Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/05 3–4 фф.
  • Фыстӕг Разамонӕг Советӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фыстӕг Разамонӕг Советӕй
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 3/05 3–4 фф.

Фыстӕг Разамонӕг Советӕй

ЦЫ НОГ ДУНЕ ӕрхӕстӕг кӕны, уый къӕсӕрыл кӕй лӕууӕм, уымӕ гӕсгӕ абоны хуызӕн никуы хъӕуы Иегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын (Соф. 3:8). Пехуымпар Данел загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау, «сусӕгдзинӕдтӕ чи раргом кӕны», уый раргом кодта, «фӕстаг бонты цытӕ ӕрцӕудзӕни, уый» (Дан. 2:28). Цӕй стыр кад у, рагзагъд кӕроны рӕстӕджы цӕрын ӕмӕ, Иегъовӕ абон цы сусӕгдзинӕдтӕ ӕргом кӕны, уыдон ӕмбарын!

«Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты Иегъовӕ цадӕггай ӕргом кодта йӕ фӕнд: ацы уӕззау «фӕстаг бонты» дӕргъы ӕрӕмбырд кӕндзӕн, чи йын лӕггад кӕна, ахӕм «тынг бирӕ адӕмы» ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй (Матф. 24:45; Рарг. 7:9; 2 Тим. 3:1). Ацы хъуыддаг ӕппӕт дунейы дӕр кӕй цӕудзӕн, уый тыххӕй фыст ис Исайы 2:2, 3 дӕр. Кӕд ацы дуне фыддзинад ӕмӕ тыхмийӕ йедзаг у, уӕддӕр азӕй-азмӕ адӕмы ӕмбырд кӕныны куыст размӕ цӕуы.

2004 азы дӕргъы мах нӕ хъус уӕлдай тынгдӕр дардтам Йесойы ныхӕстӕм: «Ма бафынӕй ут... Цӕттӕ ут» (Матф. 24:42, 44, НД). Дунейы цытӕ цӕуы уымӕ чырыстӕттӕ къӕрцхъус сты – «рӕстӕджыты нысӕнтӕм» лӕмбынӕг кӕсынц ӕмӕ сӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразынц (Матф. 16:1–3). Йӕ Ныхас сӕххӕст кӕныны тыххӕй Иегъовӕ дарддӕр уыдзӕн йе ’взӕрст адӕмимӕ, цыфӕнды ныхмӕлӕудыл ма сӕмбӕлой, уӕддӕр.

Кӕд ныхмӕлӕуджытӕй чидӕртӕ архайы Паддзахады хабар бахъыгдарын кӕнӕ ӕрлӕууын кӕнын, уӕддӕр не ’фсымӕртӕ ӕцӕгад дзурынц ӕмӕ иумӕ ӕмбырд кӕнынц (Ап. к. 5:19, 20; Дзут. 10:24, 25). 2004 азы июны Уӕрӕсейы горӕт Мӕскуыйы апелляцион тӕрхондон сразы дӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕимӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг ацы горӕты сӕхгӕнын. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ нӕ фӕтарстысты: зонынц, Хуыцау сӕ цы домы, уый, ӕмӕ адӕмы коммӕ нӕ кӕсынц, фӕлӕ йӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ уый у сӕ Хицау (Ап. к. 5:29). Кӕд тӕрхондон нӕ фарс нӕ рахӕцыд, уӕддӕр зонӕм, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд кӕй дӕтдзӕн.

Фӕстаг цалдӕр азы дӕргъы Гуырдзыстоны не ’фсымӕртӕ сӕ исбон сӕфтой, адӕм сын фыдмитӕ кодтой ӕмӕ сын сӕ цӕстыты раз сӕ литературӕ сыгътой. Фӕлӕ сӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ сарӕзтой, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ (Ис. 54:17). 2004 лӕггады азы Гуырдзыстоны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ногӕй сӕрибарӕй архайыны бар радтой. Сӕ конгресстӕ ӕнӕ къуылымпыйӕ ацыдысты ӕмӕ сӕм литературӕ сӕрибарӕй ласын райдыдтой. Хъусынгӕнджыты ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдоны нымӕц фӕфылдӕр.

Корей, Руандӕ, Сомих, Туркменистан ӕмӕ Эритрейӕйы ӕфсымӕрты сӕ дины тыххӕй ахӕстӕтты бадын кӕнынц. Кӕд фыдӕвзарӕнтӕ ӕййафынц, уӕддӕр Фыстадӕй зонынц сӕ фӕлварӕнты аххосаг. Уый сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Иегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ ма сивой ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой, кӕд сӕ фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ (1 Пет. 1:6; 2 Пет. 2:9).

2005 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 2004 лӕггады азы хыгъдмӕ кӕд ӕркастӕ, уӕд цин кӕндзынӕ Иегъовӕйы хорздзинӕдтыл (Пс. 30:20; 64:12). Ныфс нӕ ис, ацы хыгъд дӕ кӕй сразӕнгард кӕндзӕн, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл дарддӕр дӕр цӕуынмӕ (1 Фес. 4:1).

Стыр куыст цӕуы, цӕмӕй алыхуызон адӕмтӕ ӕцӕгад базоной. Зӕгъӕм, ӕцӕгад базонынӕн къуырма адӕмӕн къухӕй амонгӕ ӕвзагыл рацыд кинонывтӕ видеокассетӕтыл, DVD-йыл ӕмӕ ма ӕндӕр ӕрмӕг, куырмытӕн та литературӕ Брайлы шрифтыл. Паддзахады хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ахуыр кӕнынц, се ’мбырдтӕ кӕм хъусын кӕнынц, уым цы фӕсарӕйнӕгтӕ ӕрцард, уыдоны ӕвзӕгтӕ.

Уымӕй уӕлдай ма, зын цӕуӕн кӕдӕм у, ахӕм рӕтты арӕзт ӕрцыд сӕдӕгӕй хицӕн къордтӕ. Иу филиалы бӕрны ис 300 фылдӕр ахӕм къорды ӕмӕ дзы ис 7 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Диссаджы фадат ног ӕмбырдтӕ саразынӕн! Стӕй ма фарон Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 16 760 607 адӕймаджы, уыдонӕй 10 милуанӕй фылдӕр Ӕвдисӕнтӕ не сты. Куыд уынӕм, афтӕмӕй нырма бирӕ тыллӕг ӕрӕмбырд кӕнын хъӕуы.

Мах Иегъовӕйӕ бузныг стӕм, йӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй, ӕмӕ ныл бонӕй-бонмӕ афтӕ зӕрдӕбынӕй кӕй ауды, уымӕй (Ӕмб. 10:22; Мал. 3:10; 1 Пет. 5:7). Ацы «фӕстаг бонты», ӕмвӕнд-ӕмзондӕй размӕ цӕугӕйӕ, мах нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарӕм Иегъовӕйыл. Цыфӕнды зындзинӕдтыл дӕр куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм 2005 азы стих: «Ме ’ххуыс – Иегъовӕйӕ» (Пс. 121:2, НД [120:2]). Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнут, кӕй уӕ уарзӕм ӕмӕ сымах тыххӕй кӕй кувӕм.

Уе ’фсымӕртӕ

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг Совет

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын