Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/00 1 ф.
  • Ныфсджынӕй хъусын кӕнут?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ныфсджынӕй хъусын кӕнут?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесойау ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Хуыцауы Ныхас ныфсджынӕй дзурӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Хуыцауы Ныхас ныфсджынӕй дзурут
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ ссарӕм
    2018–2019 азы районон конгрессы программӕ (районон цӕстдарӕгимӕ)
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 12/00 1 ф.

Ныфсджынӕй хъусын кӕнут?

1 Кӕд Петр ӕмӕ Иоанн ахст уыдысты ӕмӕ сӕм се знӕгтӕ ӕртхъирӕн кодтой, уӕддӕр ныфсджынӕй хъусын кодтой (Ап. к. 4:17, 21, 31). Ныфсджынӕй хъусын кӕнын абон махӕн цы нысан кӕны?

2 Ныфсджынӕй ӕвдисӕн кӕнӕм. Ныфсджын адӕймаг никӕмӕй тӕрсы, вӕййы хъӕбатыр ӕмӕ фидар. Ӕцӕг чырыстӕттӕн ныфсджынӕй хъусын кӕнын нысан кӕны ӕдӕрсгӕйӕ дзурын, фадат куы фӕзыны, уӕд (Ап. к. 4:20; 1 Пет. 3:15). Уый ма нысан кӕны, адӕймаг хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕй кӕй не ’фсӕрмы кӕны, уый дӕр (Пс. 118:46; Ром. 1:16; 2 Тим. 1:8). Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ хъӕуы ныфсджындзинад, цӕмӕй нын ацы фӕстаг рӕстӕджы Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕн цы хӕслӕвӕрд ис, уый сӕххӕст кӕнӕм. Уый нӕ разӕнгард кӕны адӕмимӕ ӕцӕгадыл алыран дӕр дзурынмӕ (Ап. к. 4:29; 1 Кор. 9:23).

3 Ныфсджындзинад скъолайы. Скъолайы дӕ хӕлӕрттӕн хъусын кӕнынӕй тӕрсыс кӕнӕ ӕфсӕрмы кӕныс? Хаттӕй-хатт уый ӕнцон нӕ вӕййы; гӕнӕн ис, ӕмӕ дын ӕцӕг фӕлварӕн дӕр суа. Фӕлӕ цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнай, уый тыххӕй куы кувай, уӕд дӕ Иегъовӕ бафидар кӕндзӕн (Пс. 137:3). Ныфсджын куы уай, уӕд сын дӕ бон суыдзӕн зӕгъын Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, ӕмӕ сын сӕ хынджылӕг ныхӕстӕ сфӕраздзынӕ. Уӕдӕ скъолайы куы хъусын кӕнай, уӕд уый, гӕнӕн ис, фервӕзын кӕна чи дӕм хъуса, уыдоны (1 Тим. 4:16).

4 Ныфсджындзинад куысты. Куысты йӕ зонынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ? Гӕнӕн ис, де ’мкусджытӕн сӕ бон ӕрмӕстдӕр дӕ фӕрцы у хорз уацхъуыд базонын. Ныфсджындзинад ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу куыстӕй дӕхи акурай ӕмӕ-иу чырыстон фембӕлдтӕм ӕмӕ конгрестӕм ацӕуай.

5 Ныфсджындзинад фӕлварӕнты. Ныфсджындзинад нӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы, ныхмӕлӕудыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд (1 Фес. 2:1, 2). Уый нын ӕххуыс кӕны нӕ уырнындзинадыл фидар хӕцынӕн, куы нӕ фӕтӕрсын кӕнынц, куы ныл фӕхудынц кӕнӕ нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, уӕд (Фил. 1:27, 28). Уый нын дӕтты тых, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, Иегъовӕ Хуыцауы нормӕтӕ нын куы халын кӕной, уӕд. Уый нын ӕххуыс кӕны сабырдзинад бахъахъхъӕнынӕн хылкъахӕн хъуыддӕгты (Ром. 12:18).

6 Цӕй ӕмӕ зындзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ дарддӕр дӕр хорз уацхъуыд ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм (Еф. 6:18—20).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын