Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2004 азы 30 августӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2004 азы 5 июлӕй райдайгӕ къуырийӕ 30 августӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. [Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)]
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Куыд у нӕ бон нӕ ныфсы тыххӕй «фӕлмасӕй ӕмӕ уӕзданӕй» дзурын? (1 Пет. 3:15, НФ) (be 192 ф., 2—4 абз.).
2. Цӕмӕн хъӕуы фидарӕй дзурын? (Ром. 8:38, 39; 1 Фес. 1:5; 1 Пет. 5:12) (be 194 ф.).
3. Фидар уырнындзинад цӕмӕй бӕрӕг вӕййы? (be 195 ф., 3 абз.—196 ф., 4 абз.).
4. Кӕй ис схонӕн уӕздан адӕймаг, уӕздандзинад цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй уӕм уӕздан, фӕлӕ уыимӕ фидар дӕр? (Ром. 12:18) (be 197 ф.).
5. Уӕздан адӕймаг исты зӕгъыны размӕ цӕуыл ахъуыды кӕндзӕн? (Ӕмб. 25:11; Иоан. 16:12) (be 199 ф., 2—4 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Нӕ ныхас цӕуыл вӕййы ӕмӕ Библи куыд ахуыр кӕнӕм, уымӕй куыд зыны, ӕцӕгады нын цы бантыст, уый? (be 74 ф., 3 абз.—75 ф., 2 абз.).
7. Цы нысан кӕны «ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕнын» ӕмӕ уый куыд ис аразӕн? (Еф. 5:16, НД) (w02 15.11. 23 ф., уыр.).
8. Фыстад куыд ӕмбарын кӕны, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны ӕмӕ уый нӕ хъусын кӕныны хъуыддагыл куыд хъуамӕ зына? (w02 1.1. 4, 5 фф.).
9. Цы нысан кӕны Сфӕлдисӕджы ӕвӕджиауы ном — Иегъовӕ? (w02 15.1. 5 ф., уыр.).
10. Авелы нывонд Каины нывондӕй «хуыздӕр» цӕмӕ гӕсгӕ уыд ӕмӕ уымӕй нӕ «ӕппӕлды нывонды» тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Дзут. 11:4; 13:15) (w02 1.2. 29 ф., 6—8 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Левиты 18:3 стих нын куыд ӕххуыс кӕны нӕхи хизын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый фӕдыл цы зыгъуыммӕ хъуыдытӕ ис, уыдонӕй? (Еф. 4:17—19) (w02 1.2. 29 ф., уыр.).
12. Хистӕр сауджын-иу Къуыриты бӕрӕгбоны (Фӕндзайӕм боны) Хуыцауӕн цы «дыууӕ дзулы» ӕрхаста, уыдонӕн цавӕр пехуымпарадон нысаниуӕг уыди? (Лев. 23:15—17) (w98 1.6. 27 ф., 21 абз.).
13. Нымӕцты 5-ӕм сӕры куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй-иу ӕндӕр лӕгимӕ ӕмуатон чи ӕрцыд, уыцы сылгоймагӕн йӕ «синтӕ [цы хуызы] бахус сты»? (Ным. 5:27) (w84 1.11. 21 ф., уыр.).
14. Мариам ӕмӕ Аарон Моисейы йӕ кушитаг усы тыххӕй цӕмӕн ӕфхӕрдтой? (Ным. 12:1).
15. «Иегъовӕйы хӕстыты чиныг» цы уыд? (Ным. 21:14).