Программӕ 14 декабрӕй райдайгӕ къуырийӕн
14 ДЕКАБРӔЙ РАЙДАЙГӔ КЪУЫРИ
□ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
lv 4 сӕр, 12–21 абз., рамкӕ 48 фарсыл
□ Хъусынгӕнджыты скъола:
Библийӕ кӕсӕм: Йесо Навин 6–8
№1: Раргомад 3:1–13
№2: Рагон дуне доны бын фӕци. Искуы ма ахӕм хабар уыдзӕн? (lr 46 сӕр)
№3: Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры хабар ӕнусон хъизӕмӕрттыл дзурӕг нӕу (td 17Б)
□ Хъусын кӕныны фембӕлд:
5 мин. Хъусинӕгтӕ.
15 мин. Хуыцауы тыххӕй дзурын цӕмӕн тӕрсын? Раныхас. Арӕзт у, 2009 азы июлы «Райхъал ут!»-ы 24–27 фӕрстыл цы статья ис, ууыл. Равдыст: бинонты ахуыры рӕстӕджы ныййарджытӕ сӕ сывӕллонӕн амонынц, цавӕр дзуапп раттӕн ис, скъолайы йӕ йӕ дины тыххӕй куы фӕрсой, уӕд. Ныхас кӕнынц, 25 фарсыл цы фарстатӕ ис, уыдонӕй иуыл. Уый фӕстӕ сывӕллон фӕлвары, уыцы фарстайӕн дзуапп куыд ратдзӕн, уый.
15 мин. «Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн!» Статья равзар фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. 4-ӕм абзац куы равзарат, уӕд бафӕрс, зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кӕны, иу ахӕм хъусынгӕнӕджы: цы сарӕзтай, цӕмӕй дӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ сӕ фӕдыл ма асайдтаиккой? Зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕныс, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕ?