Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/03 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 8/03 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Августы: 32-фарсон брошюрӕтӕй кӕцыфӕнды дӕр: «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг», «Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?», «Хицауад, кӕцы ӕрхӕсдзӕн дзӕнӕт», «Хуыцауы ном уӕвдзӕн ӕнустӕм», «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?». Ӕмбӕлон кӕм уа, уым ма раттӕн ис брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр». Сентябры: чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Октябры: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Адӕймаг куы цымыдис кӕна, уӕд ма йын раттӕн ис брошюрӕ «Цы домы» дӕр. Бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Ноябры: Парахат кӕнӕм чиныг «Базонынад» кӕнӕ брошюрӕ «Цы домы». Уыдон адӕймагмӕ куы уой, уӕд ма йын раттӕн ис чиныг «Кувут Хуыцауӕн», йе та раздӕр уагъд литературӕйӕ ӕндӕр исты.

◼ 2003 азы 20 октябрӕй райдайгӕ къуырийӕ ӕмбырды чиныгахуыры ахуыр кӕндзыстӕм чиныг «Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн».

◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ 1 сентябры кӕнӕ уый фӕстӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы зӕгъат, уӕд фехъусын кӕнут, ӕмбырды ӕхца нымад кӕй ӕрцыд.

◼ Ӕмбырды цы литературӕ ис, уыдонӕн алы аз дӕр фӕхъӕуы номхыгъд саразын. Ацы аз ӕй хъӕуы саразын 31 августы кӕнӕ цалдӕр бон раздӕр (фӕстӕдӕр). Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр алы мӕй дӕр литературӕ куыд фӕнымайы, уый дӕр афтӕ хъӕуы саразын, ӕмӕ иумӕйаг нымӕц ныффыссын хъӕудзӕн бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Журналты иумӕйаг нымӕц базонӕн ис, алы ӕмбырды дӕр журналтӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕй. Литературӕ банымайын хъӕуы дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретары разамындӕй. Бланкыл сӕ къухтӕ хъуамӕ ӕрфыссой уыцы ӕмбырды секретарь ӕмӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг. Алы дзуапдӕттӕг ӕмбырд дӕр райсдзӕн ӕртӕ бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Уӕ хорзӕхӕй, иу бланк дзы 6 сентябрмӕ арвитут филиалмӕ. Иннӕ сӕвӕрут уӕ картотекӕйы. Ӕртыккагӕй та уӕ бон у спайда кӕнын, литературӕ куы нымайат, уӕд.

◼ Ӕрымысӕн Изӕры хыгъд. Уӕрӕсе.

2003 азы ӕрбацыд: 282 340

Нысӕнттӕй саходыдтой: 53

Ӕмбырдтӕ: 1 234

◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2003 азы 17 майы, сабаты, Солнечнӕйы Уӕрӕсейы филиалы Иегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой ног агъуыстытӕ. Уый фӕдыл Солнечнӕйы цы программӕ уыд, уымӕ байхъуыста 978 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. Уыдонӕн сӕ фылдӕр бирӕ азты дӕргъы Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ сӕ ацы ахсджиаг бӕрӕгбонмӕ фӕхуыдтой. Агъуыстытӕ нывонд кӕныны фӕдыл раныхасимӕ, «Ӕз байдзаг кӕндзынӕн ацы хӕдзар кадӕй», зӕгъгӕ, рацыд Разамонӕг советы уӕнг ӕфсымӕр Дейвид Сплейн. Хуыцаубоны, 18 майы, Санкт-Петербурджы Кировы номыл стадионы ацы бӕрӕгбоны фӕдыл уыд сӕрмагонд фембӕлд. Программӕмӕ ӕмӕ ӕфсымӕр Сплейны раныхасмӕ, «Цымӕ Саулы хотыхтӕ кӕнын хъӕуы?», зӕгъгӕ, ӕрбацыд 9 817 адӕймаджы.

◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2003 азы 1 июны, хуыцаубоны, Санкт-Петербурджы кӕй уыд бӕрӕгбон, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы 18-м кълас ахуыр кӕй фӕци, уый фӕдыл. Программӕмӕ байхъуыста 299 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. 24 студенты ахуыр фесты ӕмӕ ныр цӕттӕ сты сӕ зонындзинӕдтӕй пайда кӕнынмӕ. Ӕхсӕз ӕфсымӕры снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй, иннӕтӕ та фӕстӕмӕ сӕхи ӕмбырдтӕм аздӕхтысты. Се ’ппӕтӕн дӕр, кӕмфӕнды ма лӕггад кӕной, нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй сӕ Иегъовӕйы хорзӕх уа (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын