Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Августы: ӕмбырды цы 32-фарсон брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябры: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Октябры: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Адӕймаг куы цымыдис кӕна, уӕд ма йын ис раттӕн брошюрӕ «Цы домы» дӕр. Бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Ноябры: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд ын ратт брошюрӕ «Цы домы» ӕмӕ бацархай йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайын.
◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ 1 сентябры кӕнӕ уый фӕстӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы бакӕсат, уӕд фехъусын кӕнут, ӕмбырды ӕхца нымад кӕй ӕрцыд.
◼ Ӕмбырды цы литературӕ ис, уымӕн алы аз дӕр фӕхъӕуы номхыгъд саразын. 2004 азы йӕ хъӕуы саразын 31 августы кӕнӕ цалдӕр бон раздӕр (фӕстӕдӕр). Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр алы мӕй дӕр литературӕ куыд фӕнымайы, уый дӕр хъӕуы афтӕ саразын, ӕмӕ иумӕйаг нымӕц ныффыссын бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Журналты иумӕйаг нымӕц базонӕн ис, алы ӕмбырды дӕр журналтӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕй. Литературӕ банымайын хъӕуы дзуапдӕттӕг ӕмбырды секретары разамындӕй. Бланкыл сӕ къухтӕ хъуамӕ ӕрфыссой уыцы ӕмбырды секретарь ӕмӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг. Алы дзуапдӕттӕг ӕмбырд дӕр райсдзӕн ӕртӕ бланкы «Учет литературы» (S(d)-18). Уӕ хорзӕхӕй, иу бланк дзы 6 сентябры онг арвитут филиалмӕ. Иннӕ сӕвӕрут уӕ картотекӕйы. Ӕртыккагӕй та уӕ бон у спайда кӕнын, литературӕ куы нымайат, уӕд.
◼ 2004 азы апрелы ӕмӕ майы Иегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады залтӕ:
16 апрелы — горӕт Новороссийскы, программӕмӕ байхъуыста 135 адӕймаджы.
24 ӕмӕ 25 апрелы — горӕт Кореновскы ӕмӕ Краснодары крайы станицӕ Северскаяйы, программӕмӕ байхъуыста 156 ӕмӕ 142 адӕймаджы.
1 майы — Мӕскуыйы облӕсты поселок Салтыковкӕйы, уыдис дзы 296 адӕймаджы.