Хъусинӕгтӕ
Литературӕ парахат кӕнынӕн. Сентябрь: Чиныг «Библи цы дзуры». Бацархай искӕимӕ фыццаг бацыдӕй Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Кӕд адӕймагмӕ ацы чиныг ис, уӕд ын цыбыртӕй равдис, куыд ис Библи ахуыр кӕнӕн. Октябрь: Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймагӕн-иу ратт трактат «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?» ӕмӕ-иу ыл ӕрныхас кӕн, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Ноябрь: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг куы зӕгъа, сывӕллӕттӕ мын нӕй, зӕгъгӕ, уӕд ын раттӕн ис брошюрӕ «Чиныг алкӕмӕндӕр».
◼ Сентябры фондз сабат ӕмӕ фондз хуыцаубоны кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ уый хорз фадат у ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнынӕн.
◼ Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕркӕсой 1991 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 21–23 фӕрстыл (уыр.) лӕвӕрд уынаффӕтӕм; уыдон хауынц, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ ӕмбырд чи ныууагъта, ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхын кӕй фӕнды, уыдонмӕ.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 7 апрелы Славгороды (Алтайы край), 28 апрелы Фрязинойы (Мӕскуыйы облӕст), 4 майы Заинскы (Татарстан), 5 майы Братск ӕмӕ Вихоревкӕйы (Иркутскы облӕст) ӕмӕ 14 майы Курагинойы (Красноярскы край).