Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ рох ма уа, ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы
Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый хъуамӕ макуы рох кӕнӕм. Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй, ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд фервӕзӕм. Дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнӕм.
Ӕдзухдӕр кув, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа (Матф. 6:10).
Алы бон дӕр Библи кӕс, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнай (Дзут. 3:12).
Дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕн (Еф. 5:15, 16; Фил. 1:10).
«Дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт... уӕд». Ацы дунейы адӕм цӕмӕ тырнынц, уыдӕттӕ дын къуылымпыйы хос ма суӕнт (Матф. 6:22, 25; 2 Тим. 4:10).
«Ма бафынӕй у», ома, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ дӕ хъус дар (Мар. 13:35–37).
Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы куысты (Иоан. 4:34, 35).