Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2004 азы 26 апрелӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2004 азы 1 мартъийӕ райдайгӕ къуырийӕ 26 апрелӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. [Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)]
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Ныхасы рацӕугӕйӕ, гӕххӕттӕй кӕсынӕй пъланмӕ гӕсгӕ дзурын хуыздӕр цӕмӕн у? (be 166 ф., 3 абз.).
2. Хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ, нӕ бон куыд у, цы дзурдзыстӕм, уымӕн ӕнӕфыст пълан скӕнын? (be 167 ф., 2 абз.).
3. Куыстытӕ 13:16—41 ӕмӕ Куыстытӕ 17:2, 3 стихтӕй бамбарын кӕнут, Йесо кӕй у Чырысти, уый Павел афтӕ фидарӕй цӕй руаджы сбӕлвырд кодта (Ап. к. 9:22) (be 170 ф., 2 абз.).
4. Хи ныхӕстӕй дзурын цӕмӕй хорз у? (be 175 ф., 1—4 абз.).
5. Хи ныхӕстӕй дзургӕйӕ цӕмӕй хъӕуы хи хизын ӕмӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн? (be 175 ф., 5 абз.—176 ф., 3 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Уӕвынады 32:24—32 гӕсгӕ 97 аздзыд Иаков Иегъовӕйы арфӕ райсыны тыххӕй цы арӕзта ӕмӕ нӕ уый цӕуыл ахуыр кӕны? (w02 1.8. 29—31 фф., уыр.).
7. Цы у ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ нӕ куыд хъахъхъӕны фӕцудынӕй ӕмӕ ӕнӕхъуаджы зианӕй? (Ӕмб. 1:4) (w02 15.8. 21, 22 фф., уыр.).
8. Раныхасгӕнджытӕ сӕ ныхас Фыстадыл куыд хъуамӕ аразой? (be 52 ф., 6 абз.—53 ф., 5 абз.).
9. Цӕмӕй раныхасы Фыстад бӕстон ӕвзӕрст цӕуа, уый тыххӕй раныхасгӕнӕгӕн цы аразгӕ у? (be 54 ф., 2—4 абз.).
10. Цӕмӕ ӕфсӕста Иегъовӕ израилӕгты ӕдзӕрӕг быдыры маннӕйӕ къуырийӕ-къуыримӕ, мӕйӕ-мӕймӕ ӕмӕ мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм уымӕй? (Дык. з. 8:16) (w02 1.9. 30 ф., 3, 4 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Уӕвынады 37:12—17 кӕсгӕйӕ, Иосиф куыд архайдта ӕмӕ Йесо цы сарӕзта, уым иумӕйагӕй цы ис? (w87 1.10. 12 ф., 12 абз., уыр.).
12. Уӕвынады 42:25—35 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Иосифӕй афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йесойау тӕригъӕдгӕнаг уыд? (w87 1.10. 18 ф., 10 абз.; 19 ф., 17 абз., уыр.).
13. Цагъары къорд абон хӕринаг куыд дӕтты, уый Иосифы рӕстӕджы хоры уӕрстмӕ цы хуызы ис ахӕссӕн? (Уӕв. 47:21—25).
14. Иегъовӕ йӕ номы тыххӕй цы раргом кодта, афтӕ куы загъта: «Ӕз суыдзынӕн, чи хъуамӕ суон, уый»? (Рац. 3:14, 15).
15. Рацыды 16:2, 3 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй цавӕр дыууӕ хъуыддаджы у тӕссаг хъуыр-хъуыр кӕнын ӕмӕ хъаст кӕнын? (w93 15.3. 20, 21 фф., уыр.).