Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/04 2 ф.
  • Фембӕлдты уыдзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фембӕлдты уыдзӕн
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Сӕргӕндтӕ
  • 13 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
  • 20 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
  • 27 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
  • 4 октябрӕй райдайгӕ къуыри
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 9/04 2 ф.

Фембӕлдты уыдзӕн

13 сентябрӕй райдайгӕ къуыри

43 зарӕг.

12 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй.

15 мин. «Дӕ цӕст хуымӕтӕг уӕд»a. Статья равзар мыхуыр фарстытӕм гӕсгӕ. Рӕстӕг куы амона, уӕд амынд стихтыл ӕрдзур.

18 мин. Нӕ хорз хъуыддӕгтӕ нын уынынц (1 Пет. 2:12). Раныхас ӕмӕ ныхас, бындуриуӕг кӕнынц, 2002 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 22—24 фӕрстыл, 14—20 абзацты цы ӕрмӕг ис, ууыл. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, кӕм цӕрут, уым нӕ нӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй адӕм цы хъуыды кӕнынц.

162 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

20 сентябрӕй райдайгӕ къуыри

88 зарӕг.

10 мин. Хъусинӕгтӕ. Ӕрдзур, ацы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» фыццаг фарсыл филиалӕй цы фыстӕг ис, уый сӕйраг хъуыдытыл. Се ’ппӕты дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй рагацау ахъуыды кӕной, Уӕвынады 16:1—34 цы фыст ис, ууыл, ӕмӕ бакӕсой видеофильммӕ «Фӕсивӕды фарстытӕ. Куыд ис ссарӕн ӕцӕг хӕлӕрттӕ?» (уыр.); афтӕмӕй сӕхи бацӕттӕ кӕндзысты 4 октябрӕй райдайгӕ къуырийы Хъусын кӕныны фембӕлдмӕ.

15 мин. Цы нын бантыст ивгъуыд азы? Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас, дзуры ӕмбырды хыгъдыл 2004 лӕггады азӕн. Дӕ хъус ӕрдар, хыгъды хорзӕй цы ис, уымӕ, ӕмӕ ӕмбырдӕн цы хорз хъуыддӕгтӕ бантыст, уый тыххӕй дзы раппӕл. Ӕрдзур пионерты зӕрдиаг куысты фӕдыл. Иннӕ аз уӕ уе ’мбырды цы хъуыддӕгтӕм хъӕуы ӕркӕсын, уыдонӕй иу-дыууӕйы тыххӕй зӕгъ.

20 мин. Фӕразон уӕм, ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтӕ кӕнӕм (Гал. 6:10). Райс интервью, ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй чи лӕггад кӕны кӕнӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕххуысгӕнӕг пионер чи вӕййы, дыууӕ-ӕртӕ ахӕм хъусынгӕнӕгӕй. Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ цы сарӕзтой сӕ аиуварс кӕнынӕн? Фӕразонӕй иннӕтӕн хорз цӕй фӕрцы кӕнынц? Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ сӕ фыдӕбон сӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр куыд фӕахъаз? Кӕд уӕ территоримӕ хауы, уӕд зӕгъ, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдонӕн хорз хабар фехъусын кӕныны тыххӕй цы сарӕзтат, уый. Се ’ппӕтӕн дӕр раарфӕ кӕн сӕ «уырнындзинады хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады фӕллой ӕмӕ... фӕразондзинады» тыххӕй (1 Фес. 1:2, 3).

103 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

27 сентябрӕй райдайгӕ къуыри

221 зарӕг.

15 мин. Хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй сентябрӕн уацамынды хыгъд раттой. Бацӕттӕ кӕн равдыст: куыд ис раттӕн 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».

10 мин. Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас. Раныхас. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы Библи кӕсынӕн ӕрвылкъуыри дӕр цы программӕ ис, уый нын цӕмӕй тынгдӕр ахъаз кӕна, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы иуӕй-иу номырты мыхуыр цӕуынц статьятӕ иумӕйаг номимӕ — «Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас». 2004 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй пайда кӕнгӕйӕ ӕрдзур, ацы статьяты цы ис, уыдӕттыл. Иумӕйаг афӕлгӕсты фӕстӕ дзы вӕййы хай «Фарстытӕн дзуапп», ӕмӕ дзы Библийӕ иуӕй-иу зынӕмбарӕн скъуыддзӕгтӕ фӕцӕуынц хӕлд. Сӕргонд «Зондзонӕн махӕн»-ы не ’ргом здӕхт фӕцӕуы, цы кӕсӕм, уый нын царды цы ахъаз у, уымӕ. Ацы статьятӕ нын Хуыцауы Ныхас арфдӕр бамбарынӕн куыд баххуыс кӕндзысты, уымӕн ӕрхӕсс иу цалдӕр цӕвиттоны. Се ’ппӕты дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй ацы статьяйы ӕрмӕг лӕмбынӕг ахуыр кӕной, иннӕ къуыри Дыккаг закъоны чиныг куы райдайӕм кӕсын, уӕд.

20 мин. «Дӕ ныхас Библийыл араз»b. Статья равзар мыхуыр фарстытӕм гӕсгӕ. Дӕ ныхас райдай, чиныг «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы 145 фарсыл, 2, 3 абзацты цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй. Бацӕттӕ кӕн дыууӕ цыбыр равдысты: иу — фыццаг бацыд, иннӕ — дыккаг бацыд. Сӕ дыууӕйы дӕр равдис, куыд ис амынд уынаффӕтӕй спайда кӕнӕн.

38 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

4 октябрӕй райдайгӕ къуыри

5 зарӕг.

5 мин. Хъусинӕгтӕ.

15 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.

25 мин. «Сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд!»c Фыццаг абзацыл дзургӕйӕ, ӕмбырдӕй иу цалдӕры бауадз, цӕмӕй цыбыртӕй сӕ хъуыдытӕ зӕгъой видеофильм «Фӕсивӕды фарстытӕ. Куыд ис ссарӕн ӕцӕг хӕлӕрттӕ?»-йы тыххӕй (уыр.). Уый фӕстӕ, 2—7 абзацтӕм цы фарстытӕ ис, уыдоныл хъусджытимӕ ӕрныхас кӕнут.

99 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

b Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

c Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын