Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2005 азы 25 апрелӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2005 азы 7 мартъийӕ райдайгӕ къуырийӕ 25 апрелӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ, нӕ бон куыд у лӕвӕрд ӕрмӕгӕй хорз пайда кӕнын ӕмӕ уый цӕмӕн хъӕуы? (be 234 ф., 1–3 абз., фӕлгӕттӕ).
2. Лӕвӕрд ӕрмӕгӕй цас хъуамӕ бахӕссӕм нӕ ныхасмӕ? (be 234 ф., 4 абз.–235 ф., 1 абз.).
3. Ныхас кӕй фӕрцы бацайдагъ вӕййы, ахӕм фарстытӕ нӕ бон куыд у уацамынды дӕттын? (Ап. к. 8:30) (be 236 ф., 2–5 абз.).
4. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн фарстыты руаджы куыд баххуыс кӕндзыстӕм хъуыды кӕнынӕн? (Ром. 12:1) (be 238 ф., 2 абз.).
5. Ромӕгтӕм 8:31, 32 ӕмӕ Исайы 14:27 фыст фарстыты цавӕр тых ӕвӕрд ис? (be 239 ф., 1, 2 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырыстийы «бындурӕн» куыд ӕвӕрӕм? (1 Кор. 3:11) (be 278 ф., 1, 2 абз.).
7. Иегъовӕ йӕ Фырты къухмӕ хицаудзинады бартӕ 1914 азы кӕд радта, уӕд ма афтӕ цӕмӕн фӕкувӕм «ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад»? (Матф. 6:9, 10) (be 279 ф., 4 абз.).
8. Чырыстӕттӕ иууылдӕр кӕсын цӕмӕн хъуамӕ зоной ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Йесо фӕзминаг цӕмӕн у? (w03 15.3. 10 ф., 5 абз.; 12 ф., 2 абз., уыр.).
9. Иоси ӕмӕ Йесойы цӕвиттонтӕ ӕрыгӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнынц уырнындзинады рӕзынӕн? (w03 1.4. 8 ф., 3, 4 абз.; 10 ф., 3 абз., уыр.).
10. Цӕмӕн у нӕ бон нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарын? (Ӕмб. 3:5, 6) (w03 1.11. 4 ф., 6 абз.–5 ф., 1 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Аннӕ Иегъовӕмӕ цӕмӕн куывта, цӕмӕй «йӕ паддзахӕн хъару ратта», кӕд ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Израилӕн паддзах нӕ уыд? (1 Пад. 2:10).
12. Израилӕгтӕн кӕд семӕ бадзырды ковчег уыд, уӕддӕр сӕ знаджы ’фсад кӕй ныппырх кодта, уый нын цӕуыл дзурӕг у? (1 Пад. 4:3, 4, 10).
13. 1 Паралипоменоны 2:13–15 Давид Йессейы ӕвдӕм фырт цӕмӕн хуыйны, кӕд ӕмӕ йӕ 1 Паддзахӕдты 16:10, 11 ӕстӕм схуындӕуыд?
14. Саулы цавӕр «ӕвзӕр тых» хъыгдардта? (1 Пад. 16:14).
15. Аэндорӕйы кӕлӕнгӕнӕджы уылты «Самуил» цы загъта, уый ӕрцыди? (1 Пад. 28:16–19).