Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстытӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2007 азы 27 августӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2007 азы 2 июлӕй райдайгӕ къуырийӕ 27 августӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг 30 минуты дӕргъы.
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД
1. Уацамынды ӕмӕ ӕмбырды адӕмӕн кӕй кад кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? (be 192 ф., 2–4 абз.).
2. Фидарӕй дзурын цӕмӕн хъӕуы? (be 196 ф., 1–3 абз.).
3. Цавӕр уынаффӕтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕздан уӕм хъусын кӕнгӕйӕ? (be 198 ф., 1–5 абз.).
4. Цыдӕр зӕгъын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уый зонын дӕр уӕздандзинадмӕ куыд хауы? (Ӕмб. 25:11) (be 199 ф., 1–3 абз.).
5. Нӕ ныхас зӕрдӕрухсы хос кӕд уыдзӕн? (be 203 ф., 3 абз.–204 ф., 1 абз.).
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД
6. Цы зӕгъӕн ис, Иезекилы чиныг чи ныффыста, уый тыххӕй, ӕмӕ ӕцӕгдӕр Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй ӕрцыд ӕмӕ дзы дзырд ӕцӕг хабӕрттыл кӕй цӕуы, уый тыххӕй? (bsi07 6 ф., 3 абз.).
7. Уӕлдай тынгдӕр цавӕр миниуӕг хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг хӕрам хъуыддӕгтӕн фӕраза? (w05-U 1.6. 29 ф., 4 абз.).
8. Йесо саддукейтӕн райгасдзинады тыххӕй цы дзуапп радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Лук. 20:37, 38) (be 66 ф., 4 абз.).
9. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый кӕнӕ та дӕ не ’муырнджытӕй исчи куы бафӕрса, ахӕм ӕмӕ ахӕм уавӕры бахаудтӕн, ӕмӕ цы бакӕнон, зӕгъгӕ, уӕд ын цы зӕгъдзынӕ? (be 69 ф., 4, 5 абз.).
10. Куыд ӕмбаргӕ у, «уӕ зонд уын цы тых разӕнгард кӕны», уый хъуамӕ ног кӕна, зӕгъгӕ? (Еф. 4:23) (be 74 ф., 4 абз.).
БИБЛИ ӔРВЫЛКЪУЫРИ КӔСЫН
11. Иезекилы 9:2–4 кӕттаг дарӕсы чи уыд, уыцы адӕймаг кӕй ӕвдисы ӕмӕ «ныхтыл нысан кӕй ӕвӕры», уый цӕмӕ амоны? (w89-U 15.2. 11 ф., 18 абз.).
12. Иезекилы 13:3 гӕсгӕ, ацы дунейы чырыстон дины разамонджытӕ, «сӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыцы ӕнӕзонд пехуымпарты» хуызӕн куыд сты? (w99-OSS 1.10. 24 ф.).
13. Иезекилы 18:2 «цы ӕмбисонд» ис, уымӕ гӕсгӕ израилӕгты зӕрды цы уыд? Цы ис зондӕн райсӕн, алчидӕр йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп кӕй дӕтдзӕн, уымӕй? (w89-U 15.2. 18 ф., 10 абз.).
14. Куыд ӕмбаргӕ у, ӕмӕ Иезекил ӕгомыг кӕнӕ къуыттыйы хуызӕн сси, вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл куы ӕртыхстысты ӕмӕ йӕ куы ныппырх кодтой, уӕд? (Иез. 24:27; 33:22) (w03-U 1.12. 29 ф.).
15. Чи у «Гог Магогы зӕххӕй» ӕмӕ кӕд сфӕнд кӕндзӕн Йегъовӕйы адӕмы фесафын? (Иез. 38:2, 16) (w97-U 1.3. 14, 15 фф.).