Фыстӕг Разамонӕг Советӕй
ЙЕСОЙАУ мах дӕр зӕрдиагӕй кувӕм Хуыцаумӕ: «Срухс уӕд дӕ ном». Ацы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый бӕрӕг у нӕ цардӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕст Хуыцауы ном зонын фаг нӕу. Йӕ ном кадджын кӕнынӕн мах хъуамӕ иу фадат дӕр ма уадзӕм. Ӕцӕгдӕр, махӕй алкӕмӕндӕр стыр кад у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном кӕй хӕссӕм, уый (Матф. 6:9; Ис. 43:10).
Псаломы 109:3 гӕсгӕ Йегъовӕйы адӕм зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц, цы куыст сын бахӕс кодта, уый. Цымӕ алы кары ӕмӕ алыхуызон уавӕрты цӕрӕг адӕм сӕхиуыл цӕуылнӕ ауӕрдынц хъусын кӕныны хъуыддаджы? Сӕйраджыдӕр, Хуыцауы кӕй уарзынц ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй сты, уый тыххӕй. Дыккаг закъоны 6:5, 6 фыст ис, Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй. Ахӕм уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ нӕ къух цӕмӕй амоны, уый ма ’вгъау кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн. Уымӕ та хауы, нӕ бон цас у, уыйбӕрц хъусын кӕнын.
Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нын дзуры, цӕмӕй йын йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕной ӕгас зӕххыл дӕр. Нӕ йӕ фӕнды искӕй мӕлӕт, фӕлӕ цӕмӕй алчидӕр йӕ хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕна, йе Сфӕлдисӕг Хуыцаумӕ раздӕха ӕмӕ цӕра (2 Пет. 3:9). «Мӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт нӕ фӕнды,– дзуры Йегъовӕ,– фӕлӕ цӕмӕй фыдгӕнӕг йӕ фӕндагӕй раздӕха ӕмӕ цӕра» (Иез. 33:11). Мах кӕй хъусын кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы уарзы. Уый нын нӕ циныл цин ӕфтауы ӕмӕ нӕ ныфсыл та – ныфс.
Йегъовӕйы тынг кӕй уарзӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, йӕ Ныхас Библимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй дӕр. Ӕнӕ Библийӕ мах Хуыцауы нӕ базыдтаиккам ӕмӕ йӕм нӕ баввахс уыдаиккам, Иаковы 4:8 нӕ уымӕ куыд хоны, афтӕ. Нӕ базыдтаиккам, цӕмӕн райгуырдыстӕм ӕмӕ нӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр. Стӕй ма нӕ базыдтаиккам, не ’ппӕт зындзинӕдтӕ нӕ рагфыдӕл Адамӕй кӕй цӕуынц (Ром. 5:12). Никуы базыдтаиккам Хуыцауы стыр уарзты тыххӕй дӕр – йӕ иунӕг Фырты мах сӕрвӕлтау нывондӕн кӕй ӕрхаста. Ӕмӕ ма нын бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты Йегъовӕ хай кӕны йе стыр зондӕй. Уӕдӕ дзы куыд бузныг стӕм йе стыр лӕварӕй, йӕ Ныхасӕй! Йӕ диссаджы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй рӕстӕг арӕм Библи кӕсынӕн, ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнынӕн (Еф. 5:15, 16; Пс. 1:1–3). Мах никуы ’вгъау кӕндзыстӕм нӕ рӕстӕг, цӕмӕй алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас кӕсӕм. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнддзӕн йӕ Ныхас кӕсын. Уый руаджы йӕ хуыздӕр базондзыстӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр бауарздзыстӕм.
Библийӕ базыдтам, Адам Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй йӕ цоты се ’ппӕты дӕр кӕуинаг уавӕрмӕ кӕй ӕркодта, хорзӕй сӕм кӕй ницыуал ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ Хуыцауы бон хъуыддаг сраст кӕнын уыд ӕмӕ уыцы зын уавӕрӕй фервӕзынӕн мадзал дӕр ссардта. Бацархайдта, цӕмӕй адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна (Райд. 3:15).
Махӕй алкӕйдӕр тынг фӕнды, нӕ Хуыцауы диссаджы ном кадджын кӕнын. Цас хуыздӕр зонӕм, Йегъовӕ цы диссаджы Хуыцау у, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн йемӕ ӕмӕ йӕ организациимӕ ӕмгуыст кӕнын – йӕ кадджын ном ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй хъусын кӕнын. Мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ абон райгонд кӕй у ӕмӕ нын кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ нӕ фидӕны дӕр, йӕ ног дунейы, йӕ хорзӕх кӕй уыдзӕн.
Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, мах, Разамонӕг советы ӕфсымӕрты, фӕнды зӕгъын, тынг уӕ кӕй уарзӕм. Стӕй ма уын бузныг зӕгъӕм, «стыр бӕллӕхы» размӕ ма цы гыццыл рӕстӕг баззад, уымӕй хорз кӕй пайда кӕнут, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнат (Рарг. 7:14). Афтӕмӕй сын сымах ӕххуыс кӕнут, кӕддӕр уӕхицӕн дӕр куыд баххуыс кодтой, афтӕ, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы базоной ӕмӕ сын фӕзына ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 17:3).
Уе ’фсымӕртӕ,
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет