Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕ 2004 азӕн
Амындтӕ
2004 азы дӕргъы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола уагъд цӕудзӕн дӕлдӕр лӕвӕрд программӕмӕ гӕсгӕ.
АХУЫРГӔНӔН ӔРМӔГ: Библи, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» [w], «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн» [be], чиныг «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у» [si] (рацӕудзӕн хицӕн брошюрӕйӕ) ӕмӕ «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн» [td].
Скъола хъуамӕ райдайа ЙӔ РӔСТӔГЫЛ зарӕгӕй, куывд ӕмӕ ӕгасцуай зӕгъынӕй. Уый фӕстӕ:
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД. 5 минуты. Скъолайы цӕстдарӕг, зондамонӕн раныхасы рацӕуджытӕн уынаффӕтӕдӕттӕг ӕфсымӕр кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг дзуры дзырдарӕхстдзинадыл, «Хъусынгӕнджыты скъолайы» чиныгӕй ист ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ. (Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы ӕмбырдты нӕ фаг кӕны, уым хӕслӕвӕрд раттӕн ис фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн.) Раныхасы ма спайда кӕнын хъӕуы, амынд фӕрстыл фӕлгӕтты цы ӕрмӕг ис, уымӕй дӕр (кӕд дзы ӕндӕр ницы фиппаинаг уа, уӕд). Фӕлтӕрӕнтӕ аразын нӕ хъӕуы. Уыдон сӕйраджыдӕр хъӕуынц, цӕмӕй сыл хъусынгӕнӕг йӕхӕдӕг куса, йе та сӕ уынаффӕтӕдӕттӕг ӕфсымӕр, хибарӕй уынаффӕ куы дӕтта, уӕд пайда кӕна.
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД. 10 минуты. Цӕттӕ йӕ кӕны хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», ахуыргӕнӕн чиныг «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн» кӕнӕ чиныг «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у»-йӕ ист ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрд у 10-минутон зондамонӕн раныхас ӕнӕ дзургӕ фӕлхатӕй. Ӕфсымӕр хъуамӕ ӕрмӕст ӕрмӕг радзурыныл ма архайа, фӕлӕ ма хъуамӕ банысан кӕна, уыцы ӕрмӕгӕй царды куыд ис спайдагӕнӕн ӕмӕ дзы ӕмбырдӕн тынгдӕр цы хъуыдытӕ уыдзысты ахъаз, уый. Ныхас саразын хъӕуы, программӕйы цы темӕ ис амынд, уымӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрд цы ӕфсымӕртӕ цӕттӕ кӕной, уыдон нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр хъуамӕ ма дзурой. Куы хъӕуа, уӕд ныхасы рацӕуӕг ӕфсымӕрӕн уынаффӕ раттӕн ис хибарӕй.
АХСДЖИАГ ХЪУЫДЫТӔ БИБЛИЙӔ. 10 минуты. Фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр фыццаг ӕхсӕз минуты дӕргъы дзуры, ӕрмӕг ӕмбырдмӕ куыд хауы, ууыл. Уыцы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ хъуыд бакӕсын, уыдонӕй йӕ бон у ӕрдзурын кӕцыфӕнды хайыл дӕр. Уый хъуамӕ ма уа кӕсынӕн лӕвӕрд ӕрмӕджы цыбыр афӕлгӕст. Сӕйраг нысан у хъусджытӕн бамбарын кӕнын, уыцы зонындзинӕдтӕ сын цӕмӕн сты ахъаз ӕмӕ сӕ куыд ис спайдагӕнӕн. Ныхасы рацӕуӕг хъуамӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дара рӕстӕгмӕ, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрды фыццаг хай ӕхсӕз минутӕй фылдӕр ма уа. Уый хъуамӕ бӕлвырдӕй зона, хъусынгӕнджытӕн сӕ хъуыдытӕ зӕгъынӕн цыппар минуты кӕй зайы. Хъусджытӕн хъӕуы раттын фадат, цӕмӕй цыбыртӕй (30 секунды бӕрц) радзурой, Библийӕ цы сӕртӕ бакастысты, уым сӕхицӕн хорзӕй цы ссардтой, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ Скъолайы цӕстдарӕг, хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уа, уыцы ахуыргӕнинӕгты арвитдзӕн хицӕн кълӕстӕм.
ДЫККАГ ХӔСЛӔВӔРД. 4 минуты. Аив кӕсын. Цӕттӕ йӕ кӕны ӕфсымӕр. Арӕхдӕр кӕсын хъӕудзӕн Библийӕ. Мӕй иу хатт ацы хӕслӕвӕрдӕн ӕрмӕг ист уыдзӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй. Ахуыргӕнинаг хъуамӕ ӕрмӕг бакӕса ӕнӕ разныхас ӕмӕ ӕнӕ кӕронбӕттӕнӕй. Къуырийӕ-къуыримӕ кӕсыны ӕрмӕг гыццыл хицӕн кӕндзӕн, кӕм фылдӕр уыдзӕн кӕм къаддӕр, фӕлӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн цыппар минутмӕ кӕнӕ та къаддӕр рӕстӕгмӕ. Скъолайы цӕстдарӕг хъуамӕ рагацау ӕркӕса ӕрмӕгмӕ, цӕмӕй хӕслӕвӕрдтӕ дӕтта, ахуыргӕнинӕгты кар ӕмӕ курдиӕттӕ хынцгӕйӕ. Скъолайы цӕстдарӕг ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уой хорз, ӕнӕрхӕцгӕйӕ кӕсын, цы кӕсой, уый ӕмбарой, хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрой, хъӕлӕсы уаг ивой, кӕнӕ зоной, кӕм ӕрлӕууын хъӕуы ӕмӕ аразгӕ хъӕлӕсӕй ма кӕсой.
ӔРТЫККАГ ХӔСЛӔВӔРД. 5 минуты. Цӕттӕ йӕ кӕны хо. Ахуыргӕнинӕгтӕ ацы хӕслӕвӕрд райсгӕйӕ, «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныджы 82 фарсыл амынд уавӕртӕй сӕхӕдӕг искӕцы хъуамӕ равзарой кӕнӕ сын ӕй бацамондзӕн цӕстдарӕг. Хо йӕ хӕслӕвӕрд хъуамӕ бацӕттӕ кӕна, цы темӕ йын уа амынд, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ уе ’мбырды территорийы хъусынгӕнгӕйӕ чи сбӕзза, ахӕм уавӕрӕй спайда кӕна. Ацы хӕслӕвӕрдӕн ӕрмӕг амынд куы нӕ уа, уӕд хо хъуамӕ йӕхӕдӕг ссара ӕрмӕг ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕйы. Ног ахуыргӕнинӕгтӕн хъӕуы дӕттын ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ, ӕрмӕг амынд кӕм уа. Скъолайы цӕстдарӕг йӕ хъус тынгдӕр ӕрдардзӕн, хо ӕрмӕг куыд ӕмбарын кӕны ӕмӕ адӕймагӕн куыд ӕххуыс кӕны библион стихтыл хъуыды кӕнынӕн ӕмӕ ныхасы сӕйраг хъуыдытӕ бамбарынӕн. Ацы хӕслӕвӕрд цы хо цӕттӕ кӕна, уый хъуамӕ кӕсын зона. Скъолайы цӕстдарӕг ын снысан кӕндзӕн ӕххуысгӕнӕг.
ЦЫППӔРӔМ ХӔСЛӔВӔРД. 5 минуты. Ахуыргӕнинаг ӕй хъуамӕ бацӕттӕ кӕна, цы темӕ йын радтой, уымӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрдӕн ӕрмӕг амынд куы нӕ уа, уӕд ахуыргӕнинаг хъуамӕ йӕхӕдӕг ссара ӕрмӕг ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕйы. Ӕфсымӕр ӕй куы цӕттӕ кӕна, уӕд ӕй ис радзурӕн, Паддзахады залы ныхасмӕхъусджытӕм чи хауы, ахӕм раныхасы хуызы. Хо йӕ куы цӕттӕ кӕна, уӕд ӕй алы хатт дӕр цӕттӕ кӕнын хъӕудзӕн 3-аг хӕслӕвӕрды хуызӕн. Скъолайы цӕстдарӕгӕн йӕ бон у 4-ӕм хӕслӕвӕрд раттын ӕфсымӕрӕн, растдӕр ӕм кӕд фӕкӕса, уӕд.
РӔСТӔГ. Нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр хъуамӕ ма уой мадӕр раныхӕстӕ, мадӕр Скъолайы цӕстдарӕджы уынаффӕтӕ. 2-аг, 3-аг ӕмӕ 4-ӕм хӕслӕвӕрдтӕ чи цӕттӕ кӕна, уыдонӕн сӕ рӕстӕг куы фӕуа, уӕд сын ис уӕзданӕй бамбарын кӕнӕн, цӕмӕй сӕ ныхас фӕуой. Дзырдарӕхстдзинадыл чи дзура, 1-аг хӕслӕвӕрд кӕнӕ Библийы ахсджиаг хъуыдытӕ чи амона, уыцы ӕфсымӕртӕ нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр куы дзурой, уӕд сын уынаффӕ хъӕуы раттын хибарӕй. Иууылдӕр хъуамӕ лӕмбынӕг сӕ хъус дарой рӕстӕгмӕ. Программӕ цӕуы 45 минуты (ӕнӕ зарӕг ӕмӕ ӕнӕ куывдӕй).
УЫНАФФӔ. 1 минут. Алы хӕслӕвӕрды фӕстӕ дӕр Скъолайы цӕстдарӕгӕн уыдзӕн иу минуты бӕрц, цӕмӕй, ахуыргӕнинагӕн цалдӕр ныхасы зӕгъа, йӕ ныхасы хорзӕй цы уыд, уый тыххӕй. Уый ӕрмӕст афтӕ хъуамӕ ма зӕгъа, зӕгъгӕ, «мӕнӕ уый хорз сарӕзтай», фӕлӕ хъуамӕ бамбарын кӕна, ныхасы уыцы хай хорз цӕмӕй уыд, уый. Алы ахуыргӕнинаджы дӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ ма йын раттӕн ис бӕлвырд уынаффӕтӕ хибарӕй фембӕлды фӕстӕ кӕнӕ та ӕндӕр хатт.
УЫНАФФӔТӔ, ЗОНДАМОНӔН РАНЫХАСИМӔ ЧИ РАЦӔУА, УЫДОНӔН. Хистӕр нӕлгоймӕгты советӕн сӕ бон у, фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаджы равзарын, цӕмӕй Скъолайы цӕстдарӕгӕн ӕххуыс кӕна. Йӕ хӕс уыдзӕн, цӕмӕй, куы хъӕуа, уӕд 1-аг хӕслӕвӕрд ӕмӕ ахсджиаг хъуыдытӕ Библийӕ чи цӕттӕ кӕна, уыцы ӕфсымӕртӕн хибарӕй уынаффӕтӕ дӕтта. Ӕнӕмӕнгхъӕугӕ нӕу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн сӕ алы раныхасы фӕстӕ дӕр уынаффӕ дӕттын. Афтӕ уыдзӕн 2004 азы дӕргъы, фидӕны та, чи зоны, исты ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуа.
УЫНАФФӔТЫ СЫФ. Ис ахуыргӕнӕн чиныджы.
ДЗУРГӔ ФӔЛХАТ. 30 минуты. Алы дыууӕ мӕйы дӕр Скъолайы цӕстдарӕг уадздзӕн дзургӕ фӕлхат. Уӕлдӕр куыд амынд у, афтӕмӕй уал уый размӕ ӕфсымӕртӕ ӕрдзурдзысты дзырдарӕхстдзинадыл ӕмӕ Библийӕ ахсджиаг хъуыдытыл. Дзургӕ фӕлхат уыдзӕн, фӕстаг дыууӕ мӕйы, уыимӕ ма уыцы къуыри дӕр Скъолайы цы ӕрмӕг ӕвзӕрстат, уымӕ гӕсгӕ.
ПРОГРАММӔ
5 январь Библи кӕсын: Уӕвынад 1—5 154 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕмбарын кӕн, царды кӕм бахъӕудзӕн (be 157 ф., 1 абз.— 158 ф., 1 абз.)
№ 1: Пълан аразын куыд хъӕуы (be 39—42 фф.)
№ 2: Уӕвынад 2:7—25
№ 3: Гуымирыты сурӕттӕн кувыны фӕстиуджытӕ (td 11Ӕ)
№ 4: Зонгӕ-зонын чи ницы арӕзта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ аххосджын чи уыд, уыдоны библион цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
12 январь Библи кӕсын: Уӕвынад 6—10 215 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕрмӕг ныхасмӕхъусджытӕм куыд хауы (be 158 ф., 2—4 абз.)
№ 1: Цы у ӕцӕг сыгъдӕгдзинад? (w02 1.2. 4—7 фф.)
№ 2: Уӕвынад 8:1—17
№ 3: Сайын ӕвзӕр цӕмӕн у?
№ 4: Кувын ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн (td 11Б)
19 январь Библи кӕсын: Уӕвынад 11—16 218 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕмӕн ӕххуыс кӕн, царды сӕ кӕм бахъӕудзӕн, уый фенынӕн (be 159 ф., 1—4 абз.)
№ 1: Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын хорз у (w02 15.2. 4—7 фф., уыр.)
№ 2: Уӕвынад 13:1—18
№ 3: Йесо Чырысти у Хуыцауы Фырт ӕмӕ нысангонд Паддзах (td 21А)
№ 4: Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ ныфсы тыххӕй иннӕ адӕмӕн цӕмӕн дзурынц
26 январь Библи кӕсын: Уӕвынад 17—20 106 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Кӕм цавӕр дзырд фидауы (be 160 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Иннӕтӕн куы тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд сӕм хӕларзӕрдӕ ахаст дардзыстӕм ӕмӕ сӕ ӕмбардзыстӕм (w02 15.4. 24—27 фф., уыр.)
№ 2: w02 1.1. 20, 21, фф., 9—11 абз.
№ 3: Цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ Лукайы 13:24?
№ 4: Фервӕзынӕн Йесойыл ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы ӕууӕндын? (td 21Ӕ)
2 февраль Библи кӕсын: Уӕвынад 21—24 64 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕнцонӕмбарӕн ӕвзаг (be 161 ф., 1—4 абз.)
№ 1: Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы Скъолайы хӕслӕвӕрдтӕ (be 43 ф., 1 абз.—44 ф., 3 абз.)
№ 2: Уӕвынад 21:1—21
№ 3: Фервӕзынӕн Йесойыл ӕрмӕст ӕууӕндын фаг у? (td 21Б)
№ 4: Чызг ӕмӕ лӕппуйӕн бафидауыны хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй цӕуылнӕ ис кӕсӕн?
9 февраль Библи кӕсын: Уӕвынад 25—28 9 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хъӕздыг ӕвзаг ӕмӕ рӕстдзӕвин ныхас (be 161 ф., 5 абз.—162 ф., 4 абз.)
№ 1: Цӕуыл дзурдзынӕ ӕмӕ цавӕр уавӕры (be 44 ф., 4 абз.—46 ф., 1 абз.)
№ 2: Уӕвынад 28:1—15
№ 3: Ацы уӕззау дунейы куыд ис удӕнцой ссарӕн?
№ 4: Цас ахсджиаг у монон ӕгъдауӕй сдзӕбӕх уын? (td 14А)
16 февраль Библи кӕсын: Уӕвынад 29—31 160 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ныхас нуарджын, зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ цардӕгас чи кӕны, ахӕм дзырдтӕ (be 163 ф., 1 абз.—164 ф., 2 абз.)
№ 1: Раст адӕмӕн разамынд дӕтты ӕнаипдзинад (w02 15.5. 24—28 фф., уыр.)
№ 2: w02 1.2. 20, 21 фф., 6—10 абз.
№ 3: Хуыцауы Паддзахад адӕмы низтӕй фервӕзын кӕндзӕн (td 14Ӕ)
№ 4: Чырыстӕттӕ хорз хъуыддӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕной?
23 февраль Библи кӕсын: Уӕвынад 32—35 1 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ раст дзыхыныхас (be 164 ф., 3 абз.—165 ф., 1 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
1 мартъи Библи кӕсын: Уӕвынад 36—39 49 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Пъланмӕ гӕсгӕ дзур (be 166 ф., 1 абз.—167 ф., 1 абз.)
№ 1: Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы раныхӕстӕ ӕмбырдӕн (be 47 ф., 1 абз.—49 ф., 1 абз.)
№ 2: Уӕвынад 37:12—28
№ 3: Уырнындзинадимӕ ма нӕм фидардзинад дӕр цӕмӕн хъуамӕ уа?
№ 4: Абон бирӕтӕ Хуыцауы номӕй кӕй дзӕбӕх кӕнынц, уый Хуыцауӕй нӕу (td 14Б)
8 мартъи Библи кӕсын: Уӕвынад 40—42 205 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы зӕгъинаг дӕ, ууыл ахъуыды кӕн (be 166 ф., 4 абз.—168 ф., 2 абз.)
№ 1: Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы хъусын кӕныны фембӕлды хӕйттӕ ӕмӕ ӕндӕр раныхӕстӕ (be 49 ф., 2 абз.—51 ф., 3 абз.)
№ 2: Уӕвынад 42:1—20
№ 3: Куыд ис Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнӕн?
№ 4: Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат — Хуыцауы хорзӕхыл дзурӕг у? (td 14В)
15 мартъи Библи кӕсын: Уӕвынад 43—46 67 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ раныхасы пълан уӕд хуымӕтӕг (be 168 ф., 3 абз.—169 ф., 6 абз.)
№ 1: Ӕппӕт тыхтӕй архайын. Иегъовӕ уымӕн кӕд арфӕ кӕны? (w02 1.8. 29—31 фф., уыр.)
№ 2: Уӕвынад 43:1—18
№ 3: Йесо дзуарыл амард? (td 15А)
№ 4: Куыд у нӕ бон хӕлӕрттӕ арын ӕнӕраст хъӕздыгдзинадӕй?
22 мартъи Библи кӕсын: Уӕвынад 47—50 187 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕрмӕг фӕд-фӕдыл раст равӕр (be 170 ф., 1 абз.—171 ф., 2 абз.)
№ 1: Иегъовӕ Авелы нывонд цӕмӕн айста, Каины нывонд та цӕуылнӕ айста? (w02 1.8. 28 ф., уыр.)
№ 2: Уӕвынад 47:1—17
№ 3: Чырыстӕттӕн ӕмбӕлы дзуарӕн кувын? (td 15Ӕ)
№ 4: Иегъовӕйӕ аргъуыц кӕнын зонды райдиан цӕмӕн у?
29 мартъи Библи кӕсын: Рацыд 1—6 52 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фӕд-фӕдыл раст ӕвӕрд ӕрмӕг (be 171 ф., 3 абз.—173 ф., 1 абз.)
№ 1: Ӕрхъуыдыдзинад дӕ куыд хъахъхъӕны? (w02 15.8. 21—24 фф., уыр.)
№ 2: w02 1.3. 14, 15 фф., 7—11 абз.
№ 3: Иегъовӕ сӕрбӕрзонддзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы?
№ 4: Алы чырыстон дӕр донаргъуыд райсынӕн цавӕр домӕнтӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕна (td 13А)
5 апрель Библи кӕсын: Рацыд 7—10 61 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕрмӕгӕй ныууадз, ӕрмӕстдӕр цы хъӕуы, уый (be 173 ф., 2—5 абз.)
№ 1: Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы ӕргом раныхӕстӕ (be 52 ф., 1 абз.—54 ф., 1 абз.)
№ 2: Рацыд 8:1—19
№ 3: Донаргъуыд тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕны? (td 13Ӕ)
№ 4: Ныфс «удӕн науӕнгуыры» хуызӕн цӕмӕн у?
12 апрель Библи кӕсын: Рацыд 11—14 87 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хи ныхӕстӕй дзур (be 174 ф., 1 абз.—175 ф., 4 абз.)
№ 1: Дӕуӕй аразгӕ цы у (be 54 ф., 2 абз.—4 абз.; 55 ф., фӕлгӕт)
№ 2: Рацыд 12:1—16
№ 3: Иегъовӕйы зондамындтӕ ӕнӕзивӕгӕй цӕмӕн хъуамӕ исӕм?
№ 4: Хорз цӕмӕн у буары туг нӕ уадзын? (td 32А)
19 апрель Библи кӕсын: Рацыд 15—18 171 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хи ныхӕстӕй дзургӕйӕ цӕмӕй хъӕуы хи хизын (be 175 ф., 5 абз.—177 ф., 1 абз.)
№ 1: Куыд хъуамӕ кӕсӕм фӕлварӕнтӕм? (w02 1.9. 29—31 фф., уыр.)
№ 2: w02 1.3. 29, 30 фф., 8—11 абз.
№ 3: Цымӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ раст у уд бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауы закъоны сӕрты ахизын? (td 32Ӕ)
№ 4: Ӕмкъайады цӕдис цӕрӕнбонтӕм цӕмӕн хъуамӕ уа?
26 апрель Библи кӕсын: Рацыд 19—22 59 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕнӕнхъӕлӕджы дӕ куы бахъӕуа дзуапп дӕттын (be 177 ф., 2 абз.—178 ф., 2 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
3 май Библи кӕсын: Рацыд 23—26 13 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хуымӕтӕг ныхасы уаг (be 179, 180 фф.)
№ 1: Дӕхиуыл кус, цӕмӕй хорз ахуыргӕнӕг уай (be 56 ф., 1 абз.—57 ф., 2 абз.)
№ 2: Рацыд 23:1—17
№ 3: Иегъовӕ адӕймагӕн йӕ ӕвзӕр ахуыртӕ ныууадзынӕн куыд ӕххуыс кӕны?
№ 4: Мӕнг пехуымпарты дӕ бон у базонын? (td 26А)
10 май Библи кӕсын: Рацыд 27—29 28 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хъӕлӕс (be 181 ф., 1—4 абз.)
№ 1: «Хицӕн кӕнын зон» (be 57 ф., 3 абз.—58 ф., 2 абз.)
№ 2: Рацыд 28:29—43
№ 3: Ӕндӕр динтимӕ иу кӕнын Хуыцауы цӕсты раст нӕу (td 6А)
№ 4: Адӕймаджы йӕ расӕйы тыххӕй дӕлджиныг кӕнын раст цӕуылнӕ у?
17 май Библи кӕсын: Рацыд 30—33 93 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Раст улӕф (be 181 ф., 5 абз.—184 ф., 1 абз.; 182 ф., фӕлгӕт)
№ 1: Ахуыр сӕ кӕн хъуыды кӕнын (be 58 ф., 3 абз.—59 ф., 3 абз.)
№ 2: Рацыд 30:1—21
№ 3: Цӕмӕн хъуамӕ уӕм фӕлмас?
№ 4: Динтӕ иууылдӕр хорз сты? (td 6Ӕ)
24 май Библи кӕсын: Рацыд 34—37 86 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ нуӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕцъӕфтӕ ӕрлӕмӕгъ кӕн (be 184 ф., 2 абз.—185 ф., 3 абз.; 184 ф., фӕлгӕт)
№ 1: Амон, цы базыдтой, уый сӕм куыд хауы ӕмӕ фӕзминаг у (be 60 ф., 1 абз.—61 ф., 3 абз.)
№ 2: Рацыд 36:1—18
№ 3: Хуыцау цы куывдтытӕ хъусы (td 22А)
№ 4: Гыццыл хъуыддаджы ӕууӕнкджын цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
31 май Библи кӕсын: Рацыд 38—40 202 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕмыл хъуыды кӕн (be 186 ф., 1—4 абз.)
№ 1: Ахуыр кӕн адӕмимӕ ныхас кӕнын (be 62 ф., 1 абз.—64 ф., 1 абз.)
№ 2: w02 1.5. 28, 29 фф., 3—6 абз.
№ 3: 1 Иоанны 3:19, 20 кӕй ӕмбарӕм, уый нын удӕнцой куыд дӕтты?
№ 4: Иуӕй-иу куывдтытӕ дзӕгъӕлы цӕмӕн сты? (td 22Ӕ)
7 июнь Библи кӕсын: Левит 1—5 123 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕймагмӕ зӕрдӕбынӕй хъусын (be 186 ф., 5 абз.—187 ф., 4 абз.)
№ 1: Дарддӕр куыд ӕмӕ цӕуыл ис ныхас кӕнӕн (be 64 ф., 2 абз.—65 ф., 4 абз.)
№ 2: Левит 3:1—17
№ 3: Чи цӕуы уӕлӕрвтӕм? (td 33А)
№ 4: Сау тыхтимӕ баст хъуыддӕгты архайын раст цӕуылнӕ у?
14 июнь Библи кӕсын: Левит 6—9 121 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕмӕн ӕххуыс кӕн Хуыцауы фӕндагыл слӕууынӕн (be 187 ф., 5 абз.—188 ф., 3 абз.)
№ 1: Фарстраттӕг йӕхӕдӕг цы хъуыды кӕны (be 66 ф., 1 абз.—68 ф., 1 абз.)
№ 2: Левит 7:1—19
№ 3: Фыддзинад нын цӕмӕй ӕнӕуынон уа, ууыл нӕ бон куыд у ахуыр кӕнын?
№ 4: Марийӕ уыд Йесойы мад, «Хуыцауы ныййарӕг» нӕ уыд (td 24А)
21 июнь Библи кӕсын: Левит 10—13 183 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕххуыс сын кӕн хъуыддагӕй (be 188 ф., 4 абз.—189 ф., 4 абз.)
№ 1: Кӕмӕн цы зӕгъын хъӕуы, уый зон (be 68 ф., 2 абз.—70 ф., 4 абз.)
№ 2: Левит 11:1—25
№ 3: Библийӕ бӕрӕг у, Марийӕ ӕнӕцыд чызгӕй кӕй нӕ баззад (td 24Ӕ)
№ 4: Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы фӕлитой митӕм?
28 июнь Библи кӕсын: Левит 14—16 216 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕмӕн кад кӕн (be 190 ф., 1—191 ф., 1 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
5 июль Библи кӕсын: Левит 17—20 54 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕймагӕн кӕй кад кӕныс, уый бӕрӕг уӕд дӕ ахастӕй (be 191 ф., 2 абз.—192 ф., 1 абз.)
№ 1: Фыстӕджытӕ фыссын куыд хъӕуы (be 71—73 фф.)
№ 2: Левит 17:1—16
№ 3: Иегъовӕйы организацийыл ӕууӕнд
№ 4: Чырыстӕттӕн ӕмбӕлы фыдӕлтӕн кувын? (td 37А)
12 июль Библи кӕсын: Левит 21—24 138 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕймагӕн кӕй аргъ кӕныс, уый бӕрӕг уӕд дӕ ныхасы уагӕй (be 192 ф., 2 абз.—193 ф., 2 абз.)
№ 1: Цы дын бантыст, ууыл ма ӕрлӕуу (be 74 ф., 1 абз.—75 ф., 3 абз.)
№ 2: Левит 22:1—16
№ 3: Ӕрмӕстдӕр кӕмӕн хъӕуы кувын ӕмӕ кӕмӕн ис кад кӕнӕн? (td 37Ӕ)
№ 4: Иегъовӕ дзуттӕгты Хуыцау уыд?
19 июль Библи кӕсын: Левит 25—27 7 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дзур фидарӕй (be 194 ф., 1 абз.—195 ф., 2 абз.)
№ 1: Дӕ курдиӕттӕ ма ӕвгъау кӕн (be 75 ф., 4 абз.—77 ф., 2 абз.)
№ 2: Левит 25:1—19
№ 3: Терроризмӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн?
№ 4: Цы нысан кӕны «бӕсты сӕфт» (td 36А)
26 июль Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 1—3 30 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фидар уырнындзинад цӕмӕй бӕрӕг вӕййы (be 195 ф., 3 абз.—196 ф., 4 абз.)
№ 1: Чырыстӕттӕ хъуамӕ хӕлӕг кӕной ӕви ӕнувыд уой? (w02 15.10. 28—31 фф., уыр.)
№ 2: w02 1.7. 14, 15 фф., 6—9 абз.
№ 3: Фӕстаг бонты нысӕнттӕм дарддӕр дӕр хъӕуы хъус дарын (td 36Ӕ)
№ 4: Нӕ уарзон адӕмӕй исчи куы амӕлы, уӕд ыл маст кӕнын ӕмбӕлы?
2 август Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 4—6 128 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: У уӕздан, фӕлӕ фидар (be 197 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Алы бон дӕр нӕ бон куыд у Иегъовӕйы зӕрдӕ райын кӕнын? (w02 15.11. 20—23 фф., уыр.)
№ 2: Нымӕцтӕ 6:1—17
№ 3: Библи куыд ӕххуыс кӕны адӕмӕн, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон мауал уой?
№ 4: Чырыстӕттӕ бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй кӕсынц (td 9А)
9 август Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 7—9 35 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Уӕздан у хъусын кӕнгӕйӕ (be 197 ф., 4 абз.—199 ф., 1 абз.)
№ 1: Ӕмсӕр адӕмы ӕхсӕнад искуы уыдзӕн? (w02 1.1. 3—5 фф.)
№ 2: Нымӕцтӕ 8:1—19
№ 3: Адӕймаджы цард хъысмӕтыл баст нӕу (td 42А)
№ 4: Чи у мӕнг чырысти?
16 август Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 10—13 203 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Афойнадыл загъд раст ныхӕстӕ (be 199 ф., 2—5 абз.)
№ 1: Дӕ ныфс дар Иегъовӕйыл, удӕгас Хуыцауыл (w02 15.1. 5—7 фф., уыр.)
№ 2: Нымӕцтӕ 12:1—16
№ 3: Хуыцау йӕ маст кӕй исы, уый йӕ уарзондзинады ныхмӕ у?
№ 4: Ӕцӕг чырыстӕттӕм ӕнӕуынон цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц? (td 27А)
23 август Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 14—16 207 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Уӕздан у бинонты ’хсӕн ӕмӕ иннӕтимӕ (be 200 ф., 1 абз.—201 ф., 1 абз.)
№ 1: Иухуызон зондахаст кӕмӕн нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ (w02 1.2. 29, 30 фф.)
№ 2: w02 1.8. 19, 20 фф., 15—19 абз.
№ 3: Ус хъуамӕ йӕ лӕгӕн уый бар ма ратта, цӕмӕй йӕ Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕна (td 27Ӕ)
№ 4: Чырыстӕттӕ ӕгъатыр видеохъӕзтытӕй цӕуылнӕ хъуамӕ хъазой?
30 август Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 17—21 150 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхас зӕрдӕрухсы хос уӕд (be 202 ф., 1 абз.—203 ф., 2 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
6 сентябрь Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 22—25 22 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхасӕй зӕрдӕ рухс кӕнӕд (be 203 ф., 3 абз.—204 ф., 1 абз.)
№ 1: Цӕмӕн фесӕфт уыцы рагон дуне? (w02 1.3. 5—7 фф.)
№ 2: Нымӕцтӕ 22:1—19
№ 3: Лӕг хъуамӕ йӕ усӕн уый бар ма дӕтта, ӕмӕ йӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын хъыгдара (td 27Б)
№ 4: Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсой?
13 сентябрь Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 26—29 71 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ныхас кӕнгӕйӕ (be 204 ф., 2 абз.—205 ф., 5 абз.)
№ 1: Адӕм иууылдӕр уыдзысты ӕнӕниз. Куыд? (w02 1.5. 3—6 фф.)
№ 2: Нымӕцтӕ 29:1—19
№ 3: Куыд базонӕн ис иунӕг раст дин? (td 12А)
№ 4: Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ Йесо Чырыстийы уылты «о» куыд систы?
20 сентябрь Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 30—32 51 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фӕлхат хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн (be 206 ф., 1—4 абз.)
№ 1: Таут рӕстдзинад, ӕмӕ ӕркӕрддзыстут Хуыцауы ӕнувыд уарзт (w02 15.7. 28—31 фф., уыр.)
№ 2: Нымӕцтӕ 30:1—16
№ 3: Мӕнг ахуырӕдтӕ ӕргом кӕнын раст у? (td 12Ӕ)
№ 4: Хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?
27 сентябрь Библи кӕсын: Нымӕцтӕ 33—36 100 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фӕлхат уацамынды ӕмӕ раныхӕсты (be 207 ф., 1 абз.—208 ф., 4 абз.)
№ 1: Ӕцӕг сыгъдӕджытӕн сӕ бон куыд у дӕуӕн баххуыс кӕнын? (w02 15.9. 4—7 фф., уыр.)
№ 2: w02 1.8. 31, 32 фф., 15—19 абз.
№ 3: Дин аивын Хуыцау растыл кӕд нымайы? (td 12Б)
№ 4: Цардӕн тӕссаг хиирхӕфсӕнтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ агурӕм?
4 октябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 1—3 191 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхасы сӕр райхал (be 209 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Хуыцауы тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ сты ныфсы хос (w02 1.10. 5—7 фф.)
№ 2: Дыккаг закъон 1:1—18
№ 3: Цы нысан кӕны ӕцӕгад зӕрдӕмӕ айсын?
№ 4: Хуыцау «алкӕцы дины дӕр хорзӕй» исты уыны? (td 12В)
11 октябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 4—6 181 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн (be 210 ф., 1 абз.—211 ф., 1 абз.; 211 ф., фӕлгӕт)
№ 1: Н. э. агъоммӕ 537 азӕй анымайын фӕстӕмӕ н. э. агъоммӕ 997 азы онг (si 3-аг урок, 5—7 абз.)
№ 2: Дыккаг закъон 4:1—14
№ 3: Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ног дин сты? (td 19А)
№ 4: Цы хауы «уды хъуыдытӕм»?
18 октябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 7—10 78 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай (be 212 ф., 1 абз.—213 ф., 1 абз.)
№ 1: Н. э. агъоммӕ 997 азӕй анымайын фӕстӕмӕ н. э. агъоммӕ 2370 азы онг (si 3-аг урок, 8—11 абз.)
№ 2: w02 1.9. 11, 12 фф., 3—6 абз.
№ 3: Ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕцӕгады тыххӕй хъусын кӕной (td 41А)
№ 4: Иегъовӕ аздӕхджытӕм цы цӕстӕй кӕсы?
25 октябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 11—13 57 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Сӕйраг хъуыдытӕ хъуамӕ бирӕ ма уой (be 213 ф., 2 абз.—214 ф., 5 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
1 ноябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 14—18 26 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Зӕрдӕйыл чи ӕмбӕлы, ахӕм разныхас (be 215 ф., 1 абз.—216 ф., 5 абз.)
№ 1: Н. э. агъоммӕ 2370 азӕй анымайын фӕстӕмӕ н. э. агъоммӕ 4026 азы онг (si 3-аг урок, 12—15 абз.)
№ 3: Адӕммӕ ма ногӕй цӕмӕн цӕуӕм? (td 41Ӕ)
№ 4: Чырыстӕттӕ хуымӕтӕг цард цӕмӕн хъуамӕ кӕной?
8 ноябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 19—22 182 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Уацамынды адӕмы ӕргом дӕ ныхасмӕ здах (be 217 ф., 1—4 абз.)
№ 1: Йесо зӕххыл кӕд цард (si 3-аг урок, 16, 17 абз.)
№ 3: Адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ, сӕ тугӕй сыгъдӕг стӕм (td 41Б)
№ 4: Библийы цӕвиттонтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд?
15 ноябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 23—27 162 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Зӕгъ, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн (be 217 ф., 5 абз.—219 ф., 2 абз.)
№ 1: Йесойы лӕггады рӕстӕджы тыххӕй бӕлвырд пехуымпарад (si 3-аг урок, 18, 19 абз.)
№ 3: Хуыцау кӕмӕн ӕххуыс кӕны, уыдоны куыд ис базонӕн?
№ 4: Чырыстӕттӕ иууылдӕр хъуамӕ уой лӕггадгӕнджытӕ (td 23А)
22 ноябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 28—31 32 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Нысаныл чи ӕмбӕлы, ахӕм кӕронбӕттӕн (be 220 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Апостолты рӕстӕджыты нымад (si 3-аг урок, 20—23 абз.)
№ 3: Лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ (td 23Ӕ)
№ 4: Чырыстӕттӕ бонзонгӕ цӕмӕн хъуамӕ уой?
29 ноябрь Библи кӕсын: Дыккаг закъон 32—34 41 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы хъӕуы зӕрдыл дарын (be 220 ф., 4 абз.—221 ф., 4 абз.)
№ 1: Павелы дыккаг уацамындон балц (si 3-аг урок, 24, 25 абз.)
№ 2: w02 1.11. 11 ф., 10—13 абз.
№ 3: Куыд у нӕ бон Хуыцауы ном кадджын кӕнын?
№ 4: Цӕмӕн мӕлы адӕймаг? (td 25А)
6 декабрь Библи кӕсын: Йесо Навин 1—5 40 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Уацамынды (be 222 ф., 5 абз.—222 ф., 6 абз.)
№ 1: Павелы ӕртыккаг уацамындон балц ӕмӕ фӕстаг азтӕ, н. э. 56—100 азтӕ (si 3-аг урок, 26—30 абз.)
№ 2: Йесо Навин 4:1—14
№ 3: Мӕрдтӕн сӕ бон у махӕн зиан ракӕнын? (td 25Ӕ)
№ 4: Цыппурс чырыстон бӕрӕгбон у?
13 декабрь Библи кӕсын: Йесо Навин 6—8 213 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Раст ӕмӕ ӕцӕг цы у, уый дзур (be 223 ф., 1—5 абз.)
№ 1: Хатыр курын — фидауыны хос (w02 1.11. 4—7 фф.)
№ 2: Йесо Навин 6:10—23
№ 3: Дарддӕр дӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
№ 4: Адӕмӕн сӕ бон у сӕ мард хӕстӕджытимӕ ныхас кӕнын? (td 25Б)
20 декабрь Библи кӕсын: Йесо Навин 9—11 135 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: «Ӕцӕгады дзырдыл [фидар] хӕц» (be 224 ф., 1—4 абз.)
№ 1: Уӕ къухтӕ фӕфидар кӕнут (w02 1.12. 30, 31 фф.)
№ 2: w02 1.12. 17, 18 фф., 19—23 абз.
№ 3: Библи сфӕлдисыны тыххӕй цы дзуры, уыимӕ зонад разы у (td 30А)
№ 4: Цы нысан кӕны сабырдзинад уарзын?
27 декабрь Библи кӕсын: Йесо Навин 12—15 210 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Сбӕлвырд-иу кӕн, цы зӕгъинаг дӕ, уый раст у ӕви нӕ (be 225 ф., 1—3 абз.)
Дзургӕ фӕлхат