Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2007 азы 30 апрелӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2007 азы 5 мартъийӕ райдайгӕ къуырийӕ 30 апрелӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Уадздзӕн ӕй Скъолайы цӕстдарӕг, 30 минуты дӕргъы. Фиппаинаг: фарсты фӕстӕ, дзуапп ын кӕм ис, уый амынд куы нӕ уа, уӕд дзуапп ссарынӕн дӕхи хъӕудзӕн ӕрмӕг бацагурын. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола», 36, 37 фф.)
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Раныхасӕн хуымӕтӕг пълан саразӕн куыд ис? (be 168 ф., 4 абз.).
2. Цавӕр цыппар мадзалы ис ӕрмӕг фӕд-фӕдыл раст равӕрынӕн? (be 170 ф., 3 абз. – 172 ф., 5 абз.).
3. Нӕ раныхасмӕ цы бахӕсдзыстӕм, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ, нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (be 173 ф., 2, 3 абз.).
4. Хи ныхӕстӕй дзурын хорз цӕмӕй у? (be 175 ф., 2–4 абз.).
5. Хуымӕтӕг ныхасы уагӕй дзурын ахсджиаг цӕмӕн у, ӕмӕ уый тыххӕй цы саразӕн ис? (be 179 ф., 4 абз., фӕлгӕт; 180 ф., фӕлгӕт).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Ӕфсымӕр куыд хъуамӕ цӕттӕ кӕна ахсджиаг хъуыдытӕ Библийӕ? (be 47 ф., 3, 4 абз.).
7. Чырыстийы нывонды руаджы цы арфӕдзинӕдтӕ исӕм, уыдонӕй ахсджиагдӕр цы у? (w05-U 1.11. 14 ф., 1 абз.).
8. Раныхасы пъланы цы стихтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнӕн куыд ис? (be 53 ф.,1, 2 абз.).
9. Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ Йесойы нысан цы уыд, ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмынын? (be 57 ф., 1 абз.).
10. Ахуыр кӕнгӕйӕ цыдӕр ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕрын хорз мадзал цӕмӕн у? (be 57 ф., 3, 4 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Йеремийы 6:16 цы уынаффӕ ис, уый нӕхимӕ куыд ахӕссӕм, ӕмӕ «рагон фӕндӕгтыл, фӕндаг раст кӕм у», ууыл куыд цӕуӕм?
12. Йегъовӕ мӕнгард дзуттӕгтӕн цӕстуынгӕ цӕвиттонӕн къадз цӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ уымӕй нӕ бон зондӕн райсӕн цы у? (Йер. 8:7).
13. Йеремийы 15:17 ирхӕфсӕнты тыххӕй цы зондзонӕн ис?
14. Адӕм Номдзыд Дурынгӕнӕг Йегъовӕйы къухты ӕлыджы хуызӕн куыд сты? (Йер. 18:5–11).
15. Йеремийы 25:17–26 адӕмтӕ куыд нымад цӕуынц, уый цымыдисаг цӕмӕй у?