Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/04 2–3 фф.
  • Фембӕлдты уыдзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фембӕлдты уыдзӕн
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Сӕргӕндтӕ
  • 8 мартъийӕ райдайгӕ къуыри
  • 15 мартъийӕ райдайгӕ къуыри
  • 22 мартъийӕ райдайгӕ къуыри
  • 29 мартъийӕ райдайгӕ къуыри
  • 5 апрелӕй райдайгӕ къуыри
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 3/04 2–3 фф.

Фембӕлдты уыдзӕн

8 мартъийӕ райдайгӕ къуыри

37 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй иннӕ хатт Хъусын кӕныны фембӕлдмӕ семӕ ӕрбахӕссой ног брошюрӕ «Дӕ цӕст ахӕсс „арфӕгонд зӕххыл“» (уыр.). 4-ӕм фарсыл лӕвӕрд уынаффӕтӕм гӕсгӕ бацӕттӕ кӕн дыууӕ равдысты: куыд ис раттӕн 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ 22 мартъийы «Райхъал ут!».

15 мин. Ныхас райдайынӕн пайда кӕн трактаттӕй. Ныхас хъусджытимӕ. Арӕх уацамынды ӕппӕты зындӕр вӕййы ныхас райдайын. Трактаттӕ нын баххуыс кӕндзысты хъусын кӕнынӕн, куыд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, афтӕ куыстуӕтты ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕтты дӕр. Цыбыртӕй ӕрдзур, уӕ территорийы адӕмы чи бацымыдис кӕндзӕн, дыууӕ-ӕртӕ ахӕм трактатыл. Цы ис зӕгъӕн уыцы трактаттӕ дӕтгӕйӕ? Куыд ис нывтӕй пайдагӕнӕн? Цавӕр фарстытӕ ис уӕзданӕй раттӕн? Алы трактаты дӕр равдис, цавӕр абзац ис равзарӕн, исчи куы бацымыдис кӕна, уӕд. Фенын кӕн, трактаты руаджы куыд ис ныхас райдайӕн. Цыбыртӕй равдис, хъусынгӕнӕг адӕймагимӕ иу абзацыл куыд ныхас кӕны ӕмӕ йын йӕ ныхасы кӕрон чиныг «Базонынад» куыд дӕтты.

20 мин. «Уарзут Хицауы, ӕппӕт йӕ рӕстгӕнджытӕ»a. 3-аг абзацыл куы ныхас кӕнат, уӕд хъусынгӕнджыты бафӕрс, Ӕрымысӕн изӕрмӕ адӕмы куыд хуыдтой.

131 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

15 мартъийӕ райдайгӕ къуыри

121 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Ӕрныхас кӕн «Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй зӕрдылдаринӕгты» сӕйраг хъуыдытыл. Зӕгъ, Ӕрымысӕн изӕр цы къуыри уыдзӕн, уыцы къуыри «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕд ахуыр кӕндзыстут.

15 мин. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы архайӕм уӕлдай зӕрдӕргъӕвдӕй. Уацамындӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр ныхас кӕны хъусджытимӕ. Зӕгъ, цавӕр фембӕлдтӕ ма спълан кодтат. Радзур цалдӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн цауы, уыцы рӕстӕджы чи ӕрцыд, ахӕмтӕ. Сразӕнгард кӕн курдиӕттӕ бадӕттынмӕ, апрель ӕмӕ майы йӕ бон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыдоны. Цыбыртӕй равзар цалдӕр хъуыдыйы февралы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ы уӕлӕмхасӕн сыфӕй.

20 мин. Ахуыр кӕнӕм брошюрӕ «Дӕ цӕст ахӕсс „арфӕгонд зӕхыл“» (уыр.). Ацы ног брошюрӕ нын фӕахъаз уыдзӕн Хуыцауы Ныхас кӕсгӕйӕ ӕмӕ ахуыргӕнгӕйӕ. Уый тыххӕй хъӕуы, брошюрӕйы фӕстаг фарсыл цы «Амонӕн» ис, уымӕй пайда кӕнын. Бакӕс Исайы 63:1, цыран дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ цӕуы Восорӕй. Зӕгъ, цӕмӕй алчидӕр ссара «Амонӕны» дзырд «Восор». 34-ӕм фарсыл фӕлгӕты руаджы бамбарын кӕн, цы нысан кӕны «Восор(а) 11 Ж11» ӕмӕ амынд картӕйыл ссар Восор ӕмӕ Едом. «Амонӕны» руаджы ӕркӕс, Йесо Чырысти Иерусалимӕй Сихармӕ цы фӕндагыл цыд (Иоан. 4:3—5). Ссарут ма, Вифездӕйы найӕн кӕм уыдис, уый дӕр (Иоан. 5:1—3). Ӕрхӕсс ма иу кӕнӕ дыууӕ цӕвиттоны Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕйӕ Библи ӕрвылкъуыри кӕсынӕй. Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй фенын кӕной, уыцы бынӕттӕ брошюрӕйы кӕм ис ссарӕн ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, картӕтӕй кӕй пайда кӕнӕм, уый. Цыбыртӕй радзур иуӕй-иу картӕты тыххӕй ӕмӕ зӕгъ, цы рӕстӕгмӕ хауынц, уый. 18 ӕмӕ 19-ӕм фӕрстыл цы картӕ ис, уый у ӕппӕты биноныгдӕр. Алкӕй дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй арӕхдӕр пайда кӕной брошюрӕйӕ «Дӕ цӕст ахӕсс „арфӕгонд зӕххыл“».

63 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

22 мартъийӕ райдайгӕ къуыри

191 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд. Алкӕй зӕрдыл дӕр ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй кӕсой брошюрӕ «Алы бон дӕр ӕвзар фыстытӕ» ӕмӕ 2004 азы къӕлиндары 30 мартъийӕ 4 апрелмӕ Библи кӕсынӕн цы ӕрмӕг ис амынд, уый.

15 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.

20 мин. «Бӕхджын ӕфсады ныббырст — дӕумӕ дӕр хауы»b. Кӕд ма дын рӕстӕг уа, уӕд бакӕс ӕмӕ ӕрныхас кӕн, Библийӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдоныл.

181 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

29 мартъийӕ райдайгӕ къуыри

129 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй мартъийӕн уацамынды хыгъд раттой. Зӕгъ, апрелы цавӕр литературӕ парахат кӕндзыстӕм, уый тыххӕй. 4-ӕм фарсыл амынд уынаффӕтӕм гӕсгӕ бацӕттӕ кӕн дыууӕ равдысты: куыд ис раттӕн 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ 8 апрелы «Райхъал ут!».

15 мин. Разамонӕг советы фыстӕг. Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ. Ӕрдзур фыстӕджы сӕйраг хъуыдытыл, ӕрхӕсс цалдӕр цымыдисаг цӕвиттоны ӕппӕтдунеон хыгъдӕй ӕмӕ радзур уырнындзинад фидаргӕнӕг цаутӕй цалдӕр. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2004 аз, 1 январь.) Алкӕйдӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй бакӕсой «Ӕрвылазон чиныг», кӕд, цы ӕвзаг ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл ис, уӕд.

20 мин. «Ӕцӕгад бинонты иу кӕны». Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ. Иуӕй-иу хатт адӕймаг Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайыныл фӕстӕмӕ-фӕстӕмӕ фӕкӕны, йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ кӕй вӕййынц, уый тыххӕй. Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ 2002 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй 24, 25 фф.; 2000 аз, 1 декабрь, 8 ф. (уыр.); 1999 аз, 1 сентябрь, 32 ф. (уыр.); 1999 аз, 1 январь, 4 ф. (уыр.) ӕмӕ 1998 азы 22 февралы «Райхъал ут!»-ӕй (уыр.) 31 ф. Бахахх кӕн, бинонты цард арӕх кӕй фӕхуыздӕр вӕййы, бинонтӕй иу адӕймаг дӕр Библийы уагӕвӕрдӕм гӕсгӕ куы фӕцӕры, уӕд.

130 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

5 апрелӕй райдайгӕ къуыри

126 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ.

20 мин. «Нӕ сыгъдӕгдзинад дзурӕг у, чи стӕм, ууыл». Раныхас бындуриуӕг кӕны 2002 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл, 27—29 фӕрстӕ. Бацӕттӕ кӕн равдыст: хистӕр нӕлгоймаг ӕвдисы пионерӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кӕны, уымӕн куыд ис уӕзданӕй бамбарын кӕнӕн брошюрӕ «Цы домы»-йӕ 9-ӕм урочы 5-ӕм абзацы руаджы, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕ кӕрт дӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уой.

15 мин. Радзур, цы цымыдисаг цаутӕ ӕрцыд Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы ӕмӕ ма мартъийы фылдӕр куы хъусын кодтат, уӕд.

25 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

b Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын