Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – фӕлхатгӕнинаг
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2005 азы 29 августӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Уый уыдзӕн дзургӕ фӕлхат, 2005 азы 4 июлӕй райдайгӕ къуырийӕ 29 августӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уымӕн. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Ӕмбаргӕ кӕй стӕм, уый уацамынды цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг ӕмӕ уыцы миниуӕг цӕмӕн хъӕуы? (Фил. 4:5, НД; Иак. 3:17) (be 251 ф., 1–3 абз., фӕлгӕт).
2. Цӕмӕй адӕмимӕ кӕрӕдзи ӕмбарӕм, уый тыххӕй, ӕнцад байхъусын кӕд хъӕуы, уый зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы? (be 252 ф., 5 абз.–253 ф., 1 абз.).
3. Цӕмӕй адӕймаг раст хатдзӕгмӕ ӕрцӕуа, уый тыххӕй йӕм фарстытӕ дӕттын цӕмӕн хъӕуы? (be 253 ф., 2, 3 абз.).
4. Цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ныхасы уӕз уа ӕмӕ йӕ нысаныл ӕмбӕла? (be 255 ф., 1–4 абз., фӕлгӕт; 256 ф., 1 абз., фӕлгӕт).
5. Библи рӕстытӕ кӕй дзуры, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕндӕр искӕцӕй куы хӕссӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (be 256 ф., 3–5 абз., фӕлгӕт).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Йесо Чырысти зӕххыл кӕй цард, уымӕн цавӕр хорз бӕлвырдгӕнӕн ис? (w03-U 15.6. 4–7 фф.).
7. Куыд «ирвӕзын кӕны рӕстгӕнӕджы йӕ дзыхы ныхас» ӕмӕ куыд «лӕууы фидар» рӕстаг адӕймаджы хӕдзар? (Ӕмб. 12:6, 7) (w03-U 15.1. 30 ф., 1–3 абз.).
8. Кӕд Библи, раст цы у ӕмӕ раст цы нӕу, уыдӕтты номхыгъд нӕу, уӕд нӕ бон куыд у «ӕмбарын цы у Хуыцауы фӕндон»? (Еф. 5:17) (w03-U 1.12. 21 ф., 3 абз.–22 ф., 3 абз.).
9. Адӕймаг хъуаг куы ӕййафа, науӕд ын цардамӕлттӕ кӕнын зын куы уа, уӕд ын Библийӕ цавӕр хъуыдытӕ баххуыс кӕндзысты? (w03-U 1.8. 5 ф., 3–6 абз.).
10. Иегъовӕ алцыдӕр лӕвар кӕй дӕтты, уый ныл куыд хъуамӕ ӕндава? (Матф. 10:8) (w03-U 1.8. 20–22 фф.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Соломон цы кувӕндон скодта, уый бахизӕны дыууӕ цӕджындзы, Иахин ӕмӕ Воаз, зӕгъгӕ, цы нысан кодтой? (3 Пад. 7:15–22).
12. Соломон Тиры паддзах Хирамӕн Галилейы зӕххы 20 сахары кӕй балӕвар кодта, уый Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ раст уыди? (3 Пад. 9:10–13).
13. «Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг», цы йын загъдӕуыд, уымӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый нын зондзонӕн цӕмӕй у? (3 Пад. 13:1–25).
14. Иудӕйы паддзах Асӕйӕн йӕ хъӕбатырдзинад цавӕр хъуыддаджы рабӕрӕг ӕмӕ дзы махӕн зондӕн цы ис райсӕн? (3 Пад. 15:11–13).
15. Паддзах Ахав ӕмӕ Навуфейы хабар нын куыд ӕвдисы, дӕхицӕн ӕгӕр тӕригъӕд кӕнай, уый хорзмӕ кӕй не ’ркӕны? (3 Пад. 21:1–16).