Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2003 азы 25 августӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2003 азы 7 июлӕй райдайгӕ къуырийӕ 25 августӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. [Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)]
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Уацамынды кӕимӕ ныхас кӕнай, уыцы адӕймагӕн йӕ цӕстытӕм кӕсын хорз цӕмӕн у? (be 125 ф., 1, 2 абз.; 125 ф., фӕлгӕт).
2. Уацамынды ацӕуын дӕ кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр куы тыхсай, уӕд цы саразӕн ис? (be 128 ф., 4, 5 абз.).
3. Сценӕйӕ раныхас куы дзурай, уӕд дын, ӕнӕуи куыд фӕныхас кӕныс, афтӕ дзурынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? (be 129 ф., 2 абз.; 129 ф., фӕлгӕт).
4. Левиты 16:4, 24, 26, 28; Иоанны 13:10 ӕмӕ Раргомады 19:8 бындуры цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдон нӕ конд ӕмӕ нӕ уындыл куыд хъуамӕ ӕндавой ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? (be 131 ф., 3 абз.; 131 ф., фӕлгӕт).
5. Афысс хӕдӕфсарм ӕмӕ «уӕззау зондыл хӕст» адӕймаджы. (1 Тим. 2:9, 10, НД) (be 132 ф., 1 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Кӕд чырыстӕттӕ хъуамӕ фӕразон уой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн барой, уӕддӕр сын быхсӕн цӕмӕн нӕй? (Кол. 3:13) (w01 15.7. 22 ф., 7, 8 абз., уыр.).
7. Раст у ӕви нӕ. Рӕнхъон нымӕцон у ӕнӕхъӕн нымӕц. Бамбарын ӕй кӕн. (si 24, 25 абз.).
8. Сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъуамӕ кӕсӕм Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ растдӕр уый тыххӕй кӕсын цӕмӕн хъӕуы? (be 24 ф., 1 абз.).
9. Куыд «хъахъхъӕны зонындзинад» зондджын адӕймаг? (Ӕмб. 10:14) (w01 15.7. 27 ф., 4, 5 абз., уыр.).
10. Иов хорз хъуыддӕгтыл ахуыр кӕй уыдис, ууыл нӕ ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? (Иов 1:1, 8; 2:3) (w01 1.8. 30 ф., 3 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Разамонӕг советы уӕнгтӕн цӕй фӕрцы сси сӕ бон «ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кӕнын», ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи сси чырыстон, уыдоны ирвӕзындзинад райсынӕн сунӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы? (Ап. к. 15:25).
12. Цӕмӕн загъта разамонӕг совет Павелӕн, цӕмӕй Моисейы Закъонӕй кӕцыдӕр домӕнтӕ сӕххӕст кодтаид, кӕд ӕмӕ уыцы Закъон Иегъовӕ аиуварс кодта? (Ап. к. 21:20—26) (it-1-Е 481 ф., 3 абз; it-2-Е 1163 ф., 6 абз.—1164 ф., 1 абз.).
13. Павелы ӕнӕбындурӕй цӕй тыххӕй аххосджын кодтой, ӕмӕ абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цы дзурынц, уым ӕмхуызонӕй цы ис? (Ап. к. 24:5, 6) (w01 15.12. 22 ф., 7 абз.—23 ф., 2 абз., уыр.).
14. Павелӕн дыууӕ азы дӕргъы йӕ хӕдзарӕй рацӕуыны бар кӕд нӕ уыд, уӕддӕр Паддзахады хъусынгӕнджытӕн фӕзминаг цӕмӕй уыд? (Ап. к. 28:30, 31, НФ).
15. «Уӕлдӕр хицауад» «Хуыцауы амынд» цы хуызы сты ӕмӕ уый чырыстӕттыл куыд хъуамӕ ӕндава? (Ром. 13:1, 2) (w00 1.8. 4 ф., 5 абз.).