Зӕдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц
1 «Мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ». Ацы ныхӕстӕ куыд фидар кӕнынц, Йесойы фӕдзӕхстмӕ чи хъусы, ӕппӕт уыдоны! Уыцы фӕдзӕхст у ахӕм: «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты» (Матф. 28:18—20). Йесо ӕцӕг чырыстӕттимӕ куыд ис? Зӕгъӕм, йӕ зӕдты руаджы (Матф. 13:36—43). Диссаг куыннӕ у, «мыггагмӕйы Евангели» ацы иузӕрдион уӕларвон фӕлдисондтимӕ хъусын кӕнын! (Рарг. 14:6, 7).
2 Уацамынды. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, зӕдтӕ сты «кусынмӕ ӕрвыст уыдонӕн, кӕцытӕ хъуамӕ райсой ирвӕзындзинад» (Дзут. 1:14). Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн зӕдтӕ ӕххуыс кодтой, аккаг чи у, ахӕмты агурынӕн (Ап. к. 8:26). Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ уынынц зӕдты разамынд. Бирӕ хатт адӕм фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕххуысы тыххӕй куы куывтой, растдӕр сӕм уӕд ӕрбацыдысты Ӕвдисӕнтӕ. Куыд фӕцин кӕнӕм зӕдтимӕ иумӕ, ахӕм адӕм Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ куы айсынц! (Лук. 15:10).
3 Ныхмӕлӕудыл сӕмбӕлгӕйӕ. Данел, йӕ ӕртӕ дзуттаг хӕлары, апостол Петр стӕй ма стыр фӕлварӕнтыл чи сӕмбӕлд, бирӕ ӕндӕр ахӕмтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой, Иегъовӕ сӕ куыд бахъахъхъӕдта, «хъаруйӕ фидар» чи у, йӕ уыцы зӕдты уылты (Пс. 102:20; Дан. 3:28; 6:21, 22; Ап. к. 12:11). Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕм гӕнӕн ис афтӕ кӕса, ӕмӕ нын ӕххуысгӕнӕг нӕй, фӕлӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕны, Елисейы фӕсдзӕуины цардӕй иу хабар. Уый йӕхи цӕстӕй федта, «немӕ чи ис, уыдон фылдӕр [кӕй] сты, семӕ чи ис, уыдонӕй» (4 Пад. 6:15—17). Нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕй нӕ куы фӕиппӕрд кӕной, уӕддӕр зӕрдӕсаст хъуамӕ ма фӕуӕм. Хуыцауы Ныхас нӕ фидар кӕны: «Хицауы Зӕд ӕртыхсы Уымӕй тӕрсджыты алыварс ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны» (Пс. 33:8).
4 Тагъд рӕстӕджы зӕдты ӕфсӕдтӕ рацӕудзысты, Паддзах Чырыстийы ныхмӕ чи у, уыдоны скуынӕг кӕнынмӕ (Рарг. 19:11, 14, 15). Уӕдӕ уыцы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, цӕй ӕмӕ фӕндфидарӕй кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы, ӕмӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм, Чырыстийы разамындӕй нын хъомысджын уӕларвон ӕфсӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, ууыл (1 Пет. 3:22).