Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/04 1 ф.
  • Писмо филиалӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Писмо филиалӕй
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаг – нӕ лӕггады ахсджиаг хай
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Организаци размӕ цӕуы
    2014 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 9/04 1 ф.

Писмо филиалӕй

Зынаргъ хъусынгӕнджытӕ!

Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, нӕ филиалы бӕрны цы территори ис, уым Иегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд арфӕ кӕны, уый тыххӕй.

2004 азы августы нӕ филиалы райдыдта Скъола цӕуӕг цӕстдарджытӕн. Уыдзысты цыппар къласы. Ныфс нӕ ис, ӕмӕ сӕ лӕггадӕй ацы ӕфсымӕртӕ дарддӕр дӕр кӕй «фидар кӕндзысты ахуыргӕнинӕгты» уырнындзинад (Ап. к. 14:21—23).

2005 лӕггады азы фӕзынд дыууӕ ног облӕсты ӕмӕ 5 районы! Ныртӕккӕ Уӕрӕсейы ис 8 облӕсты ӕмӕ 70 районы.

Уӕрӕсейы ӕмӕ Белорусийы ӕрвылкъуыри дӕр, рӕстӕмбис нымадӕй, арӕзт ӕрцӕуы иу Паддзахады зал! Ныртӕккӕ цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕн саразын хъӕуы 530 залы. Ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ кӕй цӕуы ӕмӕ ӕмбырдты нымӕц кӕй рӕзы, уый тыххӕй ма ӕрвылаз хъӕуы ноджыдӕр 22 залы аразын.

Нӕ филиалы фӕзуат у 7,1 гектары. Фӕлӕ нӕ бӕстӕйы хъусынгӕнджыты нымӕц бонӕй-бонмӕ кӕй рӕзы, уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет рахаста уынаффӕ, филиалы цур ма 3 гектары зӕхх балхӕнын. Ныртӕккӕ уыцы бынат ӕфснайынц ӕмӕ йӕ алыварс ӕмбонд аразынц.

Хъыргъызстаны, горӕт Бишкекы, арӕзт ӕрцыд дыууӕуӕладзыгон офис, ӕмӕ уалдзӕджы кусын райдыдта. Офис йӕ хъус дардзӕн ацы бӕстӕйы ӕмбырдтӕм.

Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы хъусынгӕнджытӕ сӕ удӕй арт цагътой. Мартъийы мӕйы ӕххӕстрӕстӕг ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кодтой 30 782 хъусынгӕнӕджы. Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ ацы азӕй фылдӕр адӕм никуыма ӕрбацыд — 283 087 адӕймаджы!

Уӕдӕ та зӕрдӕрайгӕйӕ «бирӕ кусдзыстӕм Хицауы хъуыддаджы» 2005 лӕггады азы дӕр (1 Кор. 15: 58, НД).

Уе ’фсымӕртӕ,

Уӕрӕсейы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты разамынддӕттӕг центр

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын