Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/07 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 4/07 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

Литературӕ парахат кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ май: Журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕммӕ ногӕй куы цӕуай (Ӕрымысӕн изӕры кӕнӕ ӕндӕр фембӕлдты чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдты чи нӕ вӕййы, ахӕм адӕммӕ дӕр), уӕд-иу сын ратт чиныг «Библи цы дзуры», ӕмӕ архай Библийы ахуыр райдайыныл. Июнь: парахат кӕндзыстӕм чингуытӕ «Сфӕлдисӕг» кӕнӕ «Бинонты амонд». Июль: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.

◼ Апрелы мӕйӕ, 2007 азы облӕстон конгрессы плакеткӕтӕ ӕмбырдтӕм ӕрвыст ӕрцӕудзысты, заказ кӕнын сӕ нӕ хъӕудзӕн. Ӕмбырды фылдӕр плакеткӕтӕ куы хъӕуа, уӕд сӕ рафыссын хъӕуы литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Ӕмбырды искӕй плакеткӕ ӕвӕрӕнтӕ куы хъӕуа, уӕд сӕ хъӕуы рафыссын.

◼ Секретартӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, се ’мбырдты фаг кӕнынц ӕви нӕ бланктӕ «Заявление на общее пионерское служение» (S-205) ӕмӕ «Курдиат ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй» (S-205b). Рафыссӕн сӕ ис литературӕ заказгӕнӕн бланкыл (S-14). Уӕ бланктӕ ӕппынкъаддӕр афӕдзы фаг уӕддӕр хъуамӕ уой. Пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй курдиӕттӕ филиалмӕ куы ӕрвитат, уӕд-иу сӕм ӕркӕсут, цӕмӕй иууылдӕр кӕронмӕ дзаг уой.

◼ Филиалы хъуамӕ уой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарджыты ӕмӕ секретарты, стӕй ма хицӕн къордтӕн дзуапп чи дӕтты, уыдоны адристӕ ӕмӕ телефонты номыртӕ. Куыддӕр исты фӕива, афтӕ ӕмбырды комитет хъуамӕ байдзаг кӕна бланк «Изменение адреса председательствующего надзирателя/изменение фамилии секретаря» (S-29) ӕмӕ йӕ филиалмӕ арвита. Уый ма хауы, телефоны код куы фӕива, уымӕ дӕр.

◼ Ӕндӕр бӕстӕмӕ балцы куы цӕуай ӕмӕ уым ӕмбырды фембӕлдтӕм, районон кӕнӕ облӕстон конгресмӕ цӕуынвӕнд куы кӕнай, уӕд дӕ уыцы фембӕлдты бынат ӕмӕ рӕстӕг базонынӕн фыстӕг фыссын хъӕуы уыцы бӕстӕйы филиалмӕ. Филиалты адристӕ ссарӕн ис ацы азы «Ӕрвылазон чиныджы» (уыр.) фӕстаг фарсыл.

◼ Фӕстаг рӕстӕг филиал пайда кӕны абонентски асыккӕй. Филиалмӕ куы фыссат, уӕд къонвертыл хъӕуы ныффыссын: «Свидетели Иеговы, а/я 182 Почтамт, Санкт-Петербург, 190 000». Фӕнысан-иу кӕнут, цы хайадмӕ йӕ ӕрвитут, уый. Кӕд ӕй филиалы лӕггадгӕнджытӕй искӕмӕ ӕрвитут, уӕд та, уӕ хорзӕхӕй, къӕлӕтты фыссут йӕ мыггаг, ном ӕмӕ фыды ном.

◼ 2007 азы 4 ӕмӕ 5 майы, майрӕмбон ӕмӕ сабаты, филиал ӕхгӕд уыдзӕн, ӕфснайгӕ кӕй кӕндзысты, уый тыххӕй. Уыцы бонты дзы экскурситӕ нӕ уыдзӕн, нӕдӕр ӕмбырдтӕн литературӕ дӕтдзысты.

◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 2005 азы 22 октябры горӕт Ессентукийы (Стъарапъолы край), 2005 азы 3 декабры поселок Чунскийы (Иркутскы облӕст), 2006 азы 26 мартъийы станицӕ Выселкийы (Краснодары край), 2007 азы 6 январы горӕт Воскресенскы (Мӕскуыйы облӕст) ӕмӕ Кирово-Чепецкы (Кировы облӕст). Программӕмӕ байхъуыста 179, 154, 115, 115 ӕмӕ 156 адӕймаджы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын