕн машинӕйы хицӕн бынат скодтой. Уыцы машинӕйы фӕрцы уый бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодта пионерӕй, ӕмӕ мингай километртӕ фӕцыд. Эдвардау абон бирӕтӕ фӕивтой сӕ уавӕртӕ ӕмӕ хорз хабар парахат кӕныны хъуыддаджы фылдӕр аразынц.

5 Уӕдӕ абон махӕн дӕр, Йесо ӕмӕ апостолтау, хъусын кӕныны хъуыддагӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕ царды мацы уӕд. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, адӕмы кӕй уарзӕм ӕмӕ кӕй аргъ кӕнӕм, нӕ бӕрны цы хорз хабар ис, уымӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын