Хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы
1. Цы цӕстӕй кӕсы нӕ уацамындмӕ Иегъовӕ? Адӕм та?
1 Хуыцауы Ныхасы фыст ис, чырыстӕттӕ Иегъовӕйы фӕндагыл кӕй цӕуынц уӕлахиздзаутау (2 Кор. 2:14–16, НТ). Мах адӕмӕн дзурӕм Хуыцауы тыххӕй, амонӕм сын йӕ Ныхас. Ӕмӕ уыцы лӕггад Иегъовӕйӕн у буды адджын тӕфау. Иутӕн хорз хабар у хӕрздӕфау ӕхсызгон, зӕрдиагӕй йӕ айсынц. Иннӕтӕ та йыл сӕ былтӕ къуырынц. Фӕлӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ кӕй нӕ хъусынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у. Ӕркӕсӕм уӕдӕ, хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уымӕ.
2. Хъусын кӕныны фӕрцы нӕ бон цы у ӕвдисын?
2 Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм. Сайтан дзуры, зӕгъгӕ, адӕм Иегъовӕйӕн сӕхи пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц (Иов 1:9–11). Хъусын кӕныны хъуыддаг та нын фадат дӕтты, Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый ӕвдисынӕн. Бирӕ хъусынгӕнджытӕ, кӕд зын уавӕрты сты йе та сӕм адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ хъусы, уӕддӕр ӕххӕст кӕнынц Йесойы фӕдзӕхст, хъусын кӕнут ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ. Афтӕ ӕнувыд ӕмӕ фидар кӕй сты, уымӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынц! (Ӕмб. 27:11).
3. Цӕмӕн у ахсджиаг дарддӕр дӕр хъусын кӕнын Хуыцауы ном ӕмӕ фӕндон?
3 Уымӕй дарддӕр ма нӕ лӕггад баст у Хуыцауы фӕндоны сӕххӕстимӕ дӕр. Тагъд рӕстӕджы Сайтаны дуне кӕй фесӕфдзӕн, уый фӕдыл Иегъовӕ дзуры: «Адӕмтӕ базондзысты, ӕз Иегъовӕ кӕй дӕн» (Иез. 39:7). Ӕмӕ цӕмӕй адӕмтӕ уый базоной, уый тыххӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ «алы адӕмыхатт ӕмӕ фӕлтӕрӕн, ӕмӕ ӕвзагӕн, ӕмӕ адӕмӕн» дарддӕр дӕр хъуамӕ хъусын кӕной Иегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ фӕндон (Рарг. 14:6, 7).
4. Хъусын кӕныны хъуыддаг адӕмыл тӕрхон кӕнынӕн бындур куыд у?
4 Бындур адӕмыл тӕрхон кӕнынӕн. Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг ма у адӕмыл тӕрхон кӕнынӕн бындур. Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти «Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы фарны уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй» (2 Фес. 1:8, 9, НТ). Адӕм тӕрхонгонд цӕудзысты, хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уымӕ гӕсгӕ. Цӕй стыр бӕрн ӕвӕры уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл! Цӕмӕй искӕй мӕлӕты аххосджын ма фӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ кӕддӕриддӕр хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады цардирвӕзынгӕнӕн хабар (Ап. к. 20:26, 27).
5. Нӕ уацамынд Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг куыд у?
5 Нӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕн Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн ӕвӕллайгӕйӕ кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый дзурӕг у Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл (1 Тим. 2:3, 4). Адӕмы уавӕртӕ ӕдзухдӕр кӕй ивынц, уый зонӕм, ӕмӕ сӕм ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕуӕм, дзурӕм сын, цӕмӕй базоной Иегъовӕйы, цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ. Афтӕмӕй мах фӕзмӕм нӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцауы. Уый нӕ фӕнды, «цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (Лук. 1:78; 2 Пет. 3:9).
6. Нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ Иегъовӕйы хъуыддагӕн кӕй дӕттӕм, уый нӕхицӕн куыд ахъаз у?
6 Нӕхицӕн у ахъаз. Нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ Иегъовӕйы хъуыддагӕн кӕй дӕттӕм, уый нын нӕхи дӕр хъахъхъӕны. Уый нын ӕххуыс кӕны, «Хуыцауы боны ӕрцыд» нӕ зӕрдыл куыд дарӕм ӕмӕ ацы фыддунейы сыгъдӕгӕй куыд цӕрӕм, уымӕн (2 Пет. 3:11–14; Тит. 2:11, 12). Уӕдӕ цӕй, ӕмӕ уӕм «фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр ӕнтыстджын Хицауы хъуыддаджы», ӕмӕ ма рох кӕнӕм, нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу (1 Кор. 15:58).