Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/05 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 3/05 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Мартъийы: брошюрӕ «Ма бафынӕй ут!». Чи бацымыдис кӕна, уымӕн ратт чиныг «Базонынад» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Апрель ӕмӕ майы: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Иннӕ хатт цымыдисгӕнӕг адӕммӕ куы цӕуай, уӕд-иу бацу, Ӕрымысӕн изӕры кӕнӕ ӕндӕр фембӕлды чи уыд, фӕлӕ ӕмбырды хъуыддӕгты чи нӕ архайы, ахӕм адӕймӕгтӕм дӕр ӕмӕ сын ратт чиныг «Кувут Хуыцауӕн». Бацархайын хъӕуы, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайӕм, уӕлдайдӕр та, чиныг «Базонынад» ӕмӕ брошюрӕ «Цы домы» чи ахуыр кодта, уыдонимӕ. Июны: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд ын ратт брошюрӕ «Цы домы» ӕмӕ бацархай йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайын.

◼ Ӕмбырдмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы фӕстаг номыртӕ куыддӕр ӕрцӕуынц, афтӕ сӕ хъӕуы хъусынгӕнджытӕн байуарын, цӕмӕй сӕ уацамынды парахат кӕныны размӕ бакӕсой. «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг» дӕр хъӕуы уайтагъд байуарын хъусынгӕнджытӕн. Дӕттын сӕ хъӕуы ӕмбырды чиныгахуырты.

◼ Ӕндӕр бӕстӕм балцы куы цӕуай ӕмӕ уым ӕмбырды фембӕлдтӕм, районон кӕнӕ облӕстон конгресмӕ цӕуынвӕнд куы кӕнай, уӕд дӕ уыцы фембӕлдты бынат ӕмӕ рӕстӕг базонынӕн фыстӕг фыссын хъӕуы уыцы бӕстӕйы филиалмӕ. Филиалты адристӕ ссарӕн ис ацы азы «Ӕрвылазон чиныджы» (уыр.) фӕстаг фарсыл.

◼ Секретартӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, се ’мбырдты фаг кӕнынц ӕви нӕ бланктӕ «Заявление на общее пионерское служение» (S-205) ӕмӕ «Курдиат ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй» (S-205b). Заказ кӕнӕн сӕ ис литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Уӕ бланктӕ ӕппынкъаддӕр афӕдзы фаг уӕддӕр хъуамӕ уой.

◼ 2005 азы Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 24 мартъийы, цыппӕрӕмы. Уе ’мбырдӕн цыппӕрӕмы фембӕлд куы уа, уӕд ӕй хъӕудзӕн ахӕссын, Паддзахады зал сӕрибар цы бон уыдзӕн, уӕдмӕ. Ахӕм фадат уын куы нӕ уа, ӕмӕ хъусын кӕныны фембӕлд ауадзат, уӕд уе ’мбырды домӕнтӕм программӕйӕ тынгдӕр цы хӕйттӕ хауа, уыдоныл ӕрдзурӕн уыдзӕн иннӕ хъусын кӕныны фембӕлды.

◼ Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ филиалмӕ телефонӕй дзурынц, Паддзахады зарджытӕ нырыккон зарджыты хуызӕн фыстӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи ’хсӕн кӕй парахат кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ сӕ фӕнды базонын, ацы зарджытӕ ӕхсӕнады уагъд сты, ӕви нӕ. Мах зонӕм уыцы зарджыты тыххӕй ӕмӕ нӕ фӕнды фехъусын кӕнын, не ’хсӕнады уагъд кӕй не сты. Уӕ хорзӕхӕй, ма сӕ парахат кӕнут ӕмӕ сӕ Интернетӕй дӕр ма фыссут. Ныфс нӕ ис, ацы хъусинаг уын раст хатдзӕгтӕ скӕнынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн.

◼ 2004 азы 22 майы Свердловскы облӕсты горӕт Нижняя Турайы Иегъовӕйӕн снывонд кодтой Паддзахады зал. Программӕмӕ байхъуыста 174 адӕймаджы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын