Библийы 26 чиныг – Иезекил
Ныффыста йӕ: Иезекил
Кӕм ӕрцыд фыст: Вавилоны
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 591 азмӕ ӕв.
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 613–591 азмӕ ӕв.
ИУДӔЙЫ паддзах Иехони н. э. агъоммӕ 617 азы Иерусалим Навуходоносоры къухмӕ радта. Навуходоносор Иудӕйы номдзыд адӕмы Вавилонмӕ уацары акодта, стӕй ма Йегъовӕйы кувӕндоны ӕмӕ паддзахы хӕдзары цы хӕзнатӕ уыд, уыдон дӕр ахаста. Уыцы уацайрӕгты ’хсӕн уыдысты паддзах, йӕ бинонтӕ ӕмӕ кънйӕзтӕ; хъӕбатыр, тыхджын хӕстонтӕ; ӕрмдӕснытӕ ӕмӕ амайджытӕ, семӕ уыд Иезекил дӕр, сауджын Вузийы фырт (4 Пад. 24:11–17; Иез. 1:1–3). Сӕргуыбырӕй, фӕлладӕй ӕрхӕццӕ сты ацы уацайрӕгтӕ, хӕхтӕ, суадӕттӕ ӕмӕ кӕмттӕ цы бӕстӕйы ис, уырдыгӕй уыцы ӕнӕкӕрон тыгъд быдыртӕм. Ныр цардысты Ховары цӕугӕдоны цур, хъомысджын паддзахадӕн йӕ тӕккӕ артдзӕсты, сӕ алыварс – ӕнахуыр ӕгъдӕуттыл хӕст ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм. Навуходоносор израилӕгтӕн бар радта, цӕмӕй сын уыдаид хӕдзӕрттӕ, ӕххуырстытӕ, ӕрмгуыст ӕмӕ базар кодтаиккой (Иез. 8:1; Йер. 29:5–7; Езд. 2:65). Зӕрдиагӕй куы куыстаиккой, уӕд цух ницӕмӕй ӕййӕфтаиккой. Фӕлӕ цымӕ сӕхи Вавилоны динӕй счъизи кӕндзысты ӕмӕ мулкыл нӕ бафтдзысты? Цымӕ ма Йегъовӕйы ныхмӕ цӕудзысты? Уацары сӕ кӕй акодтой, уымӕй сӕ Йегъовӕ кӕй бафхӕрдта, уый бамбардзысты? Уӕвгӕ, уацары сӕм ӕнхъӕлмӕ каст ног фӕлварӕнтӕ.
2 Уыцы уӕззау азты, суанг Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕдмӕ дӕр ахӕм рӕстӕг никуы уыди, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕммӕ пехуымпарты ма ӕрвыстаид. Йереми баззад Иерусалимы, Данел уыд Вавилоны паддзахы галуаны, Иезекил та уыд пехуымпар, Вавилоны уацары чи уыди, уыцы иудейтӕн. Иезекил уыд сауджын дӕр ӕмӕ пехуымпар дӕр, афтӕ ма лӕггад кодта Йереми, фӕстӕдӕр та Захари дӕр (Иез. 1:3). Иезекил йӕ чиныджы ӕдӕппӕтӕй 90 хатты хуынд цӕуы «адӕймаджы фырт»; уый бафиппаинаг у, уымӕн ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты Йесо дӕр иу-80 хатты хуыйны «Адӕймаджы Фырт» (Иез. 2:1; Матф. 8:20). Иезекилы ном (дзуттагау Йехезкел) нысан кӕны «Хуыцау фидар кӕны». Йегъовӕ Иезекилы пехуымпарӕй снысан кодта н. э. агъоммӕ 613 азы, уӕд Иоаким уацары уыд фӕндзӕм аз. Чиныджы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй ма Иезекил лӕггад кодта, Иудӕ уацары 27-ӕм азы куы уыд, уӕд дӕр, ома 22 азы фӕстӕдӕр (Иез. 1:1, 2; 29:17). Уыдис ын ус, фӕлӕ Навуходоносор Иерусалимыл фӕстаг хатт цы бон ӕрхъула кодта, уыцы бон амард (24:2, 18). Йӕхӕдӕг кӕд ӕмӕ куыд амарди, уый бӕрӕг нӕу.
3 Иезекилы ном цы чиныг хӕссы, уый йӕхӕдӕг кӕй ныффыста ӕмӕ ӕцӕгдӕр Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй ӕрцыд, уый дызӕрдыггаг никуы уыди. Ездрӕйы рӕстӕджы хаст ӕрцыд Сыгъдӕг Фыстытӕм, ӕмбӕлы ма, рагон чырыстӕтты заманы цы Фыстыты номхыгъдтӕ уыд, уым дӕр, зӕгъӕм, Ориген цы Сыгъдӕг Фыстыты номхыгъд сарӕзта, уым. Ӕцӕг хабӕрттыл дзы кӕй цӕуы дзырд, уый ма бӕлвырд кӕны, цы фӕлгонцтӕ дзы ис, уыдон, Йереми ӕмӕ Раргомады чиныджы фӕлгонцтимӕ ӕмхуызон кӕй сты, уымӕй дӕр (Иез. 24:2–12 – Йер. 1:13–15; Иез. 23:1–49 – Йер. 3:6–11; Иез. 18:2–4 – Йер. 31:29, 30; Иез. 1:5, 10 – Рарг. 4:6, 7; Иез. 5:17 – Рарг. 6:8; Иез. 9:4 – Рарг. 7:3; Иез. 2:9; 3:1 – Рарг. 10:2, 8–10; Иез. 23:22, 25, 26 – Рарг. 17:16; 18:8; Иез. 27:30, 36 – Рарг. 18:9, 17–19; Иез. 37:27 – Рарг. 21:3; Иез. 48:30–34 – Рарг. 21:12, 13; Иез. 47:1, 7, 12 – Рарг. 22:1, 2).
4 Чиныджы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис, уый ма бӕлвырд кӕны, Иезекил сӕ сыхаг бӕстӕты, ома Тир, Египет ӕмӕ Едомы тыххӕй цы загъта, уыцы пехуымпарӕдтӕ диссаджы хуызы кӕй сӕххӕст сты. Цӕвиттон, Иезекил дзырдта, Тир кӕй ныппырх кӕндзысты, ӕмӕ уый, зӕгъӕн ис, сӕххӕст, Навуходоносор 13 азы размӕ кӕуыл ӕрхъула кодта, уыцы сахар куы бацахста, уӕд (Иез. 26:2–21). Фӕлӕ уӕд Тир бынтондӕр нӕ фесӕфт. Ӕмӕ йын Йегъовӕ та ахӕм тӕрхон рахаста, зӕгъгӕ, Тирӕй дур-дурыл нал баззайдзӕн. Уый загъта Иезекилы уылты: «Зӕххы ӕмвӕз ӕй скӕндзынӕн ӕмӕ йӕ айнӕг къӕдзӕхау слӕгъз кӕндзынӕн... Дӕ дуртӕ, дӕ хъӕддзаума ӕмӕ дын дӕ сыджыт доны ныккалдзысты» (26:4, 12). Уыдон иууылдӕр сӕххӕст сты, 250 азӕй фылдӕр куы рацыд ӕмӕ Македойнаг Алыксандр, Тирӕн йӕ иу хай цы сакъадахыл уыд, ууыл куы ӕрхъула кодта, уӕд. Алыксандры ӕфсӕддонтӕ сахарӕн йӕ сурзӕххы хайы пырхӕнтӕ рахафтой, денджызы сӕ ныккалдтой ӕмӕ афтӕмӕй 800 метры дӕргъӕн быру сарӕзтой суанг сакъадахы онг. Уый фӕстӕ, цы ӕнахуыр мигӕнӕн сарӕзтой, уымӕй 46 метры бӕрзӕндӕн систӕ батыдтой, ӕмӕ н. э. агъоммӕ 332 азы сахар бацахстой. Мингӕйтты амардтой, уымӕй фылдӕр та ауӕй кодтой. Куыддӕриддӕр Иезекил загъта, афтӕ Тир сси «айнӕг къӕдзӕхау лӕгъз ӕмӕ кӕсагахсӕн хызтӕ сургӕнӕн бынаты хуызӕн» (26:14)a. Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ иннӕ фарс та мӕнгард идумейӕгтӕ цагъды фесты, ӕмӕ уымӕй дӕр сӕххӕст Иезекилы пехуымпарад (25:12, 13; 35:2–9)b. Иерусалим кӕй ныппырх уыдзӕн ӕмӕ Израил фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый тыххӕй Иезекил цы загъта, уый дӕр, куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй сӕххӕст ис, фыст куыддӕриддӕр уыди, афтӕ (17:12–21; 36:7–14).
5 Иезекил пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд фыццаг азты хъусын кодта, Хуыцауы тӕрхӕттӕ мӕнгард Иерусалимыл кӕй сӕххӕст уыдзысты ӕмӕ уацары чи уыд, уыцы адӕмы фӕдзӕхста мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй (14:1–8; 17:12–21). Уацайраг иудейтӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ не ’рфӕсмон кодтой. Сӕ бӕрнон лӕгтӕ-иу Иезекилмӕ уынаффӕмӕ ӕрбацыдысты, фӕлӕ сын Иезекил Йегъовӕйы номӕй цы дзырдта, уымӕ сӕ хъус нӕ дардтой. Дарддӕр дӕр мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ сӕ мӕт, сӕ сагъӕс уыди мулк. Сӕ кувӕндон, сӕ сыгъдӕг сахар ӕмӕ сӕ паддзӕхты мыггаг кӕй фесӕфтой, уый сын арвы цӕфау уыди, фӕлӕ уый фӕстӕ дӕр ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ разындысты сӕрныллӕг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодтой (Пс. 136:1–9).
6 Фӕстӕдӕр Иезекил йӕ пехуымпарӕдты сӕйраджыдӕр дзуры, Иудӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уыцы ныфсыл. Дзырдта ма, Иудӕйы кӕй басастой, ууыл чи цин кодта, уыцы сыхаг адӕмты тыххӕй дӕр. Уыдон кӕй фегад уыдаиккой ӕмӕ Израил та йӕ къахыл кӕй слӕууыдаид, уый Йегъовӕйы сӕ цӕсты скадджын кодтаид. Иудзырдӕй, Иудӕйы адӕмы уацары кӕй акодтой ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхтысты, уымӕн йӕ нысан уыд ахӕм: «Иудейтӕ дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр базондзысты, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн» (Иез. 39:7, 22). Йегъовӕйы ном кӕй скадджын уыдзӕн, уыцы хъуыды ирдӕй зыны чиныджы сӕрӕй кӕронмӕ, 60 хаттӕй фылдӕр дзы ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ: «Сымах базондзыстут [кӕнӕ уыдон базондзысты], ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн, уый» (6:7).
ЦЫ ПАЙДА У
29 Йегъовӕ Иезекилӕн цы тӕрхӕттӕ, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтӕ радта, уыдон иууылдӕр хаудысты, уацары чи уыд, уыцы иудейтӕм. Кӕд пехуымпарыл бирӕтӕ худтысты ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой, уӕддӕр ын иуӕй-иутӕ йӕ ныхӕстыл ӕууӕндыдысты. Ӕмӕ сын уый стыр ахъаз фӕци. Иудӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрдӕй фӕфидар сты. Уацары ма чи уыд, уыцы адӕмтӕй уӕлдай уыдон се ’гъдӕуттӕ бахъахъхъӕдтой. Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, иудейтӕй чи баззад, уыдоны н. э. агъоммӕ 537 азы сӕ зӕхмӕ раздӕхта (Иез. 28:25, 26; 39:21–28; Езд. 2:1; 3:1). Уыдон ногӕй сарӕзтой Йегъовӕйы кувӕндон ӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кодтой раст дин.
30 Иезекилы чиныджы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон абон махӕн дӕр тынг ахсджиаг сты. Адӕймаг Хуыцауӕй куы аздӕха, мӕнгхуыцӕуттӕн куы кува ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд ӕй Йегъовӕйы фыдӕх баййафдзӕн (Иез. 6:1–7; 12:2–4, 11–16). Алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ратдзӕн дзуапп, фӕлӕ чи ’рфӕсмон кӕна, уымӕн Йегъовӕ ныббардзӕн. Ахӕм адӕймаг Хуыцауы хорзӕх ссардзӕн ӕмӕ цӕрдзӕн (18:20–22). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ Иезекилау уой иузӕрдион, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ, кӕд сын уӕззау хӕслӕвӕрдтӕ ис, ӕмӕ сыл худынц кӕнӕ сӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр. Мах хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй фыдгӕнджыты бафӕдзӕхсӕм ӕмӕ сӕ туг махыл ма уа (3:17; 33:1–9). Хуыцауы адӕмы фыййӕуттыл дӕр стыр хӕс ис – дзугыл аудын (34:2–10).
31 Иезекилы чиныджы бафиппаинаг сты Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ. Фыст дзы ис, уый кӕй у, Давиды паддзахбадӕн райсыны «бар кӕмӕн ис» ӕмӕ лӕвӕрд кӕмӕн хъуамӕ ӕрцӕуа, уый. Дыууӕ раны йӕ хоны «мӕ лӕггадгӕнӕг Давид», стӕй ма «фыййау», «паддзах» ӕмӕ «кънйаз» дӕр (21:27; 34:23, 24; 37:24, 25). Давид уыцы рӕстӕгӕй бирӕ раздӕр кӕй амарди, уымӕ гӕсгӕ Иезекил кодта, Давиды Фырт дӕр ӕмӕ йӕ Хицау дӕр чи уыд, уый кой (Пс. 109:1; Матф. 22:42–45). Исайау Иезекил дӕр дзуры, Йегъовӕ бӕрзонд бынаты тасаг тала кӕй ныссадздзӕн, ууыл (Иез. 17:22–24; Ис. 11:1–3).
32 Цымыдисаг у абарын, Иезекилы чиныджы кувӕндоны тыххӕй цӕстылуайӕн ӕмӕ Раргомады «Иерусалимы сыгъдӕг сахары» тыххӕй цӕстылуайӕн (Рарг. 21:10). Кӕрӕдзийӕ цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕнынц. Зӕгъӕм, Иезекилы цӕстылуайӕны кувӕндон лӕууы хицӕнӕй ӕмӕ сахары цӕгатварс, Раргомады та сахары кувӕндон амоны Йегъовӕмӕ. Фӕлӕ, дыууӕ цӕстылуайӕны дӕр кувӕндонӕй цӕуы царды цӕугӕдон, йӕ алыварс бӕлӕстӕ, алы мӕй дӕр, дзӕбӕх чи кӕны, ахӕм сыфтӕр ӕмӕ дыргътӕ чи дӕтты. Стӕй дыууӕ кувӕндоны дӕр ис Йегъовӕйы кад. Дыууӕ цӕстылуайӕны дӕр разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы хицаудзинады тыххӕй ӕмӕ, йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзындзинадӕн цы аразы, уый тыххӕй бузныг уӕм (Иез. 43:4, 5 – Рарг. 21:11; Иез. 47:1, 8, 9, 12 – Рарг. 22:1–3).
33 Иезекилы чиныджы сӕйраг хъуыды у, Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уый. Ӕмбарын нын кӕны, ӕппӕты ахсджиагдӕр Йегъовӕйы ном кадджын кӕнын кӕй у. «„Ӕз скадджын кӕндзынӕн ме стыр ном... ӕмӕ адӕмтӕ базондзысты, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн“,– дзуры Дунескӕнӕг Хуыцау Йегъовӕ». Пехуымпарадӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау йӕ ном скадджын кӕндзӕн, Гогы Магогы зӕххӕй, ӕмӕ йын чидӕриддӕр йӕ ном чъизи кӕны, уыдоны куы фесафа, уӕд. Зондджын сты, абон Йегъовӕйӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ чи лӕггад кӕны, уыдон. Афтӕмӕй йын йӕ ном кадджын кӕнынц. Уыдон, Хуыцауы кувӕндонӕй цы цӕугӕдон цӕуы, уый фӕрцы сдзӕбӕх уыдзысты ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты. Цӕй диссаджы рӕсугъд ӕмӕ цӕй кадджын у уыцы сахар, «Йегъовӕ ис уым», зӕгъгӕ, чи хуыйны, уый! (Иез. 36:23; 38:16; 48:35).
[Фиппаинӕгтӕ]
a «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 531, 1136 фф. (англ.).