Фембӕлдты уыдзӕн
12 декабрӕй райдайгӕ къуыри
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй. Кӕд 8-ӕм фарсыл амынд цӕвиттон уӕ территорийы хорз уа, уӕд уымӕ гӕсгӕ бацӕттӕ кӕн равдыст, куыд ис раттӕн 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Уӕ бон у уӕ ныхас ӕндӕрхуызон дӕр райдайын. Равдысты фӕстӕ зӕгъ, куыд ӕнцон вӕййы журнал дӕтгӕйӕ Библийӕ стих бакӕсын.
15 мин. «Царды нын чи ӕххуыс кӕны, уыцы Скъола». Скъолайы цӕстдарӕджы раныхас. Ӕрхӕсс цалдӕр хъуыдыйы 2005 азы октябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уӕлӕмхасӕн сыфӕй.
20 мин. «Цардмӕ кӕнӕг ахуыры фӕндаг»a. Иу-дыууӕ хъусынгӕнӕгӕн рагацау зӕгъ, цӕмӕй радзурой, куыд сын ахъаз кӕны, Хуыцауы тыххӕй йӕ организацийы руаджы цы базыдтой, уый.
88 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
19 декабрӕй райдайгӕ къуыри
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Радзур, январы райдианы цы уацамындон фембӕлдтӕ цӕттӕ кӕнут, уыдон тыххӕй. Кӕд ног азӕй уе ’мбырды фембӕлдты рӕстӕг фӕивдзӕн, уӕд уый тыххӕй фехъусын кӕн.
20 мин. «Адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхс – дӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ араз»b. Бацӕттӕ кӕн цыбыр равдыст, адӕймаг цы загъта, уымӕ гӕсгӕ хъусынгӕнӕг йӕ ныхасы сӕр куыд фӕивта.
15 мин. «Нӕ литературӕйӕн аргъ кӕнӕм»c. Ӕрхӕсс цалдӕр хъуыдыйы 2002 азы сентябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 1 фарсӕй.
26 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
26 декабрӕй райдайгӕ къуыри
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Бакӕс ӕхцайы хыгъд ӕмӕ мысайнӕгты тыххӕй раарфӕ кӕн. Хъусынгӕнджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй декабрӕн уацамынды хыгъд раттой. Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй иннӕ къуыри Хъусын кӕныны фембӕлдмӕ ӕрбахӕссой 2006 январы «Райхъал ут!». Зӕгъ, январы цы литературӕ парахат кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ куыд дӕттӕн ис, уымӕн уынаффӕтӕ кӕм ссарӕн ис, уый.
25 мин. Ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕдзӕхст – нӕхи тугӕй хизӕм. Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас филиалӕй ӕрвыст фыстӕгмӕ гӕсгӕ. Райдианы зӕгъ, «Дохтыртӕн мӕ фӕндамынд ӕмӕ ӕууӕнчы гӕххӕтт» ӕнӕмӕнг а изӕр йедзаг кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Фыстӕг кӕсгӕйӕ ныхасырацӕуӕгӕн йӕ бон у сӕйраг хъуыдытӕ бахахх кӕнынӕн цыбыр фиппаинӕгтӕ кӕнын, фӕлӕ ӕрмӕгмӕ хъуамӕ ӕндӕр цӕвиттонтӕ кӕнӕ стихтӕ ма ӕфтауа. Рӕстӕг куы амона, уӕд амынд стихтӕ ис бакӕсӕн кӕнӕ та дзы цы фыст ис, уый зӕгъӕн. Куы хъӕуа, уӕд-иу хъус ӕрдар, фӕлгӕты, «Туджы тыххӕй фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ног документ», зӕгъгӕ, цы хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ. Секретарь хъуамӕ батыхса, цӕмӕй «Дохтыртӕн мӕ фӕндамынд ӕмӕ ӕууӕнчы гӕххӕтт» (DPA) ӕмӕ «Уынаффӕтӕ, „Фӕндамынды“ гӕххӕтт куыд йедзаггӕнгӕ у, уый фӕдыл» аргъуыд хъусынгӕнджытӕй кӕй хъӕуой, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр уой, цӕмӕй сӕм ныхасы рӕстӕджы сӕ бон уа ӕркӕсын. Секретарь ма хъуамӕ йӕ хъус фӕдара, цӕмӕй «Удгоймаджы ӕвдисӕндар»-ы бланктӕ дӕр фаг уой.
10 мин. «Дӕ сывӕллонӕн йӕ бон бауыдзӕн ӕмбаргӕ уынаффӕ рахӕссын?»d. Ӕрмӕг ӕвзары хистӕр нӕлгоймаг. Статьяйы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр ӕрдзур. 2-ӕм абзацыл куы ӕрныхас кӕнат, уӕд радзур, 1991 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (уыр.) 16, 17 фӕрстыл 16, 17 абзацты ӕмӕ фӕлгӕты цы дыууӕ ӕрыгоны хабӕрттӕ ис, уыдон, ӕмӕ сӕ хабар афтӕ алыхуызон цӕмӕн рауад, уый бамбарын кӕн. Кӕроны ныййарджыты баразӕнгард кӕн, цӕмӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы уыцы статья ӕнӕхъӕнӕй бакӕсой ӕмӕ уыйфӕстӕ сӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕной, Библи туг бауадзыны тыххӕй цы фӕдзӕхсы, уый фӕдыл ӕмӕ фӕлваргӕ дӕр акӕной, искӕмӕн сӕ хъуыды куыд бамбарын кӕниккой. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕн сӕ бон уыдзӕн, цӕуыл ӕууӕндынц, ууыл ныфсджынӕй дзурын.
100 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
2 январӕй райдайгӕ къуыри
Фиппаинаг. Ӕмбырдтӕ 2 январӕй райдайгӕ къуырийы Хъусын кӕныны фембӕлд хъуамӕ раздӕр ма ауадзой, уыцы къуыри сӕм районон цӕстдарӕг ма уӕд, ӕндӕр. Облӕстон конгрессы фӕдыл статьяйыл хъуамӕ алы ӕмбырды дӕр ӕрдзурой, программӕйы кӕд у амынд, уӕд. Уыцы къуыри ӕмбырдӕн районон конгресс куы уа, уӕд чиныгахуыры цӕстдарджытӕ хъуамӕ радон чиныгахуыры рӕстӕджы сӕ къордтӕн фехъусын кӕной, облӕстон конгресс кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый. Чиныгахуыры цӕстдарджытӕм хъуамӕ уа «Цӕрӕнбынӕтты номхыгъд»-ы къопи, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕн сӕ бон уа уазӕгдзӕрӕнты телефоны номыртӕ рафыссын ӕмӕ рагацау бынӕттӕ ныззаказ кӕнын. Фӕлӕ уыцы номхыгъдӕй хъусынгӕнджытӕн сӕхицӕн къопитӕ кӕнӕн нӕй.
5 мин. Хъусинӕгтӕ.
20 мин. «Райхъал ут!»-ы цы фӕивта. Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ. Ӕрдзур, 2005 азы мартъийы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 1 фарсыл 5, 6 абзацты «Райхъал ут!»-ы ивындзинӕдты тыххӕй цы фыст уыди, ууыл. Афтӕ ма ӕрныхас кӕн, 2006 азы январы «Райхъал ут!»-ы 3, 4 фӕрстыл цы статья ис, «Нӕ журналкӕсджытӕм», зӕгъгӕ, ууыл дӕр. Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, журнал кӕсджыты ӕргом комкоммӕ Библимӕ куыд здахы, уымӕн. Хъусынгӕнджытӕн зӕгъ, цӕмӕй, журналы 31 фарсыл цы ивындзинад ис, уый тыххӕй сӕ хъуыдытӕ зӕгъой. Фыццаг хатт кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдонӕн, раздӕр куыд уыд, афтӕ дӕтдзыстӕм «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» иумӕ. Журналтӕ ӕдзух кӕмӕн фӕхӕссӕм, уыдонӕн та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕй иу «Райхъал ут!» дӕтдзыстӕм.
20 мин. «2006 азы облӕстон конгресс „Ирвӕзындзинад ӕввахс у“»e. Ӕрмӕг ӕвзары ӕмбырды секретарь. 1-аг абзацыл куы ӕрдзурай, уӕд бакӕс конгресмӕ хуынды фыстӕг (2005 азы 15 декабры ӕрвыст). Хъусынгӕнджыты се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кӕн, цӕмӕй конгресмӕ сӕхи гӕнӕн уӕвгӕйӕ раздӕр райдайой цӕттӕ кӕнын.
23 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дӕ раныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
b Дӕ раныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
c Дӕ раныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
d Дӕ раныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
e Дӕ раныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.