Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ майы: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Иннӕ хатт цымыдисгӕнӕг адӕммӕ куы цӕуай, уӕд-иу бацу, Ӕрымысӕн изӕры кӕнӕ ӕндӕр фембӕлды чи уыд, фӕлӕ ӕмбырды хъуыддӕгты чи нӕ архайы, ахӕм адӕймӕгтӕм дӕр ӕмӕ сын ратт чиныг «Кувут Хуыцауӕн». Бацархайын хъӕуы, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайӕм, уӕлдайдӕр та, чиныг «Базонынад» ӕмӕ брошюрӕ «Цы домы» чи ахуыр кодта, уыдонимӕ. Июны: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд та йын ратт брошюрӕ «Цы домы» ӕмӕ бацархай йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июль ӕмӕ августы: ӕмбырды цы 32-фарсон брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.
◼ 2004 азы облӕстон конгрессы плакеткӕтӕ тагъд ӕмбырдтӕм ӕрвыст ӕрцӕудзысты. Заказ кӕнын сӕ нӕ хъӕуы. Алы ӕмбырд дӕр райсдзӕн, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» сыфтӕй цал исы, уымӕй 40 проценты фылдӕр. Ӕмбырды фылдӕр плакеткӕтӕ куы хъӕуа, уӕд сӕ заказ кӕнын хъӕуы литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Плакеткӕтӕн фидаргӕнӕнтӕ ӕмбырды искӕй куы хъӕуа, уӕд сӕ хъӕуы заказ кӕнын.
◼ Филиалы хъуамӕ уой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарджыты ӕмӕ секретарты раст адристӕ ӕмӕ телефонты номыртӕ. Куыддӕр исты фӕива, афтӕ ӕмбырды комитет хъуамӕ байдзаг кӕна ӕмӕ филиалмӕ арвита бланк «Изменение адреса председательствующего надзирателя/секретаря» (S-29). Уый ма хауы, индекс куы фӕива, уӕд уымӕ дӕр.
◼ Ӕмбырдты секретартӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, се ’мбырдты фаг кӕнынц ӕви нӕ бланктӕ «Заявление на общее пионерское служение» (S-205) ӕмӕ «Курдиат ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй» (S-205b). Заказ кӕнӕн сӕ ис литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Уӕ бланктӕ ӕппынкъаддӕр афӕдзы фаг уӕддӕр хъуамӕ уой. Уӕ хъус дарут, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггады тыххӕй бланктӕ иууылдӕр кӕронмӕ дзаг уой, уыимӕ ма хъуамӕ фыст уа аргъуыд райсыны бон дӕр.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2004 азы 18 январы, хуыцаубоны, Санкт-Петербурджы кӕй уыд фембӕлд, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы 20-ӕм къласс йӕ ахуыр кӕй фӕци, уый фӕдыл. Программӕмӕ байхъуыста 316 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. Ӕрбацӕуджытӕй алкӕйдӕр бафидар кодтой филиалы комитеты уӕнгты ӕмӕ Скъолайы ахуыргӕнджыты раныхӕстӕ, афтӕ ма рауагъдонтӕй цы интервью райстой, уый дӕр. 24 студенты ахуыр фесты ӕмӕ ныр цӕттӕ сты сӕ зонындзинӕдтӕй пайда кӕнынмӕ. 6 ӕфсымӕры снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй, иннӕты та — фӕстӕмӕ сӕхи ӕмбырдтӕм. Нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы стыр ӕнтыстытӕ ӕмӕ нӕ ныфс ис, уыцы ахуыр сын кӕй баххуыс кӕндзӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кӕнынӕн.