Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2005 азы 28 февралӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2005 азы 3 январӕй райдайгӕ къуырийӕ 28 февралӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Цӕмӕй нӕ ныхас ӕнцон ӕмбарӕн уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? (be 226 ф., 1 абз.–227 ф., 1 абз.).
2. Цавӕр дзырдтӕ фӕхъӕуы ӕмбарын кӕнын? (be 227 ф., 2–5 абз.).
3. Нӕ ныхас мидисджын цӕй фӕрцы уыдзӕн? (be 231 ф., 1–3 абз.).
4. Цӕмӕй хорз зындгонд стихтӕй нӕ ныхасмӕхъусджытӕ сӕхицӕн зондӕн исты райсой, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? (be 231 ф., 4, 5 абз.).
5. Библийӕ хорз зонгӕ стихтӕ лыстӕггай куы ӕмбарын кӕнӕм, уӕд уый нӕ ныхасмӕхъусджыты цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн? (be 232 ф., 2–4 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн», зӕгъгӕ, адӕмы ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм? (Еккл. 12:13) (be 272 ф., 3, 4 абз.).
7. Адӕмӕн сӕ хъус ӕрмӕст Иегъовӕйы номмӕ нӕ, фӕлӕ цавӕр Хуыцау у, уымӕ куыд хъуамӕ ӕрдарӕм? (Иоил 2:32) (be 274 ф., 2–4 абз.).
8. Цас ахсджиаг у, Йесо Чырысти чи у, уый базонын ӕмӕ йын ӕвдисӕн лӕууын? (Иоан. 17:3) (be 275 ф., 7 абз.).
9. Хуыцауы хорзӕх ссарын ӕмӕ Библи ӕмбарын, Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы ахадындзинад ис, уый ӕмбарыныл комкоммӕ баст куыд у? (be 276 ф., 1 абз.).
10. Йесо Чырысти Паддзах кӕй у, ууыл ӕцӕгӕй дӕр кӕй ӕууӕндӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? (be 277 ф., 4 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Авраамы фыд Фаррӕ гуымирытӕн куывта? (Йес. Н. 24:2).
12. Гедеонмӕ, Иегъовӕ йын цы хӕслӕвӕрд радта, уый сӕххӕст кӕнынӕн, мыййаг, фаг хъӕбатырдзинад нӕ уыд? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс? (Тӕрх. 6:25–27).
13. Гедеон Ефремы мыггагимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Тӕрх. 8:1–3).
14. Гивӕйы цӕрджытӕ уазӕгуарзаг кӕй нӕ разындысты, уый цӕуыл дзурӕг уыд? (Тӕрх. 19:14, 15).
15. Алчидӕр, йӕхимӕ раст куыд каст, афтӕ куы кодта, уӕд цымӕ бӕстӕ нӕ сӕмтъеры? (Тӕрх. 21:25).