Хуыцауы ныхас дзургӕйӕ, мацӕмӕй тӕрсут
1 Скъолайы кӕнӕ дын куысты дӕ уырнындзинады тыххӕй радзурыны фадат куы фӕзыны, уӕд, мыййаг, иуӕй-иу хатт ӕфсӕрмы фӕкӕныс? Зын дын вӕййы дӕ хӕстӕджытӕн, дӕ сыхӕгтӕн кӕнӕ та ӕнӕзонгӕ адӕмӕн хъусын кӕнын? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауы ныхас дзургӕйӕ, мацӕмӕй тӕрсӕм? (Фил. 1:14).
2 Ныфсджынӕй дзур. Не ’рдхорды кӕнӕ нын нӕ хиуӕттӕй искӕй фыдгой куы кӕной, уӕд йӕ сӕрыл нӕ рахӕцдзыстӕм? Махӕн нӕ хуыздӕр хӕлар у Йегъовӕ, ныр миназты дӕргъы йӕ фыдгой кӕнынц. Мах хъуамӕ стыр кадыл нымайӕм, нӕ бон кӕй у нӕ Хуыцауы тыххӕй хъусын кӕнын! (Ис. 43:10–12). Кӕд ӕфсӕрмы кӕнӕм кӕнӕ тӕрсӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзӕм, уый. Ахӕм уарзондзинады фӕрцы ныфсджынӕй дзурдзыстӕм Хуыцауы ныхас (Ап. хъ. 4:26, 29, 31).
3 Дӕ зӕрдыл дар: цы хабар хъусын кӕнӕм, уый у хорз хабар. Чи йын саргъ кӕна, уый ӕнустӕм цӕрдзӕн амондджынӕй. Уыцы хабар куыд ахсджиаг у, уый нӕ куы нӕ рох кӕна, ӕмӕ ӕфсӕрмы кӕй кӕнӕм кӕнӕ нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый нӕ куы нӕ къуылымпы кӕна, уӕд дзурдзыстӕм ныфсджынӕй.
4 Ныфсджын чи уыди, уыдон. Хуыцауы ныхас уӕндонӕй чи дзырдта, уыдоны цардыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд тынг бафидар вӕййӕм. Зӕгъӕм, Енох хъӕбатырӕй хъусын кодта Йегъовӕйы тӕрхоны тыххӕй ӕнӕхуыцау, тӕригъӕдджын адӕмӕн (Иудӕ 14, 15). Ной фидарӕй дзырдта, йӕ хабармӕ йын куыдфӕндыйы цӕстӕй чи каст, уыцы адӕмӕн (Матф. 24:37–39). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр зӕрдиагӕй хъусын кодтой, кӕд сӕм ахуырдзинад нӕ уыд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм уыдысты, стӕй сӕ кӕд тынг ӕфхӕрдтой, уӕд дӕр (Ап. хъ. 4:13, 18–20). Нӕ литературӕйы вӕййы, нӕ рӕстӕджы чи цӕры, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты царды хабӕрттӕ. Йегъовӕйыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц, уый руаджы сӕ бон сси хорз хабар ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын.
5 Махӕн дӕр ныфс дӕтдзӕн, раджы заманты стыр зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цардыл куы хъуыды кӕнӕм (3 Пад. 19:2, 3; Марчы 14:66–71). Уыдон «Хуыцауы фӕрцы сӕхимӕ уыйас ныфс ссардтой» ӕмӕ хъӕбатырӕй хъусын кодтой. Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ бон у ныфсджынӕй хъусын кӕнын! (1 Фес. 2:2).