Хуыцауы Ныхас ныфсджынӕй дзурут
1 Мах, чырыстӕттӕ, ӕмбарӕм, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ алчи зӕрдиагӕй кӕй нӕ хъусдзӕн (Матф. 10:14). Фӕлӕ нӕм кӕй нӕ байхъусынц, уый тыххӕй не уӕнг нӕ амӕлы ӕмӕ дарддӕр дӕр дзурӕм хорз хабар (Ӕмб. 29:25). Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?
2 Апостол Павел ӕмбӕрста, Йесо Чырыстийы тыххӕй зонындзинӕдтӕ куыд ахсджиаг сты, уый. Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй хъусын кодта (Фил. 3:8; 1 Фес. 1:5). Кӕд иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Павел цы хабар дзырдта, уый ӕнӕпайда ӕмӕ ӕнӕзонд у, уӕддӕр уый зыдта, «Хуыцауы тых [кӕй у] ирвӕзындзинадмӕ, алкӕцы ӕууӕндӕгӕн дӕр» (Ром. 1:16). Уӕдӕ кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр Павел «ныфсджынӕй дзырдта Хицауы тыххӕй» (Ап. к. 14:1–7, НТ; 20:18–21, 24).
3 Хъарутӕ кӕцӕй исӕм. Павел ныфсджынӕй уый тыххӕй нӕ дзырдта, ӕмӕ стыр тыхы хицау уыд. Мӕнӕ цы ныффыста Павел йӕхи тыххӕй ӕмӕ йе ’мбӕлццон Силӕйы тыххӕй: «Амӕй размӕ нӕ Филиппы бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр» (1 Фес. 2:2, НТ; Ап. к. 16:12, 37). Фӕстӕдӕр, Павел Ромы ахӕсты куы уыди, уӕд ӕфсымӕртӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй кувой уый тыххӕй ӕмӕ йӕ бон уа дарддӕр дӕр хорз хабар «хъусын кӕнын ныфсджынӕй» (Еф. 6:18–20, НТ). Ӕмӕ Павелӕн йӕ бон сси ныфсджынӕй дзурын Хуыцауы ныхас, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс йӕхи хъаруйыл нӕ дардта, фӕлӕ Иегъовӕйыл (2 Кор. 4:7; Фил. 4:13).
4 Афтӕ у абон дӕр. Иу ӕфсымӕрӕн зын уыди йе ’мкусджытӕн зӕгъын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый, ӕмӕ сын Хуыцауы тыххӕй дзурын. Фӕлӕ Иегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ сын райдыдта хъусын кӕнын. Фыццаг рӕстӕг ӕм йе ’мкусджытӕй иу нӕлгоймаг нӕ хъуыста, фӕлӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый куы базыдта, уӕд сразы Библи ахуыр кӕныныл. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕфсымӕр иу фадат дӕр никуыуал ауагъта ӕмӕ хъусын кодта. Фӕстӕдӕр йӕ ног куысты 14 азы дӕргъы йӕ бон сси баххуыс кӕнын 34 адӕймагӕн донаргъуыд райсын. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Иегъовӕ махӕн дӕр кӕй ратдзӕн уыцы хъару, ӕмӕ йын йӕ ныхас ныфсджынӕй дзурӕм (Ап. к. 4:29).