Нӕ фидар уырнындзинад бӕрӕг уӕд!
1. Цавӕр зындзинӕдты тыххӕй дзырдта Йесо?
1 Йесо йе ’рцыды ӕмӕ ацы цардӕвӕрды кӕроны тыххӕй куы дзырдта, уӕд ӕм апостолтӕ лӕмбынӕг хъуыстой. Адӕм стыр зындзинӕдтӕ ӕййафдзысты: уыдзӕн хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ фыднизтӕ. Стӕй Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй адӕм се сӕфт кӕй уындзысты, фыдӕвзарӕнты хай сӕ кӕй кӕндзысты ӕмӕ сӕ кӕй мардзысты. Фӕзындзӕн бирӕ мӕнг пехуымпартӕ, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн.
2. Ӕгас дунейы дӕр хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый диссаг цӕмӕн у?
2 Уыцы хабӕрттӕ ранымайгӕйӕ, Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр, уӕд апостолтӕ куыннӕ бадис кодтаиккой (Матф. 24:3–14). Абон мах уынӕм, уыцы диссаджы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый. Кӕд тӕссаг рӕстӕг цӕрӕм, уӕддӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм хорз хабар. Ӕмӕ кӕд ӕгас дунейы дӕр адӕмӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал, уӕд махӕн та нӕ уарзондзинад ноджы тыхджындӕр кӕны. Стӕй нӕ кӕд «ӕппӕт адӕмтӕ» дӕр нӕ уарзынц, уӕддӕр алы адӕмыхаттӕн дӕр хъусын кӕнӕм.
3. Ӕппӕтдунеон хыгъды цы нымӕцтӕ ис, уыдонӕй дӕ цы бафидар кодта?
3 Куыд бафидар стӕм, фарон нын нӕ лӕггады цы бантыст, уымӕ куы ’ркастыстӕм, уӕд! (3–6 фӕрстӕ). 16 азы дӕргъы алы аз дӕр хъусын кӕныныл ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл бахардз кӕнӕм иу миллиард сахатӕй фылдӕр. Уымӕй бӕрӕг у нӕ фидар уырнындзинад. Пионерты нымӕц фӕфылдӕр 5,8 проценты, хъусынгӕнджыты – 3,1 проценты, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны нымӕц та – 4,4 проценты. Фарон донаргъуыд чи райста, уыдон та, ӕндӕразимӕ абаргӕйӕ, фӕфылдӕр сты 20,1 проценты. Куыд ӕхсызгон у, 7 милуаны бӕрц адӕм Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕны! Дӕу та ацы азы хыгъдӕй тынгдӕр цы бафидар кодта?
4. Иу нӕлгоймаг цы сарӕзта, цӕмӕй донаргъуыд райстаид?
4 Кӕд хыгъды стыр нымӕцтӕ уынӕм, уӕддӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа, уыцы нымӕцтӕ кӕй ӕвдисынц, сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдисы, ахӕм адӕмы. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Гильермо райгуырд 1935 азы Боливийы ӕмӕ 9-аздзыдӕй райдыдта кокаины быдырты кусын. Гыццылӕй фӕцахуыр кокаины сыфтӕ ӕууилыныл, цӕмӕй йӕм йӕ уӕззау куыст ӕнцондӕр кастаид. Фӕстӕдӕр та бафтыд нозтыл ӕмӕ ма тамако дымын дӕр райдыдта. Гильермо куы базыдта Йегъовӕйы закъӕттӕ, уӕд йӕ тамако ныууагъта, уый фӕстӕ та йӕ нуӕзт дӕр. Фӕлӕ йын ӕппӕты зындӕр уыд, цӕрӕнбонты цӕуыл ахуыр уыд, уый ныууадзын – кокаины сыфтӕ ӕууилын. Ӕдзухдӕр куывта ӕмӕ йӕ бон сси уыцы ӕвзӕр ахуыр ныууадзын. Йӕ цард фӕивта ӕмӕ донаргъуыд райста. «Ныр мӕ цӕсгом у сыгъдӕг ӕмӕ дӕн тынг амондджын»,– загъта Гильермо.
5. Цы дӕ фӕнды аразын?
5 Йегъовӕйӕн адӕм тынг зынаргъ сты. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕрфӕсмон кӕной (2 Пет. 3:9). Уый фӕнды мах дӕр. Цӕй уӕдӕ, нӕ бон цы у, уый дарддӕр дӕр аразӕм, цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонын ӕмӕ йӕ бауарзынӕн.