Уӕззау рынчын, фӕлӕ ӕнтыстджын
1 Ды дӕр кӕд уӕззау рынчын дӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ куыд рынчын сты, афтӕ, уӕддӕр дӕ бон у ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын. Уый нӕ, фӕлӕ дын гӕнӕн ис дӕ уавӕрты фӕрцы хорз фадӕттӕ уа хъусын кӕнынӕн ӕмӕ иннӕты ныфс уадзынӕн.
2 Хъусын кӕнын. Уӕззау рынчын чи у, уыдонӕй бирӕтӕ зӕрдиагӕй архайынц хъусын кӕныны хъуыддаджы. Цӕвиттонӕн, иу хо — операцийы фӕстӕ йӕ бон нал сси дзӕбӕх цӕуын ӕмӕ дзурын — бафиппайдта, йӕ бон кӕй вӕййы журналтӕ парахат кӕнын, йӕ лӕг машинӕ куы бауромы, бирӕ адӕм кӕм цӕуы, уыцы фӕндаджы цур, уӕд. Иу хатт ӕрмӕст 2 сахатмӕ апарахат кодта 80 журналы! Дӕ уавӕртӕ иннӕты уавӕртӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ ма гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕмбӕлай, ӕнӕуи зынтӕй кӕуыл ис сӕмбӕлӕн, ахӕм адӕмимӕ дӕр. Кӕд афтӕ у, уӕд сӕ нымай дӕ сӕрмагонд участокыл.
3 Дӕ уацамындӕй бирӕ адӕмы зӕрдӕтӕ ссардзынӕ! Библийы ӕцӕгад дын цы хъарутӕ дӕтты ӕмӕ дын дӕ цардыл хорзырдӕм куыд зыны, уый иннӕтӕ куы уыной, уӕд сӕ чи зоны бафӕнда Паддзахады хабармӕ байхъусын. Уымӕй уӕлдай ма, зӕрдӕрыст адӕмыл куы сӕмбӕлай, уӕд дӕхӕдӕг царды цы бавзӕрстай, уый фӕрцы зондзынӕ, Хуыцауы Ныхасӕй сын цавӕр зӕрдӕлӕууӕн ныхӕстӕ ис зӕгъӕн (2 Кор. 1:4).
4 Иннӕты ныфс уадзын. 37 азы дӕргъы, «ӕфсӕйнаг рӕуджытӕ» кӕй хонынц, уыцы аппараты мидӕг чи царди ӕмӕ афтӕмӕй 17 адӕймагӕн Библийы ӕцӕгадӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ райсынӕн чи баххуыс кодта, уыцы Лорел Низбеты царды хабӕрттӕ дӕ ныфс нӕ бауагътой? Уӕдӕ, чи зоны, дӕумӕ кӕсгӕйӕ де ’мчырыстӕтты дӕр бафӕнда ӕппӕт тыхтӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. (w01 01.10. 15 ф., 10 абз.)
5 Хъусын кӕнын дӕ цас фӕнды, уыйбӕрц дӕ кӕд дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, уӕддӕр дӕ бон у иннӕты ныфс уадзын. Иу ӕфсымӕр загъта: «Ӕз бамбӕрстон, йе уӕнгты тыхы мур кӕмӕн нал ис, суанг ма уыцы адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у иннӕтӕн бирӕ хӕрзты бацӕуын. Мӕ бинойнагимӕ мах ӕмбырды бирӕтӕн стӕм удӕнцой. Нӕ уавӕртӕ нӕ афтӕ кӕй домынц, уымӕ гӕсгӕ кӕддӕриддӕр вӕййӕм хӕдзары, кӕддӕриддӕр цӕттӕ вӕййӕм искӕмӕн йӕ фарсмӕ балӕууын». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕззау рынчын кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон алы хатт нӕ вӕййы, зӕрдӕйӕ дӕ куыд фӕнды, афтӕ архайын. Фӕлӕ дын исчи куы баххуыс кӕнид, уӕд дӕ бон уаид фылдӕр хъусын кӕнын. Уӕдӕ дӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ, ӕмбырды йӕ бон баххуыс кӕнын кӕмӕн у, уыдонӕй ма фефсӕрмы кӕн ӕмӕ сын уый тыххӕй зӕгъ.
6 Иегъовӕ уыны, йӕ хъуыддаг ӕххӕст кӕныны сӕраппонд цыдӕриддӕр аразыс, уый, ӕмӕ йын зӕрдӕбынӕй кӕй лӕггад кӕныс, уый йын тынг ӕхсызгон у (Пс. 138:1—4). Дӕ ныфс ыл куы дарай, уӕд дын уыйбӕрц тых ӕмӕ хъару дӕтдзӕн, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕнтыстджын уай ӕмӕ дзы дӕ зӕрдӕ рухс кӕна (2 Кор. 12:7—10).