Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ма рох кӕн!
1 Йесо зыдта, зӕххыл ын йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг кӕй нӕ уыд (Иоан. 9:4). Уымӕ гӕсгӕ йӕ рӕстӕгӕй иу уысм дӕр дзӕгъӕлы нӕ сӕфта. Ууыл ахуыр кодта йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр (Лук. 4:42—44; 8:1; 10:2—4). Хъӕздыгдзинад ӕм уа ӕмӕ ӕнцой цард кӕна — никуы йӕ уыд уый мӕт (Матф. 8:20). Ӕмӕ йын Иегъовӕ цы куыст бахӕс кодта, уый кӕронмӕ сӕххӕст кодта (Иоан. 17:4).
2 Рӕстӕг бирӕ нал ис. Бирӕ рӕстӕг нал ис хорз хабар «ӕппӕт дунейыл» фехъусын кӕнынӕн дӕр (Матф. 24:14). Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ уынӕм, ацы дунейӕн ма цы рӕстӕг баззад, уымӕн йӕ тӕккӕ кӕрон кӕй цӕрӕм. Тагъд «Хуыцауы нӕ базонджытӕ ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсджытӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорз уацхъуыдӕн... ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты, мыггагмӕйы мӕлӕтӕй» (2 Фес. 1:6—9). Уыцы тӕрхоны бон ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды, адӕм ӕппындӕр ӕнхъӕл кӕд нӕ уой, уӕд (Лук. 21:34, 35; 1 Фес. 5:2, 3). Адӕмы хъӕуы «райхъал кӕнын» — хъӕуы сӕ бамбарын, цы тӕссаг уавӕры сты, уый. Нӕ хӕс у — цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ сын Иегъовӕйы хорзӕх ссарынӕн баххуыс кӕнын (Соф. 2:2, 3).
3 Нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм. Хуыцауы адӕм уынынц, кӕй «ӕрцыбыр ис ӕмгъуыд» (НФ), ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕй сӕйрагдӕр ницы ис (1 Кор. 7:29—31; Матф. 6:33). Иутӕ сӕ къух ауыгътой ӕхца бакусыны фадӕттыл кӕнӕ ӕндӕр цыдӕр хъуыддӕгтыл, цӕмӕй сын хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа (Маркы 10:29, 30). Иннӕтӕ та, кӕд маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уӕддӕр «ӕдзухдӕр ӕнтыстджын [сты] Хицауы хъуыддаджы», ома сын бирӕ куыст ис уыцы хъуыддаджы (1 Кор. 15:58). Бирӕтӕ хорз хабар ӕнӕфӕцудгӕйӕ хъусын кӕнынц дӕсгай азты дӕргъы (Дзут. 10:23). Ӕппӕт уыцы «нывӕндтӕн», Паддзахады номыл цыдӕриддӕр аразынц, уымӕн, Иегъовӕ стыр аргъ кӕны (Дзут. 6:10).
4 Нӕ цардӕн йӕ сӕйраг цӕджындз Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа — уымӕ хауы хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр — уӕд Иегъовӕйы бон ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм. Уӕд нӕ Сайтаны дуне йӕ фӕдыл нӕ акӕндзӕн, кӕддӕриддӕр нӕм хъарутӕ уыдзӕн, цӕмӕй нӕ сыгъдӕг ӕфсарм дӕлӕмӕ ма ’руадзӕм (2 Пет. 3:11—14). О, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый куы нӕ рох кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд фервӕздзыстӕм нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдон дӕр (1 Тим. 4:16).