Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Февралы: чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ». Кӕд уе ’мбырды нӕ уа, уӕд дӕттӕн ис чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Мартъийы: брошюрӕ «Ма бафынӕй ут!». Чи бацымыдис кӕна, уымӕн ратт чиныг «Базонынад» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Апрель ӕмӕ майы: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Иннӕ хатт цымыдисгӕнӕг адӕммӕ куы цӕуай, уӕд-иу бацу, Ӕрымысӕн изӕры кӕнӕ ӕндӕр фембӕлды чи уыд, фӕлӕ ӕмбырды хъуыддӕгты чи нӕ архайы, ахӕм адӕймӕгтӕм дӕр ӕмӕ сын ратт чиныг «Кувут Хуыцауӕн». Бацархайын хъӕуы, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайӕм, уӕлдайдӕр та, чиныг «Базонынад» ӕмӕ брошюрӕ «Цы домы» чи ахуыр кодта, уыдонимӕ.
◼ Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг кӕнӕ уый кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдтӕм 1 мартъийы кӕнӕ уый фӕстӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Кӕд ма ӕмбырдӕн банчы дӕр ӕхца ӕвӕрд ис, зӕгъӕм, Залмӕ зилынӕн кӕнӕ йӕ цалцӕг кӕнынӕн, йе та арӕзтадӕн, уӕд уый хыгъдмӕ дӕр ӕркӕсын хъӕуы. Куы сӕм ӕркӕсат, уӕд уый тыххӕй фехъусын кӕнут, ӕмбырды иннӕ мӕйы хыгъд куы бакӕсат, уый фӕстӕ.
◼ Секретарь ӕмӕ уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг хъуамӕ ӕркӕсой ӕппӕт ӕххӕстрӕстӕг пионерты куыстмӕ. Кӕд сӕ искӕмӕн сахӕтты нормӕ сӕххӕст кӕнын зын у, уӕд ын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ баххуыс кӕной. Уый тыххӕй уынаффӕтӕ ссарӕн ис ӕрвылазон фыстӕджыты (S-201).
◼ 2005 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл уыдзӕн сӕрмагонд раныхас «Йесо цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард?». Ахӕм хъусинаг ма кӕс 2004 азы сентябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы».
◼ Хуыцаубоны 20 мартъийы алчидӕр хъуамӕ ӕрбацӕуа ӕргом раныхасмӕ. Уыдзӕн дзы ахсджиаг хъусинаг, хъусынгӕнджытӕн цы фӕахъаз уа, уый фӕдыл.
◼ Филиал не ’ххӕст кӕны хъусынгӕнджыты сӕрмагонд заказтӕ литературӕйӕн. Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕг хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй-иу ӕрвылмӕй дӕр, цалынмӕ филиалмӕ ӕрвылмӕйон литературӕйы заказ арвитой, уӕдмӕ ӕмбырды фехъусын кӕной ӕмӕ литературӕ ныззаказ кӕнын кӕй фӕнда, уыдон сӕ заказтӕ афоныл раттой литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрмӕ. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл дарут, сӕрмагонд курдиатмӕ гӕсгӕ цы литературӕ ӕрвитынц, уый.
◼ 2004 азы 30 октябры Челябинскы облӕсты горӕт Миассы Иегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады зал. Программӕмӕ байхъуыста 146 адӕймаджы.