Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаг – нӕ лӕггады ахсджиаг хай
1. Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаджы цы бантыст, фӕлӕ ма цы хъӕуы?
1 2005 азы дӕргъы Уӕрӕсе ӕмӕ Беларусы уыциу пъланмӕ гӕсгӕ сарӕзтой 51 ног Паддзахады залы, 19 агъуысты рацарӕзтой ӕмӕ 11 залы та сцалцӕг кодтой. Мах зӕрдиагӕй бузныг зӕгъӕм, Паддзахады залтӕ аразыны хайады ӕмӕ аразджыты къорды цы ӕфсымӕртӕ кусы, стӕй сын чи ӕххуыс кодта, уыдонӕн дӕр сӕ фыдӕбоны тыххӕй. Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаджы ныронг тынг бирӕ бантыст, фӕлӕ ма уӕддӕр дзӕвгар куыст ис. Куыд у не ’ппӕты бон дӕр ацы ахсджиаг хъуыддаджы баххуыс кӕнын? (Рарг. 7:15).
2. Нӕ бон куыд у Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаджы баххуыс кӕнын?
2 Цӕттӕ у. Кӕд аргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд дӕ хонӕм Паддзахады залтӕ аразджыты къордмӕ барвӕндон кусӕгӕй. Дӕ бон у байдзаг кӕнын «Паддзахады залтӕ аразынӕн барвӕндон кусӕджы курдиат» (Пс. 109:3). Барвӕндон кусӕг хъуамӕ зӕрдиагӕй архайа ӕмӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ цӕттӕ уа (Пс. 132:1). Кӕд дӕм аразӕджы дӕсниад нӕй, уӕддӕр дӕ бон у баххуыс кӕнын. Гӕнӕн ис ӕмӕ дзы исты куыстыл дӕр сахуыр уай, ӕмӕ дын уый фидӕны дӕр фӕахъаз уыдзӕн.
3. Залтӕ аразыны хъуыддаджы ма нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?
3 Кӕд дӕ бон барвӕндон кусӕгӕй лӕггад кӕнын нӕу, уӕддӕр де ’ххуысы хай бӕрӕг уыдзӕн, уыцы куыст чи кӕны, уыдоны куы фидар кӕнай, уӕд. Дӕ бон у, ӕмбырдӕй залтӕ аразынмӕ чи ацыд, уыдоны хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ рагацау куы пълан кӕной, уӕд ӕмбырды хъуыддӕгтӕ ӕнӕхъусдардӕй нӕ баззайдзысты, ӕмбырдӕй исчи Паддзахады залтӕ аразынмӕ куы ацӕуа, уӕддӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, Иегъовӕ райгонд вӕййы, Паддзахады хъуыддаджы тыххӕй ӕмгуыст куы фӕкӕнӕм, уӕд (Дзут. 13:16).
4. Паддзахады залтӕ чи аразы, уыдонӕн ныфсы хос куыд хъуамӕ уӕм?
4 Ныфсы хос у. Арӕзтады лӕггад кӕнынӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ фыдӕбон. Бӕлвырд у, залтӕ аразынмӕ кӕй фӕхуыдтой, уыдон рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ се ’мбырды кӕй нӕ уыдзысты. Ацы ахсджиаг куыст цы удуӕлдай барвӕндон кусджытӕ аразынц, уыдонӕй раппӕлын ӕмӕ сӕ бафидар кӕныныл фӕстиат ма кӕнӕм (Ап. к. 6:3; Ром. 14:19).
5. Барвӕндон кусджытӕ ӕмбаргӕдзинад куыд ӕвдисынц?
5 Ӕмбаргӕ у. Махӕн нӕ сӕйрагдӕр хӕс у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын (Марк. 13:10). Ӕмӕ Паддзахады залтӕ аразыны комитет куыст афтӕ пълан кӕны, цӕмӕй барвӕндон кусджытӕ се ’мбырдтӕ ма цух кӕной. Стӕй барвӕндон кусджытӕ дӕр архайынц, цы бирӕ хӕстӕ сыл ис, уыдон ӕмбаргӕйӕ ӕххӕст кӕныныл, рохуаты сын нӕ баззайынц. Ӕмбырды куы нӕ уой, уӕд хъуамӕ батыхсой, фембӕлдты сыл цы хӕстӕ ис, уыдоныл, ӕмӕ фидарӕй зоной, ӕнӕкондӕй кӕй нӕ баззайдзысты, уый.
6. Раст дин парахат кӕныны хъуыддаджы ӕмбырды иууылдӕр ӕмгуыст куы фӕкӕнынц, уӕд цы бантысы?
6 Апостол Павел чырыстӕтты абарста, ӕмгуыст чи кӕны, ахӕм буары уӕнгтимӕ, уый «рӕзы ӕмӕ фидар кӕны уарзондзинады» (Еф. 4:16, НД). Иегъовӕйы ӕмӕ раст дин кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иумӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнӕм.