Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/05 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 4/05 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ майы: журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Иннӕ хатт цымыдисгӕнӕг адӕймагмӕ куы цӕуай, уӕд-иу бацу, Ӕрымысӕн изӕры кӕнӕ хъусын кӕныны фембӕлды чи уыд, фӕлӕ ӕмбырды хъуыддӕгты чи нӕ архайы, ахӕм адӕймӕгтӕм дӕр ӕмӕ сын ратт чиныг «Кувут Хуыцауӕн». Бацархайын хъӕуы, цӕмӕй искӕимӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайӕм, уӕлдайдӕр та, чиныг «Базонынад» ӕмӕ брошюрӕ «Цы домы» чи ахуыр кодта, уыдонимӕ. Июны: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд та йын ратт брошюрӕ «Цы домы» ӕмӕ бацархай йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июлы: ӕмбырды 32-фарсон брошюрӕтӕй цы ис, уыдон.

◼ 2005 облӕстон конгрессы плакеткӕтӕ ӕмбырдтӕм ӕрвыст ӕрцӕудзысты. Заказ кӕнын сӕ нӕ хъӕудзӕн, ӕрмӕст кӕд ӕмбырды ӕндӕр ӕвзагыл къорд ис, уымӕй дарддӕр. Алы ӕмбырд дӕр райсдзӕн, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» сыфтӕ цал исы, уымӕй 40 проценты фылдӕр. Ӕмбырды фылдӕр плакеткӕтӕ куы хъӕуа, уӕд сӕ заказ кӕнын хъӕуы литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Плакеткӕтӕ фидаргӕнӕнтӕ ӕмбырды искӕй куы хъӕуа, уӕд сӕ хъӕуы заказ кӕнын.

◼ Филиалы хъуамӕ уой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарджыты ӕмӕ секретарты, стӕй ма хицӕн къордтӕн дзуапп чи дӕтты, уыдоны адристӕ ӕмӕ телефонты номыртӕ. Куыддӕр исты фӕива, афтӕ ӕмбырды комитет хъуамӕ байдзаг кӕна бланк «Изменение адреса председательствующего надзирателя/изменение фамилии секретаря» (S-29) ӕмӕ йӕ филиалмӕ арвита. Уый ма хауы, телефоны код куы фӕива, уымӕ дӕр.

◼ Секретартӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, се ’мбырдты фаг кӕнынц ӕви нӕ бланктӕ «Заявление на общее пионерское служение» (S-205) ӕмӕ «Курдиат ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй» (S-205b). Заказ кӕнӕн сӕ ис литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Уӕ бланктӕ ӕппынкъаддӕр афӕдзы фаг уӕддӕр хъуамӕ уой. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны тыххӕй бланктӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕркӕсут, иууылдӕр кӕронмӕ дзаг куыд уой.

◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм 2004 азы 12 декабры, Санкт-Петербурджы кӕй уыд фембӕлд, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы 23-ӕм къласс йӕ ахуыр кӕй фӕци, уый фӕдыл. Программӕмӕ байхъуыста 301 адӕймаджы. 23 ӕфсымӕры иттӕг хорз ахуыр райстой ӕмӕ цӕттӕ сты сӕ зонындзинӕдтӕй пайда кӕнынмӕ. 9 ӕфсымӕры снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй, иннӕтӕ та дарддӕр лӕггад кӕндзысты сӕхи ӕмбырдты. Нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы стыр ӕнтыстытӕ сӕ лӕггады ӕмӕ Иегъовӕйы хорзӕх! (Ап. к. 20:35).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын