Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/09 1 ф.
  • Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕвӕстиатӕй архай!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ рох ма уа, ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • «Ӕвӕстиатӕй ныхас хъусын кӕн»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
km 12/09 1 ф.

Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн!

1. Цавӕр ныхӕстӕ сты ахсджиаг абон дӕр?

1 «Хъусын кӕн дзырд, уыцы хъуыддаг кӕн зынгзӕрдӕйӕ» (2 Тим. 4:2). Павелы ныхӕстӕ абон дӕр ахсджиаг цӕмӕн сты? Ацы ныхӕстӕ махыл дӕр ӕмӕ иннӕтыл дӕр куыд хъуамӕ фӕзыной?

2. Хорз хабар чи нӕ фехъуыста, ахӕм адӕмы зӕрдиагӕй цӕмӕн агурӕм?

2 Кӕй хъусын кӕнӕм, ууыл баст у адӕмы ирвӕзындзинад. Ӕнӕхъӕн дунейы нырма милуангай адӕмӕн хъӕуы фехъусын кӕнын, ирвӕзындзинадмӕ сӕ чи ’ркӕндзӕн, уыцы хорз хабар (Ром. 10:13–15; 1 Тим. 4:16). Бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм та цӕрынц, арӕх кӕм хъусын кӕнынц, ахӕм рӕтты. Ӕмӕ сӕм къуырийы мидӕг ӕндӕр бон кӕнӕ боны дӕргъы ӕндӕр рӕстӕг куы бацӕуӕм, уӕд нӕм, чи зоны, бинонтӕй ӕндӕр исчи ракӕса. Афтӕ зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд Хуыцауы раз дӕр нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг ӕмӕ адӕмы тугӕй дӕр уыдзыстӕм сыгъдӕг (Ап. хъ. 20:26).

3. Уацамынды нӕ рӕстӕгӕй хорз куыд пайда кӕнӕм?

3 Кӕд фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр уыдон «Иерусалим байдзаг кодтой сӕ ахуырадӕй» (Ап. хъ. 5:28). Мах дӕр архайӕм, цӕмӕй рӕстдзинад «бӕстон ӕмбарын кӕнӕм»? (Ап. хъ. 10:42). Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ рӕстӕгӕй хорз фӕпайда кӕнӕм? Зӕгъӕм, цалынмӕ де ’мбал, ногӕй фембӕлынмӕ кӕимӕ баныхас кодта, уыдоны бӕрӕг кӕны, уӕдмӕ фӕархайыс, дӕ рӕзты цы адӕм фӕцӕйцӕуы, уыдонимӕ ныхас кӕныныл?

4. Зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы цырддзаст куыд стӕм?

4 Цырддзаст уӕм. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ мах дӕр хъуамӕ ноджы цырддзастдӕр ӕмӕ къӕрцхъусдӕр уӕм (1 Фес. 5:1–6). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕдзух куы хъусын кӕнӕм, уӕд ацы дунейы хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ не «’руӕззау уыдзӕн» (Лук. 21:34–36). Йегъовӕйы бон нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕндзыстӕм, цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хабар (2 Пет. 3:11, 12).

5. Адӕймаджы цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ уацамындыл куыд фӕзындзӕн?

5 Зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд адӕймаджы цардмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Хуыцауы «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иууылдӕр ӕрфӕсмон кӕной» (2 Пет. 3:9; Иез. 33:11). Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ участокты фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм хорз хабар, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнӕм! (Пс. 109:30).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын